Уæрæсейы Президент Владимир Путин йæ къух æрæвæрдта ныййарæджы капиталы программæ уæрæхгæнæг закъоны. Документ ныммыхуыр кодтой барадон хъусынгæнинæгты сæрмагонд сайты.

Ацы аз январы паддзахады разамонæг йæ Æрвыстæджы бахаста ныййарæджы капиталы архайды æмгъуыдыл бафтауыны, фыццаг сывæллоны тыххæй сертификат дæттыны, стæй дыууæ сывæллонимæ бинонтæн фиддоны бæрцыл бафтауыны фæндæттæ.

Амынд закъон ныййарæджы капиталы архайды æмгъуыд адарддæр кодта 2026 азы 31 декабры онг йе ‘рвылазон компенсациимæ. Ацы азы 1 январæй фæстæмæ фыццаг сывæллон кæмæн райгуыра (кæнæ йæ хъомыл кæнынмæ чи райса), уыцы бинонтæн ныййарæджы капитал бафиддзысты 466617 сомы. Дыккаг æмæ уымæй фылдæр сывæллæттæ кæмæн райгуыра (кæнæ сæ хъомыл кæнынмæ чи райса), уыцы бинонтæн та бафиддзысты 616617 сомы.

– Закъонмæ хаст ивддзинæдты фæрцы бинонтæн уыдзæн ныййарæджы капиталы хардзæй сæ ахсджиагдæр хъуыддæгтæ алыг кæныны фадат (зæгъæм, цæрæнуæттæ аразыны, уыимæ, дыргъдæтты æмæ цæхæрадæтты дæр). Фидаргонд ногдзинæдты фæрцы адæм социалон æххуысы мадзалæй пайда кæндзысты нырæй парахатдæрæй, – зæгъы Федерацийы Советы Сæдары хæдивæг Галина Карелова.

Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы аз милуан бинонтæй фылдæр райсдзысты фыццаг æмæ дыккаг сывæллонæн æмбæлгæ фæрæзтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.