Ахуыры азы кæронмæ кæд нырма дзæвгар рæстæг ис, уæддæр бирæ ныййарджытæ агурынц, сæ кæстæртæн уæлæмхас зонындзинæдтæ чи ратдзæн, ахæм ахуыргæнджыты. Репетиторты лæггæдтæй фæстаг рæстæджы фылдæр адæм пайда кæныныц. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм лæггæдтæн та сæ аргъ чысыл нæу.

Скъолайы фæстæ хæдзармæ нæ, фæлæ ахуыргæнæгмæ. Куыддæр иуæндæсæм къласы ахуыргæнинаг Дриаты Ацæмæзæн йæ уроктæ фæвæййынц, афтæ фæтагъд кæны иннæ ахуырмæ. Нæй афтæ зæгъæн, æмæ уыйбæрц ахуыр кæнын лæппуйы хъæуы, кæй нæ арæхсы, уый тыххæй. Ацæмæз йæхицæн нысанæн æрæвæрдта, йæ аттестаты кæй уыдзæн æрмæстдæр иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Фæлæ абоны дуджы домæнтæм гæсгæ, æрмæст хорз аттестат фаг нæу.

Зæгъæн ис, æмæ нæ республикæйы иуæндæсæм къласы алы ахуырдзауæн дæр ис репетитор. Фæсивæды фидарæй уырны, æнæ репетиторты æххуысæй сæ бон кæй нæ бауыдзæн  фæлварæнтæ раттын. Фæлæ се ‘ппæт афтæ нæ хъуыды кæнынц. Гаглойты Мария ахуыр кæны иттæг хорз нысæнттыл, йæ уарзон предмет у математикæ. Репетитортæ йæ нæ хъæуы. Фæлæ Марияйы хуызæн ахуырдзаутæ бирæ не сты.

Ис ахæм фарста – цæмæннæ хъуамæ радтой ахуырдзаутæ сæ фæлварæнтæ скъолайы зонындзинæдты бындурыл? Цæмæн бахъæуы сывæллæтты цæуын репетитортæм? Алкæмæн дæр ис йæхи аххосаг. Ахуыргæнджыты ныхæстæм гæсгæ, арæх афтæ рауайы, æмæ скъолайы цы зонындзинæдтæ дæттынц, уыдон фаг нæ вæййынц, цæмæй скъоладзаутæ иттæг хорз æмæ æнцонтæй радтой фæлварæнтæ. Арæх вæййы афтæ, æмæ ныййарджытæ  сæ цоты хъарутыл зæрдæ нæ дарынц, афтæмæй ссарынц репетитортæ.   Репетитортæм кæй цæуынц сывæллæттæ, уый кæнынц, скъолайы сæ куыд  æмбæлы,  афтæ  кæй  нæ ахуыр кæнынц, уый аххос.

Скъолаты уагъд цæуынц æнæаргъ уроктæ, æмæ ахуыргæнджытæ ахуырдзаутимæ æвзарынц рауагъдон фæлварæнты хæслæвæрдтæ. Закъонмæ гæсгæ, скъолаты хицæн уроктæ æхцайы фæрæз-тыл уадзæн нæй. Репетиторты ныййарджытæ ссарынц кæрæдзийы фæрсгæйæ.

Раздæры ахуырадон системæ афтæ конд уыд, æмæ алкæмæн дæр йæ бон уыд астæуккаг скъолайы  фæстæ  бацæуын  уæлдæр  ахуыргæнæндæттæм.

Кæй зæгъын æй хъæуы, репетитортæм цæуын пайда у,   фæлæ скъоладзау йæхæдæг дæр хъуамæ куса йæхиуыл, уымæн æмæ æнæ æнувыддзинадæй никæмæн уыдзæн хорз фæстиуджытæ. Тематикон сайтты æмæ социалон къордты ис ссарæн алыхуызон хæслæ-вæрдтæ  куыд кæнгæ сты, уый дæр. Афтæмæй ис бындуронæй фæлварæнтæм цæттæ кæныны фадат.

Дриаты Лейлæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.