Историйы сыфтæ фæлдахгæйæ

 

Фыццаг революцийы тæваг æнхъæвзта Кавказы хохрæбынтæм дæр. Ног царды сæрыл тохгæнджытæ сæрибардзинадыл кæй тох кæнынц, уый бамбæрстой Ирыстоны ссæст æмæ æфхæрд адæм дæр æмæ ралæууыдысты социал-демократты фарс. Æмæ кæд уыцы азты уыдонæн уæлахиз сæ къухты нæ бафтыд, падддзахы хицауад сæ ныппырх кодта, уæддæр сæ тох дзæгъæлы нæ фæцис. Афтæмæй фидар бындур æрæвæрдтой революцион змæлдæн. Ирон фæсивæдæй бирæтæ истой хайад уыцы азты растадтæ æмæ демонстрациты. Фæстæдæр сæ иутæ систы зынгæ паддзахадон æмæ æхсæнадон архайджытæ, аннæтæ та сæ цард нывондæн æрхастой ног цардарæзтады сæраппонд.

Бирæ сты йæ лæггæдтæ Фыдыбæстæйы раз зынгæ революционер Козаты Разденæн. Уый йæ цард æгасæй дæр снывонд кодта революцийы хъуыддагæн æмæ йæ амæлæты онг æнувыд уыдис уый хъуыддаг æмæ идеятыл. Нæ фæрæдыд зынгæ революционер Сиукъаты Габо, 1897 азы Бакойы нефткъахæнты кусгæйæ Разденæн социал-демократты организацимæ бацæуыны тыххæй рекомендаци куы радта, уæд. Ирон адæмы ‘хсæн Габойы фæстæ уый нымад цыдис большевикты партийы иууыл рагондæр уæнгыл.

Бакойæ æрыздæхыны фæстæ Разден ирон адæмы ‘хсæн кодта революцион куыст æмæ йæ архайд анхъæвзта суанг Къахеты районтæм дæр, æмæ уый ам сарæзта 13 партион чыры. Уыдонæн сæ уæнгтæ се ‘ппæт дæр активон хайад райстой Гуырдзыстоны Советон хицауад æрфидар кæныны сæрыл тохты.1920 азы Хуссар Ирыстоны партион конференцийы Раздены сæвзæрстой Окружкомы зылдон комитеты уæнгæй. Уæд уымæн æмæ Рæмонты Евгенæн бахæс æрцыд Хуссар Ирыстоны растæг адæмы меморандум Мæскуымæ Ленинмæ фæхæццæ кæнын æмæ сын ацы хъуыддаг бантыст æнтыстджынæй сыххæст кæнын. Уыдон ма ирон адæмы номæй æвзæрст æрцыдысты Коминтерны 3-аг съездмæ делегаттæй.

Конгрессы куысты рæстæджы Разден бацыд фæтæгмæ æмæ йæм радта меморандум. Ленин уый куы бакаст, уæд афтæ бакодта: «Ды мæ ирон æмбал, уæхимæ нæма ныххæццæ уыдзынæ, афтæмæй уын æрцæудзæнис æмбæлон æххуыс» – æмæ йын мидбылхудгæ йæ къух нылхъывта. Æмæ æцæгæйдæр, Ленины бахæсмæ гæсгæ æвзонг Советон хицауад, йæхæдæг мæгуыр, ихсыд æмæ гæвзыкк уæвгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæмæн рарвыста дзæвгар материалон æххуыс. Ивгъуыд æнусы райдианы Тифлис æмæ Бакойы цы ирæттæ цардысты æмæ куыстой, уыдон архайды фæрцы Ирыстоны дæр фæзындысты фыццаг социал-демократты къордтæ. Уыдон уыдысты Цхинвал æмæ Дзауы, стæй сæ æндæвдад апырх æндæр рæтты дæр. Ацы къордтæ æмæ чыртæн сæ сæргъ лæууыдысты Гаглойты Гигла, Цхуырбаты Гриша, Гасситы Ила, Миндиаты Пида, Амилбаров Сера, Къасрадзетæ Читъа, æмæ Никъа, Гогинов Сандро, Хаханов Степа, æмæ æндæртæ. Ахæм чыртæ ма уыцы рæстæджы фæзындис Уанат, Ахалгор æмæ Хъорнисы дæр.

1904-æм азы кæрон сырæзти УСДКП-йы Цхинвалы бюро. Уымæн уыдис стыр нысаниуæг ирон зæхкусджыты фыццаг уырыссаг революцийы хайад райсынмæ смобилизаци кæныны хъуыддаджы. Фæлæ революции састы баззад æмæ ирон революционертæ дæр сæхи рæстæгмæ бааууон кодтой.

Уыцы аз Дзауы социал-демократтæ слæууыдысты Шфихантуры хъæдыкуыстгæнджыты ралæуды сæргъ. Уыдон хъæппæрисæй хъæдæй сæудæджергæнджытæ Карабеков æмæ Пиралов сыххæст кодтой 200 кусæджы домæнтæ æмæ сын фæфылдæр кодтой сæ куыстмызд, фæрогдæр сын кодтой сæ куыст æмæ царды уа-вæртæ дæр. Уымæй дарддæр революционертæ Хуссар Ирыстоны æмæ уымæ æввахс гуырдзиаг стыр хъæуты сарæзтой зæхкусджыты комитеттæ æмæ дæластæрдон къордтæ

Цхинвалы бюройы иууыл стырдæр сырхсæдæйон къорды хистæр уыдис 25 аздзыд Уалыты Шакро. Уый райгуырд æмæ схъомыл Хъорнисы хъæуы. Чысылæй фæстæмæ æвзæрста царды зындзинæдтæ, хъæздыг адæмы ехсы æфхæрд æмæ карз рæхуыст. 20 азы йыл куы ацыд, уæдбацыд большевикты рæнхъытæм æмæ уæдæй йæ амæлæты бонмæ не рывæрдта йæ хотыхтæ. Паддзахы æфсады службæкæнгæйæ дæр салдæтты æхсæн кодта революцион куыст. Æфсадæй æрыздæхгæйæ, хъорнисæгтæ Шакройы сæхицæн сæвзæрстой раздзогæй æмæ цасдæр рæстæг ацы зылды хицауад уыдис йæ къухты. 1906 азы гадзрахатæй цæу-джыты æххуысæй хъазахъхъ æрцахстой Уалыйы фырты, бакодтой йыл хъадамантæ æмæ йæ рæхысбастæй акодтой Гуры ахæстонмæ. Бæрæг нæу цы аххосагмæ гæсгæ, фæлæ йæ уыдон фæндагыл амардтой. Адæмæн стыр маст уыдис уый амæлæты хабар æмæ йæ ныгæнæн бон сæ комбæсты адæм сарæзтой стыр демонстраци.

Сæрибары сæрыл тохы фæстæ нæ лæууыдысты Ахалгуры зылды фæллойгæнджытæ дæр. Уыцы рæстæджы ам уыдис дыууæ социал-демократон организаци æмæ дыууæ сырхсæдæйон къорды. Сæ иуы сæргъ лæууыдис фæлтæрд большевик Миха Папунашвили. Уымæн йæ фарсмæ кæддæриддæр уыдис йæ хъæбатыр æмæ лæджыæмсæр цардæмбал Бабале. Иуахæмы хъазахъхъ æрцахстой Михайы йæ фыдимæ. Ацæргæ лæг ахæстоны зындзинæдтæн нæ бафæрæзта æмæ амард. Михайæн йæхи та 12 азы æмгъуыдмæ фервыстой Саратовы ахæстонмæ.

Уырдыгæй куы ссæрибар, уæд та ногæй æрывнæлдта революцион куыстмæ. Фыццаг революцийы азты йæ ном дардыл кæмæн айхъуыст, уыдонæй сæ иу уыдис Абреуы хъæуккаг Дриаты Антъон. Уый дæр чысылæй айста йæ зæрдæмæ адæмы рис æмæ йæ бон хæцæнгарз хæссын куы бацис, уæд ралæууыд адæмы æфхæрджыты ныхмæ. 1905-1907 азты Душет æмæ Гуры уездты æлдæрттæй бирæтæ фæлыгъдысты сæ хъæутæй уымæн йæ сырхсæдæонты тасæй. Цалдæры та дзы йæхæдæг фæтардта, стæй сын сæ фæллой æмæ зæххытæ байуæрста адæмыл.

Антъоны койæ æмризæджы рызтысты хъæздгуытæ, уый номæй æртхъирæн кодтой мæгуыр адæм се ‘фхæрджытæм. «Фæлæуут, мæнæ уæ Антъон базона», – зæгъгæ. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй йæ мæгуыр æмæ ссæст адæм рахуыдтой «Напалеон». Уæд ацы адæмон мастисæгыл цыдис æрмæстдæр 25 азы æмæ кæддæриддæр йæ фарсмæ уыдысты кæй зыдта æмæ кæуыл æууæндыд, ахæм адæймæгтæ. Дыууæ азмæ уыдон ныппырх кодтой Карумидзе Шалико, Тухарели Иосеб, стæй Эрыстаутæ æмæ Амилахвариты цалдæр хъæздыг хæдзары. Иннæтæн та стыр хъалон исын нал уагъта.

1906 азы фæззæджы 30 бæхджын хъазахъхъаджы, хицауады урядник Толокновы командæйы бын Тифлисæй рарвыстой Антъоны æрцах-сынмæ. Цхилонмæ æввахс хъæды æрдузы уыдон хæрхæмбæлд фесты Антъонæн йæхиуыл, стæй йе мбæлттæ Биганаты Дауыт, Букуылты Сандро, Бибылты Симон, Сохъхъуырты Шакро æмæ Хохаты Бесойыл. Хъæбатыр революционер бæлæсты аууæтты æхсæн æмбæхст æмæ æхсын райдыдта знæгты. Фæлæ хъазахъхъæгтæ æмæ стражниктæ уы-дысты нымæцæй бирæ фылдæр æмæ æрхъула кодтой ирон лæппутыл. Антъон дзы йæхæдæг фæцæф кодта æртæйы. Ноджыдæр ма иу хатт ныхъхъавыдис, фæлæ йæ чъылдымы æрдыгæй æрбагæрах кодта хъазахъхъаг Матвей Компонейц æмæ Антъон цæфæй æрхауд кæрдæгыл. Уырдæм æй æхсын райдыдтой иннæтæ дæр. Уый фенгæйæ йе ‘мбæлттæн дæр сæ ныфс асаст æмæ фæстæмæ алæууыдысты. Æхсæз адæймагæй ма аирвæзт æрмæстдæр Сохъхъуырты Шакро. Иннæты æрцахстой æмæ сæ акодтой Квемо Чъаламæ, фæлæ уый фæстæ цы баисты, уый бæрæг нæй.

Афтæ хъæбатырæй тох кодта паддзахы хицауады ныхмæ Хуыбиаты Уасо дæр. Уый йæ цардæмбал Хацырты Уæлгъа æмæ йæ къорды хæстонтимæ тас уагътой мæгуыр адæмы æфхæрджыты уæнгты. Уыдон æхсардзинад æмæ лæгдзинад сæ уацмысты равдыстой зынгæ ирон фысджытæ Букуылты Алекси æмæ Хацырты Сергей. Адæм та сыл кады зарджытæ скодтой æмæ сæ нæмттæ баззадысты цæргæйæ.

Фыццаг уырыссаг революцийы хайадисджытæн сæ фылдæр нæ фæцардысты Советон хицауады фæуæлахизмæ. Сæ иуты жандармтæ æмæ хъазахъхъ амардтой, кæнæ æрцахстой æмæ ахæстоны амардысты, науæд та байсæфтысты Фыццаг дунеон хæсты фронтты. Фæлæ уæдмæ рахъомыл революционерты ног фæлтæр æмæ уыдон адарддæр кодтой сæ хистæрты тох ног цардарæзтады сæрыл.

Лохты Джамбулат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.