«Раздæр мæ уыдтай дæ фыны, мæн хуыдтай дæ дарæг.

Иумæйаг уыдис нæ фæндон, иумæйаг – нæ зарæг.

Мин фыстæджы дæм мæ уарзтыл æз фыстон цыдæртæ

Уыдонимæ дын æртахгай фервыстон мæ зæрдæ.

 

Раздæр-иу мæнмæ бæлгæйæ, стъалытæ нымадтай.

Ныр дæ уарзт æндæр кæмæндæр ницæй аргъыл радтай

Ныр нæ иумæйаг дунейæ фесæфтам нæ сæртæ –

Бауадз мын мæ фыстæджытæ, рарвит мын мæ зæрдæ»

(«Рарвит мын мæ зæрдæ»)

Ацы ныхæсты автор у курдиатджын поэт, тæлмацгæнæг, публицист, Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы уæнг, Джусойты Нафийы номыл литературон преми æмæ «Булæмæргъ»-ы премийы лауреат Годжыцаты Нелли.

Годжыцаты Симоны чызг Нелли райгуырдис 18 январы Хуссар Ирыстоны районы Хъларсы хъæуы. Ам фæцис райдиан скъола, уый фæстæ адарддæр кодта йæ ахуыр Цхинвалы районы Джеры хъæуы астæуккаг скъолайы.

Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостъайы  номыл паддзахадон университеты ирон филологи æмæ журналистикæйы факультеты ахуыр куы фæци, уæдæй фæстæмæ йæ уд дæтты йæ райгуырæн Хуссар Ирыстонæн.

Куыста æппæтирон адæмы «Стыр Ныхас»-ы референтæй,  газет «Аланты Ныхас»-ы уацхæссæгæй.

Дистанцион бадзырдмæ гæсгæ куыста Мæскуыйы тæлмацгæнæн институты филологон редакторæй æмæ уыцы-иу рæстæг куыста газет «Хурзæрин»-ы тæлмацгæнæгæй, уый фæстæ та сси сæйраг редакторы хæдивæг.

Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл Паддзахадон университеты райдиан ахуырады кафедрæйы ахуыргæнæгæй дæр куыста 5 азы бæрц.

Ныртæккæ у Хуссар Ирыстоны журнал «Фидиуæг»-ы сæйраг редактор.

Годжыциан йӕ зæрдæйы тæгтæй нывæнды æмдзæвгæтæ: Ирыстоныл, цардыл, уарзондзинадыл, не сфæлдисæг Хуыцауыл.

Мыхуыры йын рацыдысты поэтикон уацмысты æмбырдгæндтæ: «Ирон  зæрдæ» (Цхинвал, рауагъдад «Ирыстон», 1991 аз), «Æхсидав» (Дзæуджыхъæу рауагъдад «Ир», 2015 аз), «Сæрибар», (Цхинвал, мыхуыры хæдзар, 2016 аз).

Ахæм поэт нæй,  йæ фыдызæххы уарзондзинадыл йæ хуыздæр уацмыстæ чи не сфæлдыста. Алайнæгты байзæддаг, ирон, æфсармджын чызг Годжыциан дæр хауы уыдон нымæцмæ.

Ма мын байгомыг у, Ир!

Цæссыг сусæгæй æрхъуызы.

Мах æфтаудзыстæм æфсир

Цалынмæ дæ хъæлæс хъуысы.

Зар дæ зарджытæ фæлтау,

Дзур, дæ фыддзырд дæр мын хос у.

Куы мыл, сагъæс мыл æфтау,

Демæ загъд кæнын дæр хорз у.

Дзур мæм хорз æмæ схуыст,

Æз дæ фаутæ дæр фæразын

Радзур дзыллæттæн мæ рыст-

Æз дæ дам-думтæ дæр уарзын.

Æз дæ амондмæ  бæллын,

Фæлæ зæрдæ судзы хахуыр.

Зарæг ма бауадз мæлын,

Науæд «дуне суыдзæн къахыр»

(«Ма мын байгомыг у Ир»)

 

Адæймаджы исты маст куы бацæуы, уæд йæ пырх, хæстæг æм чи ис, уыдоныл акалы, æмæ уымæй суадзы йæ маст. Раст мæм æрдз дæр афтæ кæсы – йæ закъæттæ йын куы нæ феххæст кæнæм, уæд ныл рауадзы йæ масты дзæкъул: донивылдтытæ, катаклизмæтæ, тыхдымгæтæ.

Нелли цы хъæуы райгуырд, цы ран акодта фыццаг къахдзæфтæ, фыццаг «Нана» кæм загъта, фыццаг къахдзæфтæ скъоламæ цы зæххыл акодта, йæ фыццаг уарзты цæхæр æй кæм æрæййæфта, уыцы Хъларс дæр бавзæрста зæххæнкъуысты азар.

Поэт уый тыххæй зæрдæрисгæйæ фыста:

 

«Дæ хъæдгæмттæ риссынц? Мæ арм сыл æрхастон.

Цы маст дæ рæмудзы, цы уыдзæн дæ низ?

Ам зæнгыл мæ сонтæй æз хъазын куыд уарзтон,

Ныр та дыл мæ цинæй фылдæр у мæ рис

(«Мæ райгуырæн хъæу зæххæнкъуысты фæстæ»).

 

Бæргæ фыдызæхх æнæфыдбылыз куы уаид, фæлæ – нæй. Æнæсæрфат политиктæ хатт ахæм зыгъуыммæтæ скæнæнынц цард, æмæ уыдон фыдæй хуымæтæг адæймаг хъизæмайраг фæвæййы.

Куыд зонæм, афтæмæй нæ гыццыл Хуссар Ирыстон æртæ хатты бахауд хæсты азары. Ам ирон лæппу йæ кад уырдыгмæ не ‘руагъта.

Уый тыххæй поэт фыста:

«Нæ Ирæн йæ риуæй куы райхъуыст гæрæхтæ –

Æнæгарз ирон сыл æмбæлди кæугæ…

Нæ Иры лæппутæ! Уæ туджы æртæхтæ

Уæ фæдыл ныууагътат фæдисы цæугæ»

(«Нæ Иры лæппутæн»)

 

Къæвдайы фæстæ хурæн æнæ ракæсгæ куыднæ вæййы, афтæ алы хæсты фæстæ дæр ралæууы сабыр дуг. Сабырады хуры бын  абон цæрынц Хуссар Ирыстоны адæм æмæ уый амонд у, уæдæ цы.

Цард рæсугъд у, кæд йæ хæрд æмæ уырдгуыты цæуæн-тæ æнцон не сты, уæддæр. Æрмæст сыл цу æмæ фæраз, цин кæн царды мингъуыз ахорæнты уындæй, цин кæн царды лæвæрттыл. Уыдонæй та æппæты зынаргъдæр æмæ уæлмонцдæр у   уарзондзинад.

Годжыциан йæ зæрдæйы цы уарзондзинады мæсыг са-мадта, уый сырх дидинтау ирдæй зыны йæ поэзийы:

«Абон ма дæ уарзын, фæлæ сом – нæ зонын.

Чизоны, бынтондæр ферох уай мæнæй…

Чизоны ды дæр… фæлæ уый уарзт нæ хонын,

Кæд мæ ном æфсонæн арыс ды сæнæй».

(«Иу у зæрдæ»)

Кæнæ:

«Алы ‘хсæв мæ зæрдыл иу цæссыг æруайы

Нал дæ уынын фыны, нал дæ сурæт руайы.

Хурæй ферох дидин, баззадис дзæгъæлæй.

Сæхгæдтон мæ зæрдæ авдгъуызон дæгъæлæй».

(«Нал дæ уынын фыны»)

 

– Поэзийы суадоны гуырæнтæ кæцæй цæуынц æмдзæвгæтæ фыссынмæ дæ тынгдæр цы разæнгард кæны, зæгъгæ, Неллийы куы бафарстон, уæд мын ахæм дзуапп радта:

«Æмдзæвгæты рæнхъытæ райгуырынц зæрдæйы арфæй. Тыхджын æнкъарæнтæ, бæллицтæ æмæ сагъæстæй зæрдæйы арфы куы нал фæцæуынц, уæд фæндаг айгæрдынц урс гæххæтмæ».

Поэт уарзты хъæбул у. Уарзт та у дидинæгджын бæстæ. Уыцы ран æрдз, рыст, фыдыбæстæ, цин, уарзт, фыдæх, удварн, æфсарм кæнынц тох арвы бын цæрыны сæраппонд. Фæлæ дуне мæнгард кæй у, уый хорз æмбары поэт æмæ агуры рæстдзинад.

Рæстдзинад хохы сæр лæууы.

Рæстдзинад дунетыл фæлгæсы.

Рæвдауы уый хæххон цæргæсы –

Рæвдауын алкæй дæр хъæуы…

 

Рæстдзинад къуылдымыл æрбадт,

Æрсагъта цъæх нæуыл йæ хъама.

Зæгъы: «О, иунæг хатт, уæдта ма

Куы ссарин уе ‘хсæн æз бынат…»

 

Неллийы сфæлдыстад у алывæрсыг. Уымæн йæ аивады сæйрагдæр миниуджытæ сты, цы зæххыл райгуырд æмæ схъомыл, уыдоны цард æмæ хъысмæтыл адæмы ‘хсæн хæлардзинады мыггæгтæ тауын.

Нæ уарзон, нæ иузæрдион хæлар, курдиатджын поэт Годжыцаты Неллийæн йæ хо Наирæ дæр у фыссæг. Дыууæ хойæ сæ сисæй Ирыстонæн лæггад кæнынц æмæ сын ноджыдæр фылдæр бантысæд.

Неллийæн æрæджы уыд йæ юбилей æмæ йын уый фæ-дыл кæнын зæрдиаг арфæтæ. Амондджын æмæ рæсугъд уæд дæ цард. Ног сфæлдыстадон æнтыстытæ æфтæнт амæй фæстæмæ дæр дæ къухы.

ДЖУСОЙТЫ Майæ,

Уæрæсейы фысджыты литературон

 æмбалады цæгатирыстойнаг хайады уæнг

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.