Гадати Лазæры сфæлдыстад æмбарынæн кæмдæр æххуыс кæнынц йæ дыууæ композицийы. Сæ иуы, «Ӕхсæвы уазæг» – зæгъгæ, скульптормæ æрбацыд чидæр, Врубелы Cерафимы хуызæн. Врубелы цæстахадгæ æмæ бакастджын «уазæгæй» хъауджыдæр, скульптор ам æвдыст у сæрныллæгæй, фæлæ сусæггаг хъæлæс хъусæг æмæ æмбарæгæй, уыцы сусæггаг хъæлæсæн йе сфæлдыстадæй дзуапп радтынмæ цæттæ лæгæй.  Кæсыс скульптурæмæ, æмæ дæ хъустыл уайынц Анри Матиссы зындгонд ныхæстæ: «Сабырдзинад æмæ фæлмасдзинадæй мæ уд куы байдзаг вæййы, уæд банкъарын, тыхджын чидæр мын афтæ ахъаз кæны æмæ мæхи бон бамбарын кæй нæу, ахæм хъуыддæгтæ аразын райдайын». Дыккаг скульптурæйы – «Нывгæнæг æмæ модель» – персонажтæ фæрсæй-фæрстæм лæууынц, фæлæ нывгæнæг моделмæ нæ кæсы, нывгæнæг хъуыдыты аныгъуылд. Гадайы фырты аивад иууылдæр номхуындæй у «моделыл» хъуыдыкæнынад. 

Ирон мастеры сфæлдыстад у адæймагыл конд хæдхуыз пластикон поэмæ – цæй мидæг ис  адæймаджы царды нысанæвæрд, хъысмæты дæлбар  у æви йæ фæндаг йæхæдæг аразы. Йæ персонажтæ фылдæр сты рагфыдæлты цардыуагыл æмæ æгъдауыл хæст ирон хуымæтæг адæймæгтæ кæнæ та уæрæх дунейы зыбыты иунæгæй йæхи чи хаты, ахæм тæригъæддæгтыл. Фæлæ сæ алчидæр йæ цæстæнгас сисы уæларвмæ, уым агуры æмæ уырдыгæй куры æххуыс.

Гадати Лазæр Тазреты фырт райгуырдис 1938 азы Сырх-Дыгуры (Къулдуны) хъæуы. Цæгат Ирыстоны педагогон техникумы аивадты æмæ графикон дизайны рауагъдон йæ ахуыр адарддæр кодта Суриковы номыл Мæскуыйаг Нывкæнынадон институты. 1966 азы сси Советон Цæдисы Нывгæнджыты Цæдисы уæнг, ома, ахуыр куыддæр фæцис, афтæ.

Йæ архайдимæ фыццаг равдыстыты фæстæ, ивгъуыд æнусы 70-æм азты, Гадати Лазæры ном айхъуыст куыд «къаннæг пластикон формæйы» дæсныйы ном, афтæ. Фæстæдæр сфæлдыста монументалон проекттæ дæр, се ‘хсæн Александр Пушкины цыртдзæвæн Мæскуыйы Неапалимовский фæрсуынджы (1999) æмæ Осип Мандельштамы цыртдзæвæн (2008 азы) Воронежы.

Цардæй ахицæн 2008 азы 21 сентябры, йæ 70-азон юбилейы хæдразмæ.   Мæскуыйы Троекуроваг уæлмæрды ныгæд æрцыд. Третьяковы галерейы ис  йæ куыстыты стыр коллекци. Скульпторы куыстытæ ма ис Мæскуыйы Скæсæны аивæдты музейы, Нырыккон аивады музейы (Мæскуы), Уырыссаг музейы (Санкт-Петербург), уæрæсейаг горæтты æмæ фæссоветон паддзахадты музейты. Афтæ ма йæ куыстытæ ссарæн ис Уæрæсейы æмæ æндæр паддзахадты хисæрмагонд коллекциты.

 

Лазæры фырт Константины мысинæгтæй

«Йæ куыстытæй сабибонты цы æнкъарæнтæ истон, уыдон хорз нæ хъуыды кæнын, фыл-дæр хъуыды кæнын цавæрдæр æрмгусæн уысмытæ. Зæгъæм, уыдис æм кæрдæгхуыз цъирæн: стыр исты куы аразай, уæд æлыг цæмæй ма хус кæна æмæ ма скъуыйа, уый тыххæй йыл рæстæгæй-рæстæгмæ хъæуы дон бапырх кæнын, уый фæстæ та полиэтиленæй бахгæнын. Кæддæрты-иу уыцы хуымæтæг куыст мæ бæрны бакодта. Ома, уыцы карæны нæма æмбæрс-тон, нывгæнæгæн кæй æххуыс кæнын, æз уыдтон æрмæст æлыг змæнтæг, суг кæнæ дур сæттæг лæджы. Æнæхъæн дуне уыдис уый. Фыды дуне. Цæстуынгæйæ стыр аивады райгуырды æвдисæн кæй уыдтæн уæд, уый  фæстæдæр бамбæрстон.

…Æмбарын, йæ курдиат кæцæй цæуы. Хæдзары нæм ис мæ фыды фыды конд тæмæссаджы рæсугъд хъæдын къус. Йæ къухты бирæ фæлыстытæй æрмæст уыцы къус баззад – мæ нана йæ дыргъдоны  бамбæхста. Иннæты немыцæгтæ басыгътой, хъæу куы бацахстой, уæд. Дзырдтой мын, зæгъгæ, дада тынг хорз зарæггæнæг дæр уыдис. Суанг ма адæмон зарджыты æмбырдгондты чингуыты бакæсæн ис: «Записано от Тазе Гадаева».

Нанамæ хæсты рæстæджы æрцыди уацæрвыст, дæ бинойнаг æбæрæгæй фесæфт, зæгъгæ. Хъыгагæн, йæ ингæн кæм ис, уый дæр нæ базыдта, афтæмæй æцæг дунейы бар бацис мæ нана. Уый уыди хæдæфсарм æмæ куыствæллад сылгоймаг. Иунæгæй къæхтыл слæууын кодта йæ фондз хъæбулы. Уыдонæй цыппæрæм уыдис Лазæр. Мæ фыд бирæ азты дæргъы æфсæддон комендатурæтæм бафарстытæ æрвыста æмæ æз мæ кары куы бацыдтæн, æрмæстдæр уæд нын фехъусын кодтой, Бердичевы горæты кæй ис ингæн ахæм фыстимæ: «Сержант Тазе Хадохчикоевич Гадаев», æмæ йæм æфсæддон ахуыргæнæндоны курсанттæ кæй зилынц. Бердичевмæ уæд иумæ ацыдыстæм…»

«Дзырдта-иу: мæнæн æппæты стырдæр æфхæрд у æгуыстæй аззайын. Йæ сæйраг куыст-иу куы нæ цыди, уæд бирæ нывтæ кодта, фыста радзырдтæ æмæ прозæйæ æмдзæвгæтæ йæ мадæлон дыгурон æвзагыл. Ирыстоны мыхуыры рацыдис йæ чиныг «Искурдиадæ» («Мольба»). Бирæты зæрдæмæ тынг цæуы, кæд уыцы диалект алчи не ‘мбары, уæддæр. Фæндыди йæ йæ хъæуыл, æмæ æнусы дæргъы йæ бинонтæ куыд фæцардысты, ууыл стыр чиныг ныффыссын. Йæ ориентир уыдис Фолкнер. Тынг уарзта Чеховы, уæлдайдæр та йæ пьесæтæ. Театрал нæ уæвгæйæ, зæрдæскъæфт кодта Полунины аивадæй.

Хицæн дунейы бынаты йын уыдис йе ‘рмадзы тыгъдад. Хатгай-иу æхсæв фехъал, сыстад æмæ уырдæм ацыд кусынмæ. Йæ гæххæттытæ æвзаргæйæ,  ссардтон йе ‘рдхорд Харебаты Аланмæ фыстæг. Уымæн иу рæстæг йæ ныфс асаст æмæ мæ фыдмæ ныффыста, зæгъгæ, мæхи нал хатын нывгæнæгæй, фæлтау мæ лæппуйæн мæхи снывонд кæндзынæн. Лазæр ын дзуапп радта: «Дæ курдиатмæ ахæм ахаст кæй равдыстай, уымæй мæ тынг смæстджын кодтай. Дæ фырты нæ хъæуы фыдæрдыгæй иугæндзон аудынад, уый хъæуы, цæмæй йæ цуры уа хъомысджынæй кусæг фыд. Уымæй йедтæмæ йæ ницы хъæуы, йæхæдæг сарæхсдзæн».

…Иуæй-иутæ йæ нымадтой тызмæг кавказаг адæймагыл, мæнмæ гæсгæ та уыдис роман-тикон удысконды хицау – уырныдта йæ, йæ нысаны фæндагыл кæй цæуы».

Ацы мысинæгты автор, Лазæры фырт Константин дæр сфæлдыстадон фæндаг равзæрста. У поэт, телережиссер, фæлæ йæ сæйрагдæр хъуыддагыл нымайы йæ фыды куыстытæн равдыстытæ аразын, йе сфæлдыстадимæ уæрæх дунейы зонгæ кæнын.

 

Ацы рæнхъыты авторы мысинæгтæй

Йæ уды бæрц уарзта Лазæр йæ мадæлон æвзаг. Хæдзары йын кæимæ адзырдтаид, уый нæ уыдис. Алла, йæ сомихаг цардæмбал, мæскуыйаг чызг, кæцæй хъуамæ зыдтаид иронау, æмæ-иу йе ‘мбæстаг зонгæтæм бадзырдта уæд телефоны. Йæхæдæг мын куыд басаст, афтæмæй йæ тыхсты рæстæджы удæнцой ардта мадæлон æвзаджы мырты. Арæх-иу мæнмæ дæр æрбадзырдта. «Дæуæй рæсугъддæр ам, Мæскуыйы, дыгуронау ничи дзуры, Ирæ, æмæ дæм уымæн афтæ арæх фæдзурын. Ма мæ стыхс, дæ хорзæхæй, – цъус къæмдзæстыгæй мын иу хатт загъта. 1978 азы базонгæ стæм Хæзныдоны, мæ райгуырæн хъæуы. Сæрдыгон практикæ мын уыдис адæмон сфæлдыстады предметыл æмæ сыхаг хъæумæ таурæгъгæнæг зæронд лæгимæ фембæлдмæ иубон атагъд кодтон, сывæллоны мæ мады бар фæуагътон, афтæмæй. Фæстæмæ дæр куыннæ хъуамæ фæтагъд кодтаин. Кæсын, æмæ мæ цæгаты цæлгæнæны уазджытæ фынджы уæлхъус бадынц – мæ сæрыхицау Хаджеты Таймураз æмæ æнæзонгæ боцъоджын саухил нæлгоймаг. «Гадаты Лазæр – тæмæссаг курдиаты хицау, гениалон скульптор, базонгæ у», – сæрыстырæй мын загъта йæ алы курдиатæн дæр табугæнæг Таймураз. Хъысмæты фæндонæй цалдæр азы фæстæ мæ царды бынат сси Мæскуы. Уым базонгæ дæн Лазæры бинонтимæ дæр. Ирон æхсæнады уæвын  Лазæр æмæ Аллæ дæр бирæ уарзтой.

Стыр скульптор уыдис дзырды дæсны дæр. Уымæн æвдисæн йæ иунæг, фæлæ æнахуыры цымыдисаг чиныг «Искурдиадæ». Дыууæ хатты йæ ныммыхуыр кодтой паддзахадон чингуыты рауагъдад «Ир»-ы. Дыууæ хатты дæр тираж нæ бафæстиат ис чиныгуæйгæнæн дуканийы тæрхджытыл. Уайтагъд æй алхæдтой.  Скульпторы табугæнджытæн “Искурдиадæ” раргом кодта Гадати Лазæры æрдзон курдиаты ног хæзна.

Æвæдза, Сфæлдисæг курдиат куы фæдæтты, уæд, æцæгдæр,  дзаг армæй!.

 

P.S. Цæгат Ирыстоны ныртæккæ мыхуырмæ цæттæ кæны чиныджы æртыккаг рауагъд дыгурон æмæ уырыссаг æвзæгтыл Гадати Лазæры иллюстрацитимæ.

Прозæйы фыст æмдзæвгæтæй сæ иуы раивтам ирон диалектмæ. Уæ тæрхонмæ йæ хæссæм.

                                                                                                 ДАМБЕГТИ Иринæ

 

ГАДАТИ Лазæр

ФЫН

Нæ мæ фæнды сабийы зæрдæ хæссын. Мæ кары лæгæн не ‘мбæлы æгæр фæлмæн уæвын. Мæхицæн амал нæ арын. Æрхуымы тæлы нылхъивы мæ зæрдæ.

Мæ мад цы бон батар ис, уыцы бон адард ис. Зæрдæйыл та рæстæг нæ хъæбæрдæр кæны.

Фын: Къуылдымы хъæугæрон, хуссары сарагонд. Йæ иу фарс – гом.  Сарайы – пец. Пецы цур – уырындыхъ (сынтæг – ред.). Мæ мад пецы цур лæууы æмæ аг змæнты. Сарайы æдде бадын кæрдæгыл æмæ кæсын арвмæ. Арв – æнæкæрон, иу мигъы цъуп нæ зыны цъæх арвыл, уæлдæф – сыгъдæг.

Уæлиау, арвы тыгъдады фæзындис хъуырройты къорд. Цасдæр рæстæг тахтысты æмраст. «Чындз, уалæ хъуырройтæ!»

Мæ мад мæм ницы сдзырдта. Хъуырройты къорд æнæнхъæлæджы хæрдмæ тæхын райдыдта. Цасдæр рæстæг ма сæ куыддæртæй уыдтон. Уæлиау, арвы цъæхы, баиу сты æндæр хъуырройтимæ æмæ дыууæ къорды иумæ сæхи рауагътой зæххырдæм.  Æрбадтысты дæлбыл, нæ цуры нартхоры нæмгуыты айдзæгъд кæм уыди, уым  ма уигътой нæмгуытæ. Мæхи азылдтон фæстæмæ, мæ мад кæм лæууыдис, уырдæм. Мæ мад йæ зæрдæйыл хæцгæйæ йæхи æруагъта уырындыхъыл.

Æз ме ‘нæбон æмæ катайæ райхъал дæн.

Цæуылнæ мæм исты сдзурыс, мæ фыны дæ куы фенын, уæд? Ды йæ зыдтаис, уыцы фын цы уыдис, уый.

Кæнæ, кæд фæдзурыс, фæлæ ды кæм дæ, уырдыгæй дзырд нæ хъуысы.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.