Куыдзеты Андрей Сæрмагонд æфсæддон операцийы хæцы фыццаг  бонтæй ирон батальон «Сæрмæт»-ы. Авдеевкæйы  хæстон цауты  ацы батальон иста активон хайад. Андрей нымад цæуы дæсны хæстоныл, уымæн æмæ йæм ис иттæг хорз фæлтæрддзинад. Цалынмæ Донбассмæ нæ ацыд, уæдмæ службæ кодта РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады. Ныртæккæ цы батальоны службæ кæны, уый æппæты зындæр хæстæ æххæст кæнын кæм фæхъæуы, уырдæм сæ æрвитынц. Йæ къорды лæппутимæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бабырста националистты лæууæн пункттæм, афтæмæй сæ тасы æфтауынц. Ацы дæлхайы архайдта йæ фыды хойы лæппу Æлборты Олег дæр. Уый хъæбатырæй фæмард хæсты райдианы æмæ Олегы бынаты уайтагъд балæууыд Андрей. Украинæйы æфсæддон тыхтæй ацы дæлхайады ныхкъуырды руаджы бирæ сæдæгай адæймæгтæ фæхъуыд.

Легендарон батальон «Сæрмæт»-ы хæстонтæй сæ иу Андрейы æввахс æмбал Къæбулты Азæмæт нын радзырдта: «Ацы ирон хъæбатырыл бирæ дзурæн ис. Йæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинадæй бирæтæн у цæвиттон.  Цыфæнды хæцæнгарзимæ дæр зоны архайын. Æнæнхъæлæджы фæзыны знаг кæм æрæмбæхст, ахæм бынæттæм, ныппырх сæ кæны æмæ фæстæмæ уайтагъд раздæхы. Андрейы хуызæттæ цалдæр ис нæ батальоны, кæцы-ты зонынц украинаг хæстонтæ æмæ уый тыххæй ирон лæппутыл расидтысты цуан. Ацы ныхæстæ нын ракодта æрæджы нæм амы-нæты цы украинаг нацист æрбахауд, уый.

Авдеевкæ куы истам, уæд нæ лæппутæ уыдысты раззаг рæнхъыты. Иу уырыссаг лæппуйыл фембæлдыстæм  фæстæмæ здæхгæйæ. Минæйы схъистæ йын йæ буар ныскъуыдтæ кодтой. Цæф лæппуйæн баххуыс кæнын бафæлвæрдта Андрей. Уый нын лæгъстæ кодта, цæмæй йæ ма ныууадзæм. Иу уысм нæ афарста, цы ‘взагыл, дам, дзурут кæрæдзимæ. Ирæттæ стæм, уый базонгæйæ дзы ныфс бацыд. Сымах, дам, мард лæджы буар дæр никуы ныууагътат знæгтæн, мæн дæр, дам, кæд фæхæццæ кæниккат госпиталы онг. Æнæуидæр нæ хъавыдыстæм лæппуйы адзалы æвджид ныууадзын, фæлæ ноджы ахæм ныхæсты фæстæ ирон лæджы кад дæлæмæ куыд æруагътаиккам æмæ йæ не ‘ккæйты фæхастам».

Куыдзеты Андрей та куыд зæгъы, афтæмæй сæ батальоны лæппуты ‘хсæн æмбаргæдзинад тынг ис. «Раздæр ныл тас тынг æфтыдтой æнæпилотон тæхæг аппараттæ. Ныр сæйраг æргом здæхт цæуы уыдон уæлдæфы спырх кæнынмæ. Уыцы нысанæн бирæ инструктортæ бацæттæ кодтой. Фæстаг æрдæгаз Уæрæсейы дæлхæйттæ Украинæйы фа-шисттæн тынг ныхкъуырд дæттынц, техникæйæ дæр ифтонг стæм. Ракетон комплекс «Корнет» националистты тасы тынг æфтауы. Уæрæсейы техникон специалистты сæрибарæй рафæлгъауæн ис знаджы дæлхайты цас хæстонтæ ис, æмæ сæ бынæттæ куыд ивынц, уымæн. Уæлахиз уæвын æнцон хъуыддаг нæу. Домы тырнындзинад æмæ фидар удыхъæд. Уыдон уырыссаг æфсадмæ фылдæр сты æмæ мах кæй фæуæлахиз уыдзыстæм, ууыл иу уысм дæр нæ гуырысхо кæнын».

Куыдзеты Азæмæт хæстмæ кæй ацыд, уый йæ бинонтæ æрæгмæ базыдтой. Мад йæхицæн бынат нал ардта, хабар фехъусгæйæ. Ныр дæр æппынæдзух йæ фыртæн лæгъстæ фæкæны, ома, раздæх фæстæмæ. Фæлæ фыд райгонд у йæ фыртæй. Æцæг лæг, дам, хъуамæ фæраза зындзинæдтæн. Райгуырæн бæстæ ба-хъахъхъæныны хæс та, зæгъгæ алкæуыл дæр ис.

Куыдзеты лæппу ма куыд зæгъы, афтæмæй бинонтæй дард уæвгæйæ хуыздæр æмбары куыд зынаргъ æмæ йын адджын сты. Арæх æй фæфæнды Ирыстонмæ æрцæуын æмæ йын куыддæр радон улæфт радтынц, афтæ æрцæуы. Æрзилы хиуæттыл, хæстæджытыл, æмгæрттыл. Фæлæ йæм иу хатт дæр нæма февзæрд ахæм хъуыды, ома, фæстæмæ мауал аздæхон. Уымæн æмæ уым цы лæппутимæ ис, уыдоны дæр йæ бинонтыл нымайы.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.