Нæ горæты 9-æм астæуккаг скъолайы рауагъдонтæн айзæлыд фæстаг дзæнгæрæг. Сæ царды ног къæпхæнмæ ацы аз схиздзысты 16 ахуыргæнинаджы. Уыдонæн фæндараст зæгъынмæ æрбацыдысты Президент Гаглойты Алан, Ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан, Гаглойты Бэла, рауагъдонты ныййарджытæ æмæ скъолайы ахуыргæнджытæ.

Бацæуæн ныхасæй скъолайы организатор, мадзаламонæг Танделаты Галинæ залмæ рахуыдта рауагъдонты, алы рауагъдоныл дæр юмористон характеристикæ дæтгæйæ. Сæ фыццаг ахуыргæнæг Лохты Жаннæ æмæ сæ къласгæс Багаты Фатимæ сценæмæ рахызтысты. Скъолайы ахуыргæнинæгтæ цытджын æгъдауæй залмæ æрбахастой Хуссар Ирыстоны тырыса æмæ уый фæстæ айзæлыд Хуссар Ирыстоны гимны музыкæ. Разæнгардæй гимны музыкæйы зæлтæм скъоладзаутæ ныззарыдысты.

Скъолайы директор Зассеты. Зарæ зæрдиаг арфæтæ ракодта рауагъдонтæн æмæ сæ ныййарджытæн: «Кæд-иу ныронг скъолайы фæлварæнты рæстæджы уæ фарсмæ æрбалæууыдысты ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, уæд уæ ныр та уæ царды фæлварæнтыл хизын бахъæудзæнис уæхи тыхтæ, уæхи зондæй æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй сыл хизат æнæрæдыдæй, ныфсджынæй.

Зынаргъ ныййарджытæ, зæххыл ныййарæджы æнкъарæнтæй зынаргъдæр нæй æмæ уын æппæты зынаргъдæр цы ис, уыдон абон слæууыдысты сæ царды ног къæпхæныл. Зæрдиагæй уын арфæ кæнын æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уæ дарддæры царды уæ зæрдæтæ дзаг уой уæ хъæбулты амондæй».

Рауагъдонтæн раарфæ кодта бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан æмæ загъта: «Алцыдæр скъолайæ райдайы, скъола та – ахуыргæнæгæй. Абон уын арфæ кæнæм уæ фыццаг ахуыргæнæгæй райдайгæйæ не ‘ппæт дæр. Кæм фæнды куы уат уæ дарддæры царды, уæддæр уæ райгуырæн бæстæ, уæ ирон адæм æмæ уæ ахуыргæнджыты макуы фæхудинаг кæнут. Уæлдай бузныг уын зæгъын нæ бæстæйы гимн уæхæдæг кæй сæххæст кодтат, уый тыххæй», – загъта Президент Гаглойты Алан.

Ахуырады министр дæр раарфæ кодта рауагъдонтæн, йæ цæст сын бауарзта æнцонвадат фæндæгтæ рæсугъд фидæнмæ æмæ æнтыстытæ сæ дарддæры царды.

Рауагъдонты фыццаг ахуыргæнæг Лохты Жаннæ æрымысыдис ахуыргæнинæгты райдайæн кълæсты ахуыры рæстæг æмæ сын къулыл экраныл равдыстой се скъолайы бонты ист видео-æрмæджытæ.

Мадзаламонæг радзырдта ахуыргæнинæгты æнтыс-тытыл куыд ахуырады, афтæ æппæт фадгуыты дæр æмæ банысан кодта, ацы скъолайы ахуыргæнинæгтæ хайад кæй фæисынц куыд республикæйы, афтæ æндæр регионты уагъдцæуæг мадзæлтты дæр æмæ сын вæййы бæрзонд æмвæзадыл æнтыстытæ.

Скъолайы директор æмæ ахуырады хайады гæс Дзигойты Ритæ рауагъдонтæн радтой Кады грамотæтæ, скъолайы активон царды хайад кæй истой, уый тыххæй.

Ацы рæсугъд бæрæгбоны тыххæй ма раарфæ кодтой ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ.

Скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ къухдариуæгад иуæндæс азы дæргъы сывæллæттæн æнувыдæй кæй лæггад кодтой, сæ зонындзинæдтæ сын цыфæнды зын уавæрты дæр кæй парахат кодтой, уый тыххæй сын ныййарджыты номæй бузныг загъта  ныййарæг Тедеты Олеся.

Ахуыргæнинæгтæ аив сæххæст кодтой ирон кæфтытæ «Симд», «Хонгæ», азарыдысты зарджытæ.

Фидæны ныфсы æнкъарæн æвзæрын кæны ацы скъолайы рауагъдтонты нымæцæй фыццагкъласонты нымæц бæрæг фылдæр кæй у, уый: рауагъдонтæ сты 16, фыццагкъласонтæ та 21. Уыдон рæсугъдвæлыстæй кæрæдзийæн бакодтой фæстаг дзæнгæрæджы традицион лæвæрттæ æмæ фыццагкъласонтæ бакастысты æмдзæвгæтæ.

Рауагъдонтæ сæ ахуыргæнджытæн балæвар кодтой дидинджытæ. Кæронбæттæны рауагъдонтæ сæ ныййарджыты рахуыдтой кафынмæ æмæ  сæххæст кодтой «Вальс».

Хуыгаты Милена

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.