25-æм майы куыд нæ республикæйы æппæт скъолатæй, афтæ нæ горæты скъола-интернатæй дæр райхъуыстысты фæстаг дзæнгæрæджы зæлтæ. Ам фæстаг дзæнгæрæг айзæлыд аст рауагъдонæн – цыппар чызг æмæ цыппар лæппуйæн. Бæрæгбонон атмосферæйы æнкъардæуыд куыд цины, афтæ æрхæндæджы æнкъарæнтæ дæр. Цины уымæн, æмæ сæм дарддæр æнхъæлмæ кæсы рæсугъд сомбон, хъыджы та уымæн, æмæ сæ нæ фæнды сæ уарзон скъолайæ фæхицæн уæвын, уымæн æмæ скъолайы азтæ иууыл æвæлмасдæр азтæ вæййынц. Скъола-интернаты ахуыр кæнынц æххуысхъуаг сывæллæттæ æмæ уыдонæн та уæлдай хъулон митæ кæнын, уæлдай рæвдыд фæхъæуы. Уымæн æмæ сæ бирæтæ цух сты ныййарæджы уарзт æмæ хъарм къухты узæлдæй æмæ сын сæ ныййарджыты баивынц сæ хъомылгæн-джытæ, сæ ахуыргæнджытæ. Дыккаг мæдты хуызæн сын свæййынц.

Скъолайы актон зал уыд бæрæгбонвæлыст. Сценæйы кæттагыл фыст уыдысты рауагъдонты нæмттæ. Бæрæгбонон мадзалмæ фæуазæг сты РХИ-йы Президенты цур сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын минæвар Цхуырбаты Татьянæ, æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ, рауагъдонты ныййарджытæ, хиуæттæ æмæ æндæр уазджытæ.

Экраныл æвдыст цыдысты скъолайы цардимæ баст кадртæ, афтæ ма рауагъдонты адресыл экранæй райхъуыстысты сæ ахуыргæнджыты арфæйы ныхæстæ. Арфæйы ныхæстæ сын экранæй дзырдтой скъола-интернаты ахуырдзаутæ дæр. Дзукъаты Сослан банысан кодта, зæгъгæ, мах æнкъард кæндзыстæм æнæ нæ рауагъдонтæй, фæлæ, зæгъ, сæ фæндаг зæлдæгтыл уæд. Сценæмæ схызтысты рауагъдонтæ сæ фыццаг ахуыргæнæг Уанеты Альбинæ, сæ хъомылгæнджытæ Джиголаты Зæринæ, Санахъоты Мая, Бибылты Фатимæимæ.

Рауагъдонтæн раарфæ кодта скъола-интернаты директор Сланты Эллæ. «Тынг хорз кълас сты, ахуыр дæр кодтой хорз. Мæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй аккаг бынат ссарой сæ дарддæры царды æмæ суой аккаг æмбæстæгтæ сæ райгуырæн Ирыстонæн».

Уæдмæ айхъуыст Республикæ Хуссар Ирыстоны гимн. Уый фæстæ рауагъдонтæ сæххæст кодтой «Симд». Ахуыры хайы фæдыл скъолайы ахуырады сæргълæууæг Чертхъоты Иринæ раарфæ кодта рауагъдонтæн æмæ бакаст рауагъдонты номхыгъд. Загъта, зæгъгæ, уагъд цæуынц рауагъдон фæлварæнтæм. Рауагъдонтæ æмæ 1-æм къласы ахуырдзаутæ бакастысты æмдзæвгæтæ. Уый фæстæ кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. 1-æм къласы ахуырдзаутæ рауагъдонты фæхуыдтой сæ фæстаг дзæнгæрæгмæ, кæцы сын уыдзæн 2032 азы æмæ сæм радтой хонæн гæххæттытæ. Зарджытæ æмæ кæфтытæ кæрæдзи ивтой. Рауагъдонтæ кафынмæ фæхуыдтой сæ хъомылгæнджыты. Экраныл æвдыст цыдысты рауагъдонты сабибонты ист кадртæ æмæ къамтæ.

«Фæндараст ут! Ирыстоны сомбон сымахæй аразгæ у æмæ уын нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уæ къухты æфтой бæллиццаг æнтыстытæ. Арфæйаг уæд уæ сомбоны цард!», – дзырдтой рауагъдонтæн сæ хъомылгæнджытæ.

Мадзалы ссардтой, цалдæр азы размæ трагиконæй чи фæмард, уый – Гæбæраты Эдикы рухс ном, кæцы абон лæууыдаид рауагъдонты рæнхъы. Экраныл ын равдыстой йæ цардæй ист кадртæ, кæцытæм кæсгæйæ, бирæтæ нæ баурæдтой сæ цæстысыг.

Рауагъдонтæн арфæйы ныхæстæ загътой сæ хъомылгæнджытæ, ацы скъола-интернаты рауагъдон Бестауты Казимир, Цхуырбаты Татьянæ, рауагъдонты ныййарджытæ. Уый фæстæ айзæлыд фæстаг дзæнгæрæг.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.