Зынаргъ рауагъдонтæ!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын скъола каст кæй фестут æмæ уæ хисæрмагонд цард кæй райдыдта, уый сæраппонд.

Фæстаг дзæнгæрæг айзæлыд æмæ уæм разæй æнхъæлмæ кæсынц кæронбæттæн фæлварæнтæ, кæцытæ уын фæндаг байгом кæндзысты, бирæ ногдзинæдтæ кæм ис, ахæм стыр дунемæ. Иттæг ахсджиаг у, цæмæй сымах ссарат царды уæ бынат – равзарат професси, кæцыйы раргом уыдзысты æппæт уæ курдиæттæ æмæ уæ потенциал.

Æппæтдæр райдайы скъолайæ. Скъолайы та æппæтдæр райдайы ахуыргæнæгæй. Ныфс мæ ис, сымах æппæт уæ царды кæй бахъахъхъæндзыстут ахуыргæнæгмæ уæ бузныджы æнкъарæнтæ. Уыдоны руаджы сымах æрмæст зонындзинæдтæ нæ райстат, фæлæ ма царды иууыл сæйрагдæр æргъадтæ – æмбалдзинады æмæ кæ-рæдзийæн аргъ кæныны æнкъарæнтæ, патриотизм æмæ Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад!

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын нæ рауагъдонты ныййарджытæн, уымæн æмæ сывæллæтты æнтыстытæ бирæ-бæрцæй сты уыдоны руаджы.

Хæлæрттæ, сымахæй  курдиатджын æмæ æвзыгъд адæймæгтæй, хъаруджын æмæ амбициозонтæй мах æвæрæм стыр ныфсытæ. Уымæн æмæ нæ паддзахады фидæн ис уæ къухты. Уырны мæ, сы-мах кæй ныффысдзыстут аккаг сыфтæ Хуссар Ирыстоны историйы.

Мæ цæст уын уарзы, цæмæй кæмфæнды ма ахуыр кæнат, уæддæр хицæн кæнат бæрзонд æмвæзадыл зонындзинæдтæй. Цæвиттон ут æппæт хъуыддæгты дæр. Архайут, ныфсджынæй цæут размæ уæ бæллицтæ æмæ нысæнттæм. Уæ къухты æфтæт стыр æнтыстытæ. Ныфс мæ ис, сымахæн æппæтдæр кæй рауайдзæн. Мах сымахыл æууæндæм!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

 

***

 

Зынаргъ рауагъдонтæ!

Цытджын ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын ахсджиаг цауы – скъола каст фæуыны сæраппонд.

Фæстаг дзæнгæрæг у цытджын æмæ зæрдæагайæг бæрæгбон æрмæст сымахæн, рауагъдонтæн нæ, фæлæ уæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæн дæр. Уыдон уæ ахуыры азты уыдысты уæ фарсмæ æмæ уын æххуыс кодтой. Фæцис уæ царды стыр æмæ ахсджиаг этап æмæ уæм разæй æнхъæлмæ кæсы ног æнтыстытæм фæндаг, хисæрмагонд царды райдайæн, цыран алцыдæр кæнгæ уыдзæн уæхицæй, уæ инициативæйæ, æмæ уæ хъарутыл цас æууæндат, уымæй. Зонындзинæдтæ кæм райстат, царды фыццаг уроктæ кæм базыдтат, уыцы скъола алы рауагъдоны мысынады дæр баззайдзæнис рухс æмæ цины мысинагæй.

Ныфс мæ ис, сымахæй алчидæр кæй ссардзæн йæхи фæндаг, кæцы йæ æркæндзæнис йæ нысанмæ. Уый тыххæй та ахсджиаг у, цæмæй уæм æрвылбон дæр уа ногдзинæдтæ базоныны æвзыгъд-дзинад æмæ тырнындзинад, уæрæхдæр кæнат уæ дунеæмбарынад, уæ къухты æфтой реалон æнтыстытæ.

Зæрдæбынæй уын мæ цæст уарзы амонд, фæрныгад, оптимизм, уæ хъарутыл æууæндындзинад. Уадз, æнтыстытыл фæуд кæнæнт, кæй райдайат, уыцы хъуыддæгтæ. Уадз, æххæст кæнæд æппæт уæ ныфсытæ æмæ бæллицтæ.

Рæствæндаг ут!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ÆЛБОРТЫ Алан

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.