Ныр 22 азы бæрц Владимир Путин у Уæрæсейы Федерацийы президент æмæ йын абоны бон табугæнджытæ куыд ис, афтæ йæ критикæ дæр кæнынц. Йæ «критиктæн» сæ фылдæр хай сты хурыскæсæйнаг «демократон» бæстæты минæвæрттæ æмæ уый диссаг дæр нæу. Уымæй уæлдай ма Путинæн Уæрæсейы дæр ис критиктæ æмæ дзы уый дæр хъæуы, – рæдыд алчи дæр æруадзы æмæ конструктивон критикæ та пайдахæссæг у.

Куыд фæдзурынц: «Куы ницы аразай, уæд рæдигæ дæр никуы фæкæндзынæ». Æцæгæй-дæр, йæ зæрдæ йæ адæмыл, йæ бæстæйыл кæмæн риссы æмæ афтæмæй уайдзæфтæ чи кæны, уыцы æмбæстаджы бамбарæн ис. Фæлæ уыцы «критикты» фылдæр хаймæ лæмбы-нæгдæр куы ‘ркæсæм, уæд бæлвырдæй фендзыстæм, кæй сты уæйгæнджытæ, спекулянттæ, Путины къухдариуæгады рæстæджы йæ бирæ ‘хцайы фæрæзтæ кæмæн фæкъаддæр сты, йæ райгуырæн бæстæ ауæй кæныныл разы чи у, ахæмтæ. Рæстæг куыд цæуы, афтæ йе ‘взæрмæбæлджыты маст скъуыйы æмæ кæсаг æнæ донæй куыд схъиудтытæ кæны, ахæм хуызы сты сæ митæ æмæ сæ ныхæстæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, цыдæр фарстатæ скъуыддзаг кæныны рæстæджы Путин дæр æруадзы рæдыдтытæ. Фæлæ ахæм егъау паддзахадыл къухдариуæггæнгæйæ, æнæфæрæдигæ дæр нæй, алцы нæ бахынцдзынæ, не сбæлвырд кæндзынæ, нæ раиртасдзынæ. Ӕмæ оппозици æдзух рæгъмæ рахæссы æрмæстдæр уыцы хъæндзинæдтæ, фæлæ йын йæ егъау æнтыстыты кой никуы ракæнынц. Путины цасфæнды куы æфхæрой, уæддæр объективон фактты ныхмæ ницы сæ бон у. Уымæн æмæ Путин Уæрæсейы Федерацийы цахæм уæззау уавæры райста æмæ ныр цахæм паддзахадыл нымад у, уый бирæйыл дзурæг у. Ӕмæ йын йе ‘мбæстæгтæ дæр стыр аргъ кæнынц йæ иузæрдион архайды тыххæй. Ныридæгæн та йæ рейтинг схызт 80 процентмæ æмæ уый та ууыл дзурæг у, уæрæсейаг æмбæстæгтæ растыл кæй нымайынц Украинæйы уагъдцæуæг сæрмагонд æфсæддон операци.

Уæрæсейы уыд хаос, мæгуырдзинад, мидæггагон хæст, экономикон проблемæтæ. Про-мышленность бынтондæр нал уæвынад кодта, экономикон реформæтæ ницы пайда хастой, – æрмæстдæр ма олигархтæ Советон Цæдисы фæллæйттæй сæхицæн бынтæ кодтой. Путин йе ‘рлæудæй фæстæмæ райдыдта фæтк æвæрын алы сферæйы дæр æмæ цалдæр азмæ адæмы цардыл зынын райдыдтой йæ къахдзæфтæ, – æрлæууын кодта Цæцæны хæст, бæрæг фæфылдæр сты куыстмыздтæ, алыгъуызон паддзахадон æххуыстæ, ист æрцыд мады капиталы закъон æмæ афтæ дарддæр.

Путин æрмæст экономикæ не стыхджын кодта, фæлæ ма уагъта иттæг хорз æддагон политикæ дæр, кæцыйы фæстиуæгæн абоны бон Уæрæсейы Федераци æгас дунейы нымад у хъомысджын паддзахадыл æмæ Путины та хонынц, куыд иууыл дзырддзæугæдæр политик.

Путинæн йæ архайды прин-цип нæ ивы бирæ азты дæргъы – фыццаг бынаты йын кæддæриддæр лæууынц националон интерестæ, стæй уый фæстæ та – партнерон ахастытæ æндæр бæстæтимæ. Фæлæ йæ рæстæг куыд равдыста, афтæмæй АИШ æмæ Евроцæдис сæ саттелиттимæ рагæй фæстæмæ Уæрæсемæ нæ кастысты партнерон цæстæй. Уыдон æхсæвæй-бонæй бæллынц Уæрæсейы Федерацийы скуынæгмæ æмæ æппынæдзух цæлхдуртæ æвæрдтой йæ размæцыдæн. Историктæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй ацы хъуыддаг уыдонæн сæ туджы ис, – суанг Иван Грозныйы къухдариуæгадæй фæстæмæ сæ зианхæссæг архайд азфыстыты дæр бæлвырд æрцыд. Уымæ гæсгæ йæ куы анымайæм, уæд 500 азы дæргъы Уæрæсе цæры санкциты бын.

Советон Цæдисæн дæр бирæ санкцитæ хастой хурныгуылæйнаг «демократон» бæстæтæ, кæцытæ йын тынг æндæвтой йæ экономикон размæцыдыл æмæ йæ фæстæдæр, рæстæг куыд равдыста, афтæмæй санкцитæ сæ кæнон бакодтой. Цæдисы ныппырхимæ бирæ бынæттон политиктæ цингæнгæ æмбарын кодтой адæмæн, зæгъгæ, АИШ-æн йæ бæллиц сæххæст æмæ ныр санкцитæ ист æрцæудзысты æмæ хъаны цард райдайдзыстæм. Фæлæ уый мæнг хъуыды уыд, – тугдзых сырд йæ кæнон никуы ныууадзы æмæ уыцы санкцитæ абоны бон дæр нырма сты сæ тыхы – иу дæр дзы æфсонæн ист не ‘рцыдис. АИШ æмæ Евроцæдисæн Советон Цæдисы ныппырх фаг нæ уыд, – уыдоны фæнды, цæмæй ма Уæрæсе ныддихтæ уа бирæ æнæбон паддзахадтыл. Сæ фæндтæ сæ къухты куы бафтик-кой, уæд сæрибарæй фысымиуæг кæниккой Уæрæсейы фæллæйттыл, йе ‘рдзон хъæздыгдзинæдтыл. Уымæ гæсгæ йæ рæстæджы сцырын кодтой Цæцæны хæст, рахъомыл кодтой алыгъуызон националистты æмæ фашистты Гуырдзыстоны, Украинæйы, Молдавийы, Прибалтикæйы æмæ афтæ æндæр бынæтты, кæцытæ комкоммæ æндæвтой Уæрæсейыл æмæ йæ лæмæгъ кодтой.

Путин æппæт дæр хорз æмбæрста, зыдта йæ, абон уа æви сом, æвыдæй йæ нæ ныууад-дзысты. Фæлæ йæ йæ фæрæзтæ, йæ авналæнтæ нæ амыдтой. Уымæн æмæ абоны бон дæр бирæ сферæты нырма лæмæгъ у Уæрæсе æмæ йын уæлдай зын кæны санкциты рæстæ-джы. Цæмæй паддзахады бахъахъхъæна æддагон æмæ мидæггагон знæгтæй, уый тыххæй æнæмæнг хъуыд æфсад стыхджын кæнын. Уымæ гæсгæ сусæгæй-æргомæй райдыдта æфсæддон техникæ модернизаци кæнын, хæстонты цæттæдзинад бæрзонд кæнын. Сусæгæй та уымæн архайдта æмæ та йын исты цæлхдуртæ райдыдтаиккой æвæрын. Афтæмæй та не знæгтæ æнхъæл уыдысты, ома, уæрæсейаг æфсады цæттæдзинад баззадис 90-æм  азты æмвæзадыл. Фæсайды сты…

2008-æм азы махмæ куы æрцыдысты æххуысмæ уæрæсейаг æфсад, уæддæр нырма, иумийагæй сисгæйæ, лæмæгъ уыд сæ профессионалондзинад, бирæ хъæндзинæдттæ рабæрæг ис махмæйы хæстон архайдтыты рæстæджы. 2014 азы Украинæйы паддзахадон фæфæлдæхт куы æрцыд, уæддæр Пу-тин йæ ныфс нæ бахаста æфсæддон операци саразынмæ украинæйаг фашистты ныхмæ æмæ йæ уый тыххæй абоны онг азымджын кæнынц. Фæлæ уыцы критиктæ ууыл нæ ахъуыды кодтой, мидæггагон знæгтæ нырма æгæр тыхджын кæй уыдысты æмæ сæ кураторты «фас»-мæ адæмы кæй схæццæ кодтаиккой.

Мидæггагон знæгтимæ тох кæнын бирæ зындæр у, фæлæ ацы хъуыддаджы дæр Путин разынд æнтыстджын. Азæй-азмæ уæйгæнджыты æмæ знагиуæггæнæг элементты æндæвдад æхсæнадыл æмæ паддзахадон политикæйы къаддæр кодта. Цалдæр боны размæ дæр та зынгæ уæрæсейаг оппозиционер, коррупционер æмæ уæйгæнæг Алексей Навальный æр-выст æрцыд ахæстонмæ 9 азы æмгъуыдмæ.

Рохуаты нæ баззадис Хъахъхъæнынады министрад дæр – 2015 азы уæрæсейаг æфсæддонтæ æххуысмæ ныццыдысты Сириаг Арабаг Республикæмæ террористты ныхмæ тох кæнынмæ æмæ дзы райстой стыр фæлтæрддзинад. Уымæй уæлдай ма практикон хуызы бафæлвæрдтой сæ ног æрымысгæ æхсæнгæрзтæ æмæ техникæ. Уыцы операци ирдæй равдыста Уæрæсейы æфсады тых æмæ АИШ-ы æмæ Евроцæдисы къухдариуæгад цъиувæдис райдыдтой, ома, «мах йæ ныппырхмæ æнхъæлмæ кæсæм, уый та уал азы дæргъы тыхджын кæны».

2014 азы Хъырымы æрдæг-сакъадахы референдум ауадзын æмæ уый фæстæ та йæ Уæрæсемæ æрбаиу кæныны фæстиуæгæн ногæй райдыдтой исын алыгъуызон санкцитæ, кæцыты нымæц ахызт 2 минæй. Уыдон афтæ æнхъæлдтой, ома, адæм растдзысты æмæ Путины раппардзысты, фæлæ сæ фæндтæ фæмæнг сты. 2022 азы 24 февралы Путин фæндон куы рахаста, цæмæй Сæрмагонд æфсæддон операци ауадза Украинæйы фашистон режимы ныхмæ, уæд бынтондæр сæ цæсгом суагътой, – цы демократон принципты кой кодтой æнусы дæргъы, уыдон сæ къæхты бын ныссæстой. Ныридæгæн ма сын ис æрмæстдæр иу бæллиц – Уæрæсейы исты хуызы карзæй бафхæрой, æмæ уыцы æнæсæрфат къахдзæф сæхи ныхмæ куы уа, уæддæр ыл хъæцдзысты. Иу мæйы дæргъы Уæрæсейы ныхмæ ист æрцыд 3 минмæ ‘ввахс ног санкцитæ æмæ нырма дæр сæ кæрон нæ зыны. Иууыл иумæ та санкциты нымæц ахызт 6 минæй. Политиктæ куыд банымадтой, афтæмæй Чили, Сири, Китай, Куба, Иран, Мьянма æмæ Цæгат Кореяйы ныхмæ 70 азы дæргъы уыйбæрц санкцитæ ист не ‘рцыдис.

Уæрæсейы знæгтæ афтæ æнхъæлдтой, æмæ санкциты руаджы Уæрæсейы сæхгæн-дзысты æгас дунейæ Советон Цæдисау. Фæлæ Путин нæ раздæры къухдариуæгады рæдыдтытæ нал æруагъта – цы политикæ уадзы æгас дунейы бæстæты ‘хсæн, уымæн бирæ табугæнджытæ ис. Уымæ гæсгæ Уæрæсейы фарсмæ балæууыдысты ахæм хъомысджын паддзахадтæ, куыд Китай, Инди, Бразили, Иран æмæ æндæртæ. Уыдон АИШ æмæ Евроцæдисæн комкоммæ дзурынц сæ æнæраст политикæйы тыххæй, сæ санкцитæ кæй халынц ООН-ы Устав æмæ адæмы бартæ. Йæ хъуыды иууыл ирддæрæй загъта Китайы Ӕддагон хъуыддæгты министрады минæвар, кæцы банысан кодта, зæгъгæ, АИШ æмæ Евро-цæдисæн нæй искæй истæмæй азымджын кæныны бар.

«АИШ æмæ НАТО абоны бон уыцы уавæры не сты, цæмæй искæмæн царды принциптæ   амоной, искæй истæмæй азымджын кæной. Югослави, Афганистан, Ирак, Сири, Ливи æмæ ма æндæр бæстæтæн уыйбæрц тухитæ бавзарын кодтой, æмæ уал фыццаг уыцы адæмтæй хатыр ракурæд, цы сын разиан кодтой, уый сын бафидæд, æмæ стæй моралы темæтыл ныхас кæнæд».

Куыд уынæм, афтæмæй Путин иунæг нæу, йе знæгты фæндиаг нæ фæцис, æмæ сæ уыцы хъуыддаг ноджы тынгдæр знæт кæны. Логикон æгъдауæй куы ахъуыды кæнæм, уæд Евроцæдис æмæ АИШ-ы ныры къухдариуæггæнджыты банымайæн ис фашисттыл æмæ нацисттыл. Путинæн Хуыцау ахæм æнæниздзинад æмæ тых раттæд, цæмæй йæ бон бауа нацизмы уидаг бындзарæй сыскъуынын, алыгъуызон Бандерæйы æмæ ма æндæр фидиссæгты фæдонтæ мингай азты дæр сæ сæртæ куыд никуы сдарой, афтæ.

           ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.