УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы директор Александр Бортниковæн

Цытджын Александр Василийы фырт!

Арфæ кæнын дæуæн æмæ УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы кусджытæн, афтæ ветерантæн профессионалон бæрæгбон — УФ-йы Æдасдзинады органты кусæджы боны цытæн.

Æхсардзинад, Фыдыбæстæйыл æнувыддзинад, иууыл зын уавæрты раст уынаффæ райсыны зонындзинад, физикон æмæ моралон æгъдауæй знаджы ныхмæ фæлæууыны миниуджытæй алыхаттдæр хицæн кодтой УФ-йы Æдасдзинады паддзахадон органты афицерты.

Ацы нысаниуæгджын боны дын мæ цæст уарзы æмæ УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы æппæт кусджытæн дæр фидар æнæниздзинад, фæрныгад, сабырад æмæ æнтыстытæ Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны хъуыддаджы.


Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы кусджытæн

Арфæ уын кæнын профессионалон бæрæгбон — Хъахъ-хъæныны паддзахадон службæйы боны цытæн.

Абон æдасдзинады фарстатæ сты иууыл ахсджиагдæр æмæ актуалондæр. Бирæ бæрцæй сымахыл баст у паддзахады фыццаг адæймæгты æдасдзинад ифтонгкæнынад, афтæ ма паддзахадон нысаниуæгджын объектты хъахъхъæнынад.

Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы хæстæ æнтыстджынæй æххæст кæнынæн хъæуы хъæддыхдзинад, æхсардзинад, компетентондзинад æмæ профессимæ æнувыддзинад. Растдæр ацы миниуджытæй хайджын стут сымах æмæ уын æххуыс кæнынц оперативон æмæ лæмбынæгæй æххæст кусын потенциалон æртхъирæнтæн мониторинг кæнынæн.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын ведомствойы ветерантæн, кæцытæ лæууыдысты хъахъхъæныны паддзахадон службæйы æндидзыны райдианы. Хуссар Ирыстон ног историйы зын хæстон æмæ хæсты фæстæ азты сымах равдыстат патриотизм æмæ æнæаиппæй службæ кодтат Райгуырæн зæххы хæрзиуæгæн.

Ныфс мæ ис, хъахъхъæныны паддзахадон службæйы кусджытæ дарддæр кадимæ кæй æххæст кæндзысты сæ службæйон хæс.

Ацы нысаниуæгджын боны мæ бузныг зæгъын фæнды æппæт кусджытæн се ’нтыстджын, æнувыд службæйы тыххæй æмæ сын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, сабырад, фæрныгад æмæ æнтыстытæ уæ зын æмæ бæрнон куысты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан