Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Фæндзæм  мæй  нæ  республикæйы  æххæст цæуы мадзæлтты комплекс Хуссар Ирыстоны цæрджыты мæлæтхæссæг вирус КОВИД-19 æй бахъахъхъæныны тыххæй.

Ацы хъуыддагмæ ахасты иууыл вазыгджындæр æмæ уæлдай эф-фективондæр у, вирус æхсæнады æнæконтролæй цæмæй ма апарахат уа, уый тыххæй республикæйы къухдариуæгад Уæрæсейы арæныл хизынæн сæрмагонд фæтк кæй сæвæрдта, уый.

Куыд адæмы бæрæг фылдæр хай, афтæ æхсæнадон змæлд «Адæ-мы ныфс» дæр хæцы æмбæстæгты æнæниздзинад æмæ æдасдзинад бахъахъхъæныны фæдыл къухдариуæгады куыст æмæ ист-цæуæг мадзæлтты фарс. Уымæ нæ кæсгæйæ, мах уынæм, кæй фæзынд æмæ кæй фылдæр кæнынц, ТрансКАМ æхгæд кæй у, уый кæй зæрдæмæ нæ цæуы, ахæм активон гоймæгтæ. Уыдон се ‘ппæт дæр – хъæрæй, фыццаграды – социалон хызæгты – домынц уыцы къуылымпыдзинад сисын, æндæр бæстæтæй æмæ регионтæй цæвиттонтæ хæсгæйæ. Фæндаг байгом кæнын æргомæй чи домы æмæ æхсæнад змæнтыныл чи архайы, уыдон иууылдæр сты фæсномыгтимæ. Фæлæ ис не ‘мбæстæгтæй ахæмтæ дæр, кæцытæ не ‘мбæхсынц сæ хъуыды æмæ зæгъынц: «Æз дæн фæндаг бакæныны фарс!». Æмбарынц æви нæ уыцы адæм, уымæй се ‘мбæстæгты сæдæгæйттæй мæлæтмæ кæй кæнынц?

Мах разы не стæм ахæм провокацион сидтытимæ. РХИ-йы Мид-хъуыддæгты министрад бафæдзæхста, фæсномыгтæ бæрндзинад-мæ конд кæй æрцæудзысты сæ халæн архайды тыххæй. Йæхирды-гæй фарс змæлд «Адæмы ныфс» хъусын кæны æргом дискусси-мæ йæ цæттæдзинады тыххæй нæ къухдариуæгады эпидемио-логон ныхмæлæууынады политикæйы ныхмæ чи у, уыдонимæ: кæд-фæндыдæр æмæ уыдонæй кæимæфæндыдæр цæттæ стæм цыфæн-ды конкретон фарстайы тыххæй дæр æртæрхон кæнынмæ æмæ сын сæ позицийы рæдыддзинад æмæ тæссагдзинад бауырнын кæ-нынмæ.

Мах бузныг зæгъæм нæ диссаджы медицинон кусджытæн, не ‘мбæстæгты æнæниздзинады сæраппонд уæхскуæзæй чи кусы, уыдонæн – уæ профессионалон сгуыхтдзинадæн аккаг аргъ æрцæу-дзæн Республикæйы адæм æмæ къухдариуæгады ‘рдыгæй. Афтæ ма бузныджы ныхæстæ зæгъæм РХИ-йы Мидхъуффыддæгты министрады кус-джытæн дæр, вирусы тасдзинадæй æмбæстæгты бахизыны сæраппонд сæ хæс намысджын æмæ æнæлазæй кæй æххæст кодтой, уый тыххæй.

Ацы аз 11 августы Уæрæсейы Президент Владимир Путин фехъусын кодта коронавирусы ныхмæ УФ-йы арæзтæрцæуæг вакцинæйы паддзахадон регистрацийы тыххæй. Змæлд «Адæмы ныфс» домы, цалынмæ вакцинæйы рауагъд апарахат уа æмæ дзы Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ спайда кæной, уæдмæ нæ республикæмæ коронавирус ма æрбаирвæзыны тыххæй уæвæг барæнтæ бахъахъхъæнын.

Уастырджи не ‘мбал!

Республикон æхсæнадон змæлд«Адæмы ныфс»-ы сæрдар   Гæджиты Радион

Ист æрцыд республикон æхсæнадон змæлд

«Адæмы ныфс»-ы Советы  рабадты

13.08.2020

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.