Хаджеты Таймуразы райгуырæн бонмæ

Ирон поэзийы къæбицмæ зынгæ хайбавæрд чи бахаста, уыдонæй иу у Къуыдаргомы Арашендайы хъæуккаг Джусойты Григорийы фырт Таймураз. 1 марты 1945 азы Гришæйы хæдзары цы ноггуырд фæзынд, уый ссис æппæт мыггаджы иумæйаг цинаджы нысан æмæ сæ фидæны ныфс. Нæ сæ фæкодта фыдæнхъæл Таймураз дæр, йæ цард кæд цыбыр уыдис, уæддæр ныууагъта ирд фæд йæ радтæг адæмы зæрдæты.

Къуайсайы астæуккаг скъолайы организатор Хуыгаты Альбинæйы хъæппæрисæй ауагътой мадзал поэты райгуырæн боны цытæн. Актон зал уыд бæрæгбонон фæлыст – иу къулыл экраны æвдыст цыдысты поэты цардæй видеороликтæ, иннæ къулыл конд уыд Кировы скъолайы рауагъдон Джиоты Къостайы конд Хаджеты Таймуразы ныв.

Мадзаламонджытæ Теблойты Камиллæ æмæ Хуыгаты Виктория æрдзырдтой поэты цард æмæ сфæлдыстадыл, æрбацæуджыты байхъусын кодтой Таймуразы фыст æмдзæвгæтæм Абайты Маирбеджы зæлынадæй.

«Ахæм поэт цы адæмæн ис, уыдон Хуыцауæй бузныг куыд нæ хъуамæ уой, афтæ рæдау сæм чи у. Йæ фыдæлты зæххыл афтæ æнувыд чи у æмæ йыл йæ уды уарзт сæрдыгон хъарм къæвдайы лыстæг æртæхтау чи луæрста, уыцы поэтæй нæ сæр бæрзæндты куыднæ хъуамæ хæссæм стырæй-чысылæй!», – радзырдта мадзаламонæг.

Поэт йæ арæхстджын æрмдзæфæй сфæлдыста бирæ æмдзæвгæтæ йæ райгуырæн Ирыстонмæ уарзондзинадыл, йæ зæрдæ тынг рыстис Къуыдаргомы зын царды уавæртыл æмæ уый тыххæй йæ катай равдыста йе ‘мдзæвгæты. Ахуыргæнинæгтæ ацы темæйыл бакастыты йе ‘мдзæвгæтæй.

Таймуразы сфæлдыстады стыр бынат ахсынц йæ лирикон æмдзæвгæтæ. Уыдон тыххæй ма йæ фырбуцæн ирон  Есенин дæр схуыдтой сфæлдыстадон дунейы.

Хæххон лæппу уæвгæйæ, Таймураз бирæ уарзта цæрæгойты, уæлдай уарзон ахаст ын уыдис бæхтæм. Йæ фыццаг чиныг мыхуыры куы рацыд, уæд уый гонорарæй балхæдта бæх æмæ йыл фыста æмдзæвгæтæ.

«Мæ дугъон бæх ызнæт уыди, бæгуы, –

Йæ сæфджытæ-иу сау къæйыл ныххоста.

Цы кодтаид, нæ зыдта уый, мæгуыр,

Йæ фыр тæвдæй-иу цъитийы дон нозта…», – фыста йе ‘мдзæвгæ «Мæ дугъон бæх»-ы.

Хаджеты Таймураз уыд алыварсон курдиатджын сфæлдыстадон гоймаг, кодта тæлмацы куыст, тынг хорз арæхстис зарынмæ. «Абон Хаджейы фырты æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ æххæст кæнынц нæ республикæйы зарæггæнджытæ Цоциты Аннæ, Гуыцмæзты Георги, Лаурæ Джабион æмæ бирæ æндæртæ», – загъта Теблойты Камиллæ. Ахуыргæни-нæгтæ азарыдысты Таймуразы æмдзæвгæтыл фыст зарджытæй цалдæр.

Хаджейы фыртæн мыхуыры рацыд æдæппæт 10 чиныджы:

«Уыдонæй бирæтæ тæлмац æрцыдысты уырыссаг, гуырдзиаг, цæцæйнаг, кæсгон æмæ æндæр æвзæгтæм. Уый та дзурæг у, Таймуразы сфæлдыстад зындгонд кæй у æрмæст ирон адæмæн нæ, фæлæ æндæр адæмтæн æмæ йæ кадджын ном æнусты дæргъы кæй цæрдзæнис æндæр бæсты дæр», – радзырдта Хуыгаты Виктория.

1979 азы Таймураз ссис Советон Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнг, фæлæ йæ иууыл стырдæр аргъгæнджытæ уыдысты йæ кæсджытæ. «Йæ адæм ын йæ поэтикон уацмыстæн стыр кад æмæ аргъ кæй кодтой, æмæ йæ уарзон ирон адæмы уарзон поэт кæй уыд, уый йын уыд æппæты стырдæр хæрзиуæг», – радзырдта мадзаламонæг.

1996 азы йæ цардæй ахицæн Таймураз, ныгæд æрцыд Цæгат Ирыстоны Ногиры уæлмæрды.

«Йæ уæлингæн йæ цырт – нымæр

 Кæсы йæ цæхæр цæст æрхуымæй

Тыхстæн йæ сонт митæй кæддæр

Ныр та? Кæй сæ нал кæны, уымæй!…» – йæ амæлæты фæстæ фыста йæ хистæр æфсымæр ирон æвзаджы прометей Джусойты Нафи.

«Иу афæдзы размæ не скъолайæн лæвæрд æрцыд Хаджеты Таймуразы ном. Мах сæрыстырæй райстам ацы хабар æмæ араздзыстæм æппæт дæр, цæмæй уæм нæ уарзон поэты кадджын ном хæссыны аккаг. Хъыгагæн нын, рæстæгыл, ома 1 мартъийы нæ бантыст, кæй фæрынчын стæм, уый аххосæй, фæлæ абон уæддæр æрбамбырд стæм æмæ кад кæнæм нæ уарзон поэтæн», – загъта Хуыгаты Альбинæ.

Мадзалы кæрон æрбацæуджытæ байхъуыстой, Таймураз йæ фырт Æфсатийæн чысылæй цы æмдзæвгæ-аргъау ныффыста «Рувас, уасæг æмæ лæг», уымæ Æфсатийы фырт Алыксандры зæлынадæй.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.