Дидинджытæ сæвæрыны  церемони

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан Республикæ Цæгат-Ирыстон Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисимæ дидинджытæ сæвæрдтой Санкт-Петербурджы Бесланы амæттæгты Монументы раз.

Дидинджытæ сæвæрыны церемонийы хайад райстой УФ-йы РХИ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр æмæ Санкт-Петербурджы ирæтты землячествойы минæвæрттæ.

Церемонийы кæрон Гаглойты Алан æмæ Сергей Меняйло бабæрæг кодтой Мады Майрæмы аргъуан, кæцыйы территорийыл ис цырт Бесланы амæттæгтæн.

 

Æмгуыстады тыххæй Сразыдзинадыл къухтæ фыст æрцыдысты

15 июны, 26-æм Петербурджы æхсæнадæмон экономикон форумы фæлгæтты къухтæ фыст æрцыдысты Хуссар Ирыстон æмæ Ленинграды областы ‘хсæн æмгуыстады тыххæй æхсæнхицауадон Сразыдзинадыл.

Сразыдзинад здæхт у дыууæварсон æмгуыстад æмæ алыгъуызон фадгуыты кæрæдзийæн пайдахæссæг партнерон бастдзинæдтæ рæзын кæнынмæ, сæйраджыдæр, базарад, сæудæджерад, туризм, культурон фæлтæрддзинад, социалон фадыг.

Документыл сæ къухтæ æрфыстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат æмæ Ленинграды областы губернатор Александр Дрозденко Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы хайадистæй.

Сразыдзинадыл къух æрфыссыны рæстæджы Александр Дрозденко загъта: «Хуссар Ирыстонимæ ацы Сразыдзинад махæн у ахсджиаг, уымæн æмæ мах активонæй рæзæм æмæ нæ продукци размæ кæнæм, нæ территори дæттæм иумæйаг проекттæ реализаци кæнынæн. Мах Хуссар Ирыстоны Хицауадимæ развæлгъау бадзырдтам, зæгъгæ, ахæм здæхтыты, куыд, сæудæджерад, энергетикæ, транспорт æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады нын ис конкретон проекттæ реалонæй реализаци кæнынæн».

 

Хуссар Ирыстон æмæ Хъырымы ‘хсæн Сразыдзинад

Æмгуыстады тыххæй Сразыдзинадыл къухтæ фыст æрцыдысты

Форумы фæлгæтты Санкт-Петербурджы уыдысты Хуссар Ирыстоны æмæ Хъырымы Республикæйы делегациты бадзырдтæ. 2023-2025 азты базарадон-экономикон, зонадон-техникон æмæ культурон æмгуыстады тыххæй Республикæ Хъырымы министры совет æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хи-цауады ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты Сразыдзинады реализацийы фæдыл пъланыл.

Пъланыл сæ къухтæ æрфыстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат æмæ Республикæ Хъырымы министрты советы сæрдары хæдивæг, Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур Республикæ Хъырымы минæвар Георги Мурадов.

 

Пъланы хынцыд сты иумæйаг мадзæлттæ ахæм фадгуыты, куыд инвестицион æмæ æддаг-экономикон архайд, амалиуæгад, сæудæджерад, туризм, культурæ, ахуырад, зонад, фæсивæдон политикæ, æнæниздзинады хъахъхъæнынад, физикон культурæ æмæ спорт, æхсæнадон бастдзинæдтæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Хъырымы ‘хсæн æмгуыстады тыххæй Сразыдзинадыл къухтæ фыст кæй æрцыдысты 2019 азы 18 апрелы Ялтæйы.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.