Абоны информацион тыгъдады архайæджы сæйрагдæр хæс у рæстæгыл, æххæст æмæ профессионалон æгъдауæй хæрзарæзт информаци парахат кæнын. Рæстæджы домæнтæн дзуаппдæттæг журналисты зонындзинæдтæ фылдæр кæнынæн бирæ фæрæзтæ ис. Уыдоны ‘хсæн ахсджиаг бынат ахсынц «Диалог культур»-ы форматы арæзт мадзæлттæ.

РХИ-йы информаци æмæ мыхуыры комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Харебаты Мая куыд радзырдта, афтæмæй Цхинвалæй форуммæ ацыдысты Дзыллон Информацион фæрæзты цыппар минæвары — ПТРК «Ир» æмæ ИА «Рес»-æй. Хуссар Ирыстон фыццаг хатт хайад исы ацы форумы.

«Фæхуыдтой нæ сентябры. Форум хъуамæ байгом уыдаид октябры райдайæны, фæлæ дунейы уавæр хынцгæйæ йæ фæстæдæр æмгъуыдмæ аргъæвтой. Телеуынынады минæвæрттæ ахастой сæхи проект, информагентад та — фотоæрмæг», — радзырдта Харебаты Мая.

Форумы бакодтой фоторавдыст «Я здесь живу», кæцыйы сæ куыстытæ бавдыстой фотоуацхæсджытæ æппæт дунейæ, сæ нымæцы ИА «Рес»-ы журналист Хуыбиаты Зæринæ. Телеуынынады минæвæрттæ та равдыстой сæ проект «Путешествие по миру».

Журналисттæ цардимæ æмдзу кæнынц, хъуыддаджы сын стыр æххуыс сты практикон мадзæлттæ фæлтæрд специалистты хайадистæй.

Ацы аз форум «Диалог культур» ацыд 24-26 октябры. Уым хайад истой 250-æй фылдæр æвзонг журналисты, кæцытæ хъахъхъæдтой Хуссар Ирыстон, Абхаз, Азербайджан, Сомих, Беларусь, Гуырдзыстон, Казахстан, Киргизи, Таджикистан æмæ Узбекистаны кад, афтæ ма Уæрæсейы субъектты минæвæрттæ. Фыццаг хатт форумы куысты хайад райстой Донецкаг æмæ Луганскаг адæмон республикæты журналисттæ.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.