Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимбайæн Республикæ Абхазы Конституцийы боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Рауль Джумкы фырт!

Хуссар Ирыстоны адæм, йæ къухдариуæгад æмæ дæм сæрмагондæй мæхи номæй æрвитын иууыл зæрдиагдæр арфæтæ ахсджиаг паддзахадон бæрæгбон – Республикæ Абхазы Конституцийы боны цытæн.

1994 азы бæстæйы сæйраг закъон райсгæйæ, уый ссис æфсымæрон Абхазы дарддæры рæзты бындур æцæг демократон барадон паддзахад аразыны фæндагыл.

Абон Республикæ Абхаз паддзахадон приоритеттæ лæмбынæгæй сбæрæг кæнгæйæ æмæ Сæйраг закъоны уагæвæрдтæ æххæст кæнгæйæ, æнæфæивгæйæ цæуы йæ равзæрст, арæзтады фæндагыл, æмбæстагон разыдзинад æмæ стабилондзинад фидар кæнгæйæ, закъондзинад æмæ фæткæвæрд ифтонг кæнгæйæ.

Ныфс мæ ис, Абхазы Конституци дарддæр дæр кæй лæггад кæндзæн стабилондзинад сфидар кæнын æмæ республикæйы дарддæры рæзты ориентиртæн.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Рауль Джумкы фырт, дæуæн æмæ Абхазы æппæт æмбæстæгтæн фидар æнæниздзинад, сабырад, фæрныгад æмæ дидинæфтыд».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.