Уæрæсейы президентæй Владимир Путины куы равзæрстой, уæдæй фæстæмæ оппозици æрмæстдæр кæны зианхæссæг куыст – цъыф калы бæстæйы разамынадыл, къуылымпы кæны размæцыд, хæццæдзинад тауы æхсæнады. Оппозицийы сæргълæууæгæй Алексей Навальный куы слæууыд, уæдæй фæстæмæ та парахат кæнынц ахæм легендæ, ома Уæрæсе у фырмæгуыр бæстæ Путины тыххæй, давынц дзы адæмы фæллой, хæлд дзы цæуынц æмбæстæгты бартæ. Фæлæ ацы критикæйæн йæ эффект рауад иннæрдæм, адæм нал баууæндыдысты 90-æм азтау уæйгæнджыты ныхæстыл, сæ ныгуылæн кураторты рæсугъд плæнттыл.

90-æм азты хæццæ дуджы адæм афтæ стыхстысты алыгъуызон абырджытæй æмæ зианхæссæг политиктæй, æмæ тæхуды кодтой тыхджын, карз æмæ рæстдзинадыл хæст разамонæгмæ. Æмæ сын ахæм разамонæг фæзынд 2000-æм азты – Владимир Путин. Абоны бон уæрæсейæгтæ сæрыстыр сты сæ президентæй æмæ ныр та домынц, цæмæй æрмæст президент нæ, фæлæ регионты сæргълæуджытæ дæр уой патриоттæ, кад кæной хуымæтæг адæмæн æмæ цæсгомджынæй æххæст кæной сæ хæстæ.

Оппозицийы уæнгтæм куы æркæсæм, уæд сын се ‘хсæн фенæн ис политикты, журналистты, актерты, спортсменты æмæ æндæр ахæм зынгæ гоймæгты. 2011-2012 азты Мæскуыйы протестон акцитæм рахызтысты интеллигенцийы минæвæрттæй дæр дзæвгарæй – лектортæ, ахуыргæндтæ, студенттæ. Цы сæ рацæуын кодта ахæм акцимæ?

Фыццаджыдæр æхца. Рабæрæг ис, уыцы протестон акцитæ комкоммæ финансгонд кæй цыдысты америкæйаг паддзахадон департаментæй. АИШ разы нæ уыд, цæмæй Путин ногæй Уæрæсейы президент уыдаид æмæ Навальныйы хуызæн уæйгæнджыты фæрцы фæнд кодтой паддзахадон фæфæлдæхт саразын.

Протестон  акциты  ма хайад райстой, æцæгæйдæр оппозиционерты ныхæстыл чи баууæндыд, ахæмтæ. Æмæ сæ æцæг бауырныдта, ома Путин æмæ иннæ къухдариуæггæнджытæ Уæрæсейы тæрынц сæрсæфæнмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æхца сын ничи фыста – сæхæдæг сæхи рæстыл дзурджытæ æнхъæлдтой. Оппозицийæн та ахæм категорийы адæм диссаджы лæварау уыдысты. Фæлæ цыбыр рæстæгмæ зондджындæртæ бамбæрстой, фæсарæйнаг бæстæты шпионтæ сæ сæ сау хъуыддæгты кæй пайда кæнынц, Путин кæй нæу Уæрæсейы знаг æмæ оппозици сæхæдæг кæй сты уæйгæнджытæ, уый.

       Куыд сайдтой адæмы?

Оппозицийы минæвæрттæй уыдис дæсны журналисттæ – бæстæйы разамынады дæлдзиныг кæныны темæйыл цыдæртæ-иу раст ныффыстой, тексты 90 проценты та-иу уыдысты æрымысгæ гæды ныхæстæ. Хуымæтæг адæм та уыдæттæ кæцæй зыдтой. Зæгъæм, цалдæр азы дæргъы Путинæй дзырдтой, зæгъгæ у ракæй рынчын æмæ тагъд амæлдзæн. Путины бæсты та, ома йæ халдих адæймаг æххæст кæны президенты хæстæ æмæ йын ахæм адæймæгтæ та ис æхсæзæй фылдæр. Куыд уынæм, афтæмæй дзы иууыл фылдæр маст æрхаудта Путинмæ, цынæ хуызон фидистæ йын кодтой.

2014 азы Олимпиадæйы хæдразмæ оппозиционертæ æгас дунейы фæдисы хъæр кодтой, зæгъгæ, Сочийы хуызæн хъарм бынаты ахæм спортивон мадзæлттæн нæй ауадзæн. Уæрæсейы разамынад, ома бæстæйы фæллой ныппаплой кæнынмæ хъавы Олимпиадæйы æфсон. Æмæ уыцы ныхæстæ кæйдæрты уырныдтой. Рæстæг рацыд æмæ сæ гæды ныхæстæ фæмæнг сты – Сочийы Олимпиадæ нымад æрцыд иууыл æнтыстджыныл æмæ йын йæ инфраструктурæйæ та ныры онг дæр пайда кæнынц.

Растдæр 2014 азæй фæстæмæ оппозицийы рæнхъытæ тæнæг кæнын райдыдтой – бирæтæ йæ æмбарын райдыдтой, Навальный æмæ йе ‘мбæлттæ патриоттæ уæйгæнджытæ кæй сты, Уæрæсе та се ‘нæуынон кæй у.

Адæм хатдзæгтæ аразын райдыдтой, ома кæд оппозицийы ныхæстæм гæсгæ Уæрæсейы разамынад æрмæстдæр давгæ кæны, æгъатырæй пырх кæнынц экономикæ, сæ капиталтæ фæсарæнтæм ласынц, уæд сын Европæ æмæ АИШ-имæ хорз ахастытæ цæмæннæ ис, экономикæ азæй-азмæ цæмæн тыхджындæр кæны, фæсарæнтæм сæ цæмæннæ исчи алыгъд? Æппæт ацы фарстатæн оппозицийæ дзуапп никæмæ ис. Алексей Навальный Уæрæсейы экономикæйы хуыдта бынтон лæмæгъ, фæлæ уæд 2022 азы 18 мин санкцийы фæстиуæгæн цæмæннæ ныппырх? Цæмæн тыхджын кæны паддзахад? Цæмæн фылдæр кæнынц заводтæ æмæ æндæр ахæм кондадтæ?

Абоны бон Уæрæсейы иунæг ахæм æмбаргæ адæймаг дæр нæй, Путинæн кад чи нæ кæны, нæ йæ нымайы иттæг хорз президентыл, патриотыл. Æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ ма æгас дунейы дæр нымад у хъомысджын политикыл. Факттыл æмæ хъуыддæгтыл куы дзурæм, уæд Навальный, Ходарковский, Каспаров æмæ æндæр ахæм оппозиционертæ 20-æм æнусы иууыл фылдæр разиан кодтой Уæрæсейæн сæ антиадæмон архайды фæстиуæгæн.

Фæсарæнтæй егъау масштабон  протестон акцитæ саразæн нæй, хъуамæ бынаты æхсæнады минæвæрттæй разына цыренгæнджытæ, ома, митингы хайадисджыты хæлцæй æмæ æхцайæ чи ифтонг кæна, чи сын амона раст архайын. Æмæ ахæм уæйгæнджытæ та бирæ сты, куыд фæдзурынц – «мæсыг хи дурæй сæтты». Сæхи бæлвырдæй раргом кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы. Украинæйы æрцæугæ цауты æмæ уый фæстиуæгæн санкцитæ рахæссыны фæстиуæгæн Уæрæсейы æвзæрмæбæлджыты, уыдоны ‘хсæн уæрæсейаг æмбæстæгты дæр, фидарæй уырныдта, ома цыбыр рæстæгмæ Уæрæсейы Федераци ныппырх уыдзæн, æмæ сæ цинæн кæрон нал уыд. Чидæртæ дзы фæстæдæр фæфæсмон кодтой, сæ цин æргомæй кæй равдыстой, ууыл, фæлæ куыд фæдзурынц, «поезд уæдмæ афардæг».

Уæрæсейы Федерацийы цæрджытæ митингтæй фæлмæцыд сты. Фæсарæйнаг пропагандæйы фæрцы советон адæмæн 40 азы размæ иллюзи сарæзтой, ома ныгуылæны цард тæхудиаг у æмæ 90-æм азты Горбачев æмæ йæ хуызæн уæйгæнджыты фæстиуæгæн хъомысджын паддзахад раууатмæ æрхаудта, мæгуыргуры ном ыл сбадт. Адæмы сайын райдыдтой дзырд «демократийæ» æмæ «агуылф» кодтой Ельцины фæстæ. Фæлæ йæ тагъд рæстæджы бамбæрстой, ныры дуджы дзырд «демократийы» синонимтæ кæй сты «абырæг», «цæстфæлдахæг», «мæнгард».

90-æм азты уæззау цард куы нæ бавзæрстаиккам, уæд нæм, æвæццæгæн, абон дæр ныгуылæны цард хуыздæр кастаид. Фæлæ йæ рæстæг равдыста, 90-æм азты адæм æнæхъуаджы кæй баууæндыдысты ныгуы­лæны пропагандæйыл, кæй та нæ фæсайдтой радон хатт.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.