Ерцъо-Синагуры фæндаджы арæзтадты æртыккаг этап кæронмæ фæхæццæ кæны. Стратегион нысаниуæг ын кæй ис, уымæ гæсгæ йæ арæзтадмæ стыр хъусдард здæхт цæуы, куыд Уæрæсейы, афтæ республикæйы разамынады ‘рдыгæй дæр. Нæ республикæмæ уазджытæ куы æрцæуы Уæрæсейы Федерацийæ, уæд æнæмæнг бабæрæг кæнынц ацы объект.

Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты пресс-службæйы нын куыд радзырдтой, афтæмæй Ерцъо-Синагуры  фæндагыл куыстытæ цæуынц снысангонд æмгъуыдты æмæ хъуамæ фæуой ацы аз фæззæджы. Фæлæ фæндагаразджытæ кусынц тагъд темптæй æмæ æппæт куыстытæ дæр план кæнынц сæрды æмбисы фæуын.

Аразинаг ма дзы цы фадыг баззад, уым ныртæккæ цæуы интенсивон куыст. Проектмæ гæсгæ фæндагæн йæ фæтæн хъуамæ уыдаид 4,5 метры, фæлæ йæ нæ Хицауады уынаффæмæ гæсгæ фæуæрæхдæр кодтой æмæ у 6 метры бæрц æмæ йыл сæрибарæй цæудзысты стыр машинæтæ дæр кæрæдзийы фæрсты. Арæзтадон куыстытæ ам кæнынц «Комавтодор»-ы подрядон организаци, раздæры паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-йы кусджытæ, кæцытæн фæндагон арæзтады куыстыты ис стыр фæлтæрддзинад. Уый та сын æххуыс у сæ разылæууæг хæстæ профессионалонæй æмæ гъæдджынæй æххæст кæнынæн. Фæндагаразджытæ сæ куыст афтæ сплан кодтой æмæ ныртæккæ дæр ацы цæрæн пункты цæрджытæн сæ бон у фæндагыл цæуын, афтæ ма арæнхъахъхъæнджытæн дæр сæ бон у сæ хæстæ æдыхстæй скъуыддзаг кæнын. Фæндагыл цæуæн раздæр нæ уыд  суанг КамАЗ-машинæтыл дæр, горæтæй цæугæйæ-иу машинæйы хъуыд æртæ сахаты бæрц, цæмæй бынатмæ бахæццæ уыдаид. Амы хъæуты цæрджытæн сæ сæйраг домæн уыд, цæмæй сæм сырæза фæндаг æмæ цы тыллæг æркæнынц, уыдон ласыны фадат сын уа базармæ. Уæлдай тынг тыхстысты Карзманы хъæуы цæрджытæ. Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн арæн æвæрд куы æрцыд, уæд сæ бахъуыд сæ базайрæгты нæ горæтмæ æрласын æмæ уым уæй кæнын. Фæлæ сæм фæндаг кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ сæм транспорт дæр нæ цыд. Ныр уыцы хъæутæм сырæзт фæндаг, дыууæ хид кæм ис, ахæм æмæ йыл цæуынц сæрибарæй. Цæмæй ам цы хъæутæ ис, уыдоны цæрджытæ кæрæфæндаг дзимæ цæуой, уый тыххæй та сын арæзт æрцыд чысыл хид, къахæй йыл ахизынæн. Капиталон арæзт хидыл дардыл æрзилын хъæуы. Ацы хъæуы ма цы цæрджытæ баззад, уыдонмæ сæ хъус дарынц арæнхъахъхъæнджытæ дæр, зымæгон бонты сын баласынц хæлцадон продукттæ лæварæй, радтынц ма сын дизелон æртаг дæр.

Фæндаджы арæзтад æцæгæйдæр у уникалон. Йæ аив арæзт адæймаджы дисы æппары. Ныртæккæ фæндаг кæуылты цæуы, уый бирæ рæтты лыг кодтой хъæдыл, бæлæстæ цæгъдгæйæ, афтæ рæгътыл дæр. Фæндагон змæлды æдасдзинад ифтонг кæныны нысанæн фæндаггæрæтты былтыл æвæрд цæуынц æфсæн-бетонон конструкцитæ, афтæ ма фæндагон змæлды нысæнттæ дæр, арæх дзы мигъ кæй ныббады, уый тыххæй та дзы сæвæрдтой сæрмагонд сигналон нысæнттæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.