Бекъойты Геннади ауагъта Хицауады рабадт, цыран æруынаффæ кодтой «2022 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фарстыл, кæцы баст у Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдæртты тыххæй.

5-æм марты къухтæ фыст цы уынаффæйыл æрцыд, уымæ гæсгæ корректировкæтæ бандæвтой паддзахадон бюджеты хардзон хаймæ ахæм здæхтыты: ахуырад, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ социалон рæзт, культурæ, Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, æххæсткæнынады хицауады органты æмæ æндæрты архайд, афтæ ма дих æрцыдысты бюджетон ассигнацитæ бюджетон фæрæзты сæйраг дихгæнджыты фæндæттæм гæсгæ.

Хицауады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй æввахс рæстæджы уагъд æрцæудзæн Хицауады радон рабадт, кæцыйы боны фæткмæ хаст æрцæудзысты оперативонæй цы фарстытæ скъуыдздзаг кæнын хъæуы, уыдон.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.