Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли уыд, уæззау онкологон низы ныхмæ чи тох кæны, уыцы æхсæрдæсаздзыд Джыгкайты Георгийæн баххуыс кæныны тыххæй фонд «Культурный центр «АРТ» горæт Цхинвалы администрацийы æххуысæй цы хæрзаудæн концерт сорга-низаци кодта, уым.

Паддзахадон киноконцертон зал «Чермен»-ы сценæйы Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны аивæдты дæснытæ равдыстой 25 ирд зарæгон æмæ музыкалон номыртæ. Оргнизаторты, артистты, афтæ ма Джыгкайты Георгийыл кæй зæрдæ риссы, уыдоны цæст ын уарзта, цæмæй тагъд рæстæджы сæнæниз уа.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, абон æгас Ирыстоны адæмæн сæ зæрдæтæ кæй риссынц Джыгкайты Георгийыл, кæцы хос кæны Израилы, æмæ йе ‘рцыдмæ æнхъæлмæ кæсынц. Уый бузныджы ныхæстæ загъта мадзалы организатортæн, афтæ ма, акцийы хайад чи райста æмæ чи баххуыс кодта, уыдонæн.

«Абоны бон цы адæймаг аразы хорз хъуыддаг, уый æрмæст Джыгкайты мыггагæн нæ аразы, фæлæ æнæхъæн республикæйæн. Абоны зиу нын бирæ тыхтæ радта. Цас фылдæр æххуыс кæнæм адæмæн, уыйас тыхджындæр кæнæм. Уый у ак-сиомæ», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, уый дæр æмæ хицауады æндæр минæвæрттæ дæр æрбацыдысты концертмæ, куыд службæйон гоймæгтæ нæ, фæлæ республикæйы хуымæтæг адæм, кæцыты фæнды Джыгкайты Георгийы фарсмæ балæууын.

«Георги æнæмæнгæйдæр сæнæниз уыдзæн. Уый нырма йæ хорз хъуыддæгтæй хъуамæ йæ бинонты, йæ мыггаджы æмæ мах зæрдæтæ барухс кæна. Æз ма йæ ноджы иу хатт фæлхатт кæнын, ацы залмæ кæй æрбацыдтæн куыд Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, æмæ цы æххуыс лæвар кæнын, уый уыдзæн мæ бинонтæй», – загъта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.