Хуссар Ирыстоны хъæды хæдзарады Управленийы кусджытæ республикæйы территорийыл ныссагътой хъырымаг назбæласы талатæ, – фехъусын кодта Управленийы сæргълæууæг Чилæхсаты Таймураз.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2200 назбæласы талайы сагъд æрцыд Цхинвалæй Къуернеты хъæуы ‘рдæм фæндаджы былтыл.

«Хъырымаг назбæласы 2800 талайы та нæ управленийы кусджытæ ныссагътой Цхинвал-Ленигоры районы ‘рдæм фæндаджы былыл», – банысан кодта Чилæхсайы фырт.

Хъæды хæдзарады пълæнтты ма ис сырх тулдзы талатæ ныссадзын дæр.

«Нæ пълæнттæ сæххæст кæнынæн нæ бахъыгдардтой æрдзон уавæртæ, фæлæ сæ фæззæджы мах æнæмæнг ныссадздзыстæм», – банысан кодта уый.

Чилæхсайы-фырт ма банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы хъæды хæдзарады Управлени æрвылаз дæр æххæст кæны бæлæс-тæ ныссадзыны фæдыл мадзæлттæ.

ИА «Рес»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.