Тыбылты Александры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет ацы ахуыры аз бацæттæ кодта æмæ ауагъта 30 егъау мадзалæй фылдæр. Уыдон уагъд æрцыдысты ацы дæлбар ахуыргæнæндоны 90 азы цытæн. Цæвиттон уыд юбилейон æвзист æхцайы презентацийы, кæцыйы рауагъта РХИ-йы национ банг, байгом чингуыты палатæ, Фыдыбæстæйон хæсты темæйыл лекцитæ цикл – зындгонд ахуыргæндты хайадистæй, баконд æрцыд психологон æххуысы центр, уагъд æрцыд хуссарирыстойнаг æмæ донецкаг психологтæ æмæ хайадистæй тымбыл фынг, «Россия и Южная Осетия в контесте безопасности Кавказа» ахæм темæйыл дæр уагъд æрцыд тымбыл фынг, цыран хайад райстой эксперттæ-политологтæ Уæрæсе, Израиль æмæ Хуссар Ирыстонæй. Ауадзинаг та сты егъау æхсæна-дæмон фæсивæдон форум ХИПУ-йы фæзуатыл. Уым хайад райсдзысты Уæрæсе, Сири, Абхаз, Сомих, ДАР, ЛАР æмæ Цæгат Кавказы Федералон университет.

Ацы бонты та нæ университеты студенттæ хайад райстой Æхсæнадæмон зонадон-студентон олимпиадæйы.

Уым экономикæ æмæ амалиуæгады факультеты студенттæ бацахстой æртыккаг бынат. Олимпиадæ уагъд цыд Уæрæсейы Федерацийы Хицауады цур финансон университеты. Уыдон, ома, ацы факультеты студенттæ, ивгъуыд аз дæр уыдысты ацы Олимпиадæйы хайадисджытæ. ХИПУ-йы экономикæ æмæ амалиуæгады кафедрæйы гæс, профессор Коцты Жаннæ куыд зæгъы, афтæмæй олимпиадæ ауадзыны нысан уыд историон-экономикон зонæдты, экономикон хъуыдыкæнынады культурæ æмæ ахуырадон уагдоны престиж фæбæрзондæр кæнын студентты ‘хсæн. Кафедрæйы гæс ма куыд загъта, афтæмæй студентты архайдæн уыд хорз фæстиуæг, кæд æртыккаг бынат бацахстой, уæддæр. Конкурс конд уыд дыууæ турæй – индивидуалон-командон марафон æмæ хæдзармæ æрмæг. ХИПУ-йы студенттæ сæххæст кодтой конкурсы домæнтæ. Жюри алы фарстæн дæр аргъ кодта балтæм гæсгæ. Хайадисджытæ бирæ уыдысты æмæ уыдон æхсæн æртыккаг бынат бацахсын дæр æнцон нæ уыд. Олимпиадæйы хайад цы студенттæ истой, уыдон уыдысты дыккаг æмæ фæндзæм курсыты студенттæ æмæ иттæг райгондæй баззадысты, ахæм мадзалы хайад кæй райстой, уымæй æмæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын фæахъаз сæ зонындзинæдтæ бæрзонддæр кæнынæн.

ХИПУ-йы пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй университеты журналистикæйы студенттæ цæттæ кæнынц тематикон мадзæлттæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.