Кады ордены кавалер, РХИ-йы адæмон нывгæнæг, РХИ-йы Национ музейы реставратор, архитектор, куыстуарзаг æмæ хæрзæгъдау адæймаг  Багаты Федоры фырт Федмары (Феликс) арæхстджын æмæ сыгъзæрин къухты æрмдзæф ирдæй зыны нæ горæты уынгтæй бирæты.

Мемориалон фæйнæджытæ сарæзта бирæ зынгæ адæймæгтæн, куыд зæгъæм, нывгæнæг Хъотайты Григори, фысджытæ Дзугаты Георги, Гуыцмæзты Алеш, Икъаты Владимир, Асаты Реуаз, режиссер Хъайырты Владимир, æмæ æндæртæн. Уæдæ нæ горæты Абайты Васойы хæдзар-музей дæр арæзт у Федмары проектмæ гæсгæ. Цалдæр азы размæ йæ хайбавæрд бахаста Мæскуыйы Чырыстон аргъуаны реставрацион куыстытæм дæр.

23 азы бæрц  Федмар цæсгомджынæй фæкуыста газет «Хурзæрин»-ы («Советон Ирыстон») нывгæнæг-ретушерæй.

Ацы аз 1-æм январы газет    «Хурзæрин»-ы фыццаг номыры рацыдыл 100 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд мæ хæсыл банымадтон  Багайы фырты тыххæй  нæ газеты фæрстыл хъарм ныхæстæ зæгъын. Иуæй  газетæн уал азы дæргъы кæй балæггад кодта, уымæн æмæ йын  йæ 70 азы юбилеймæ Адæмон нывгæнæджы кадджын ном лæвæрд кæй æрцыд. Йæ 75 азы юбилеймæ та йæ президент Гаглойты Алан схорзæхджын кодта Кады орденæй. Иннæмæй та ацы знæт æмæ æгъатыр дуджы Федмары хуызæн зæрдæхæлар æмæ хæрзæгъдау  адæймæгтæ скадавар сты. Стæй ма у йæ хъуыддаджы æцæг дæсны дæр. Æппынæдзух йæ ныхас уæздан æмæ хиуылхæцгæ. Гуымир ныхас дзы никуы ничи фехъуыста. Мæнæ куыд фæзæгъынц, мæлдзыджы хъыджы дæр, дам, никуы бацыд, раст ахæм адæймаг у Багайы фырт.

«Хурзæрин»-ы (раздæры «Советон Ирыстон»)  куы куыста, уыцы рæстæджы нæ уыд компьютертæ æмæ æндæр нырыккон фæрæзтæ. Редакцийы къамисæг-иу къамтæ куы систа, уæд-иу сын хъуыд сæ гъæд фæхуыздæр кæнын. Æмæ-иу Феликс (афтæ йæ хуыдтам) йæ арæхстджын къухтæй тушæй æрхæххытæ кодта къамты-иу кæм хъуыд фæирддæр кæнæ фæтардæр кæнын, уымыты. Бирæ хатт-иу æй бахъуыд  ахорæнты сæр дæр. Афтæмæй къамтæ Федмары фæрцы газеты цыдысты гъæдджынæй.

 

Сабибонтæ, ахуыры азтæ

Райгуырд Цхинвалы интеллигентон бинонты ‘хсæн.  Чысылæй, 5-аздзыдæй аскъуыддзаг кодта нывгæнæг кæй суыдзæн. Йæ фидæны професси равзарынæн ын тынг фæахъаз зынгæ нывгæнæг Тугъанты Махарбегимæ фембæлд. Йæ фыд Федор уыд нæ паддзахадон драмон театры актер æмæ Махарбег Сафары фырт та театры куыста нывгæнæгæй.  Уый йæ фырт Энверимæ цард Сталины уынджы Национ бангы ныхмæ æмæ-иу сæм Федор арæх фæуазæг.

«1952 азы мæ иу хатт, мæ фыд йемæ акодта. Уæд уæззау рынчын уыд Махарбег. Мемæ ахастон тетрады сыфтæ зынгæ советон карикатуристтæ КуКрыНиксты нывтимæ. Мæхи къухæй сæ раныв кодтон журнал «Крокодил»-æй.

Махарбег  рынчынæй дæр нæ базивæг кодта æмæ мын мæ нывтæ федта, раппæлыд мæ æмæ мын загъта, зæгъгæ, дæ къух дырысæй кусы æмæ дæм æнхъæлмæ кæсы хорз фидæн. Мæ ныййарджыты ныхæстæй зыдтон, Тугъанты Махарбег стыр адæймаг кæй у,  æмæ-иу ын алыхатт дæр æрæмысыдтæн йæ ныфсæвæрæн æмæ разæнгардгæнæн ныхæстæ. Æниу мæ фыд тырныдта, цæмæй бауарзтаин сценæ æмæ суыдаин  актер.

Актерты сывæллæттæ театрмæ æрмæст цæугæ нæ кодтой, фæлæ ма спектаклты массовкæты дæр хъазыдысты. Стыр æхцондзинад-иу райстам актеры уæлæдарæс, грим кæныны процедурæтæй æмæ сценæйыл «хъазтæй». Фæлæ мæ уæддæр йæхимæ æлвæста нывкæнынад æмæ мæ ныййарджытæ аскъуыддзаг кодтой, зæгъгæ,  ме сфæлдыстадон рæзтæн фæахъаз уыдзæн нывкæныны професси дæр. Нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы  9-æм кълас каст куы фæдæн æмæ Нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ куы бацыдтæн, уæд мæ ныхмæ ницыуал загътой.

Уыцы рæстæгмæ Тугъанты Махарбег сæрæгас нал уыд. Цардæй ахицæн фыццаг хатт æй куы федтон, уæд – 1952 азы. Тугъаны фырты фæстæ ахуыргæнæндоны сæргъ бирæ азты дæргъы лæууыд Хъотайты Григори. Уый æппæт тыхтæй дæр бацархайдтад, цæмæй Нывгæнæн ахуыргæнæндон ма сæхгæдтаиккой. Уымæн æмæ ахæм ныхæстæ хъуыстысты Гуырдзыстоны централон разамынады ‘рдыгæй. Григори уыд алыварсон курдиаты хицау. Фæндыд мæ ахуыр Нывгæнæн академийы адарддæр кæнын. Аскъуыддзаг кæнын мæ хъуыд кæцы горæтмæ ацæуон, уый. Нæ курс уыд курдиатджын æмæ хъæлдзæг.  Æрхъуыды кодтам нæ хъысмæт ахæм амалæй сбæрæг кæнын: æрцауыгътам Советон Цæдисы картæ, райстам цыргъ систæ æмæ сæ райдыдтам картæйыл æхсын. Мæ сис сæмбæлд Украинæйыл. Уый та нысан кодта, хъуамæ ацæуон Киевы нывгæнæн академимæ. Мæ фыд мæ уæддæр нæ уагъта, домдта, цæмæй бацыдаин театралон институтмæ. Йæхæдæг актерон факультет каст фæцис Ленинграды æмæ йæ фæндыд, цæмæй йын сфæлхатт кодтаин йæ хъысмæт. Æгæрыстæмæй, мын Облæххæсткомы культурæйы хайадæй райста лимит дæр. Мæ фыды тынг уарзтон æмæ йæм хъуыстон, фæлæ ацы хатт барæй байрæджы кодтон Ленинграды академимæ документтæ бадæттынмæ æмæ уырдыгæй комкоммæ ацыдтæн Киевмæ. Æнтыстджынæй радтон бацæуæн фæлварæнтæ архитектурæйы факультетмæ. Цымыдисон мын уыд уым ахуыр кæнын, фæлæ мын фыццаг сессимæ проблемæтæ райдыдтой: фæдзырдта мæм ректор æмæ мын загъта, зæгъгæ, дам, хъуамæ сахуыр кæнай… украинаг æвзаг, уымæн æмæ, дам, дæ фæлварæнтæ уырыссаг æвзагыл ничи райсдзæн», – загъта уый.

Канд Гуырдзыстон нæ арæзта фæлварæнтæ  йæхи æвзагыл! 1965 азы Советон Украинæйы разамынад бафæлвæрдта уæлдæр ахуырад æххæстæй украинæйаг æвзагмæ ракæнынмæ. Иуæй-иу уæлдæр ахуырадон уагдæтты сæххæст кодтой ацы националистон домæн, иуæй-иутæ та йæ ницæмæ дардтой цалдæргай азты дæргъы. Иу хорз уыд æмæ ацы æнæраст националистон процесс  Мæскуы æрурæдта», – дзырдта Багайы фырт.

Федмар ахуыр кодта хорз, фæлæ украинаг æвзаг кæй нæ зыдта, уымæ гæсгæ йæ бон уыд æрмæстдæр хахнывкæнын, графикæ, сæрмагонд предметтæй фæлварæн радтын. Иумæйагахуырадон предметтæ – математикæ, физикæ архитектурон факультеты уыдысты æнæмæнг предметтæ. Йе ‘мкурсонтæ йын бæргæ æххуыс кодтой, ахуыр æй кодтой, кæд сæм худæг каст йæ акцент, уæддæр.

«Ленинграды фæстæ фыстæджытæ нæ фыстон хæдзармæ, тарстæн мæ фыдæй, фæлæ мæ уавæр  тыхст кæй уыд, уымæ гæсгæ сын хъуамæ фехъусын кодтаин Киевы кæй дæн, уый тыххæй. Фæлæ уæдмæ мæ фыд мæ агурæг æртахт Ленинградмæ æмæ сбæрæг кодта Украинæйы  кæй дæн, уый. Киевы мын мæ проблемæты тыххæй куы базыдта, уæд мæм фæхыл кодта. Фæлæ мын аскъуыддзыг кодта мæ фарст Тбилисы нывгæнæн академийы 2-аг курсмæ  раивыны тыххæй. Гуырдзыстоны ахуыр нырма уырыссагау цыд. Академи каст фæдæн æнтыстджынæй æмæ мæ арвыстой Ленинграды эстетикæйы институтмæ. Институты мын радтой венгриаг студи. Уым Венгрийæн арæзтам проекттæ чысыл дачæты хæдзæрттæ, чысыл формæтæ, скульптурæтæ æмæ афтæ дарддæр. Тынг цымыдисон куыст уыдис, фæлæ дзы бирæ нæ бакуыстон, бинонты уавæрмæ гæсгæ æрæздæхтæн Цхинвалмæ. Ам архитектортæ нæ хъуыд, паддзахадон арæзтады хъуыддæгтæ хаудтой  Гуырдзыстоны паддзахадон структурæтæм, стæй арæзт дæр уадиссаг ницы цыд», – Федмары зæрдыл æрлæууыдысты уыцы азты цаутæ.

 

Ретушер-иллюстратор

Æмæ уæд Федмар (Феликс) кусын райдыдта газет «Советон Ирыстон»-ы нывгæнæг-ретушерæй. Уыцы иурæстæджы-иуын фæзынд стæм сæрмагонд закъазтæ хæдзæрттæн проекттæ арæзтады фæдыл. Уæлдæр ма йæ куыд загътон, афтæмæй газеты бакуыста 23 азы бæрц. Редакцийы коллективимæ цард æнгом æмæ хæларæй. Йе ‘мкусджытæй йын алчидæр кад кодта. Ныр дæр йæ раздæры коллегæтæй искæуыл куы амбæлы, уæд æрымысынц уыцы азты хъæлдзæг царды тыххæй.

Уый фæстæ йæ фыссæг Гæбулты Мелитон кусынмæ фæхуыдта чингуыты рауагъдад «Ирыстон»-мæ нывгæнæг-иллюстраторæй. Иллюстрацитæ сарæзта  300 чиныгæй фылдæрæн. Фæстæдæр та уыд рауагъдады директор. Фæлæ уæдмæ рауа-гъдадимæ дæр райдыдтой проблемæтæ, æниу уæд нырма хаттæй-хатт куыстой советон зæронд бастдзинæдтæ. Иу хатт Харьковы типографы нызакъаз кодтой Дюмайы чиныг «Графиния де Монсоро». Уыдон æй смыхуыр кодтой æмæ йæ поездыл рарвыстой. Фæлæ чиныджы æнæхъæн тираж Гуры гуырдзиæгтæ сæхицæн ахастой æмæ йæ ауæй кодтой…

Сфæлдыстадон куыстæй йемыдзаг уæззау

 рæстæджытæ

Федмар арæзта проекттæ, хайад иста конкурсты, æгæрыстæмæй йын уыд паддзахадон закъазтæ дæр. РХИ-йы раздæры президент Кокойты Эдуард æм бахатыд, цæмæй горæты цадæн æрхъуыды кодтаид проект. Сарæзта пляжон фадыг æмæ сывæллæтты кафеимæ (хъыгагæн, финансты аххосæй гæххæттыл фыстæй баззад). Афтæ ма арæзта чеканкæтæ, мельхиорæй кæрдтæ кæрддзæмтимæ. Кусын райдыдта Национ музейы реставраторæй. Абоны онг дæр фæллой кæны уым.

Ныр дæр æй баййæфтам музейы йæ кусæн кабинеты Советон Цæдисы хъайтар Сабанты Григорийы портрет реставраци кæнгæйæ.  Йæ реставрацион кабинет у йæхи сæрмагонд æрмадз дæр. Уым сты йæ проекттæ, куыд зæгъæм, Абайты Васо æмæ Хетæгкаты Къостайы цыртыты кроктæ (моделтæ). Йæ куыстытæй бирæтæ арæзт уыдысты конкурсты хайад райсыны тыххæй. Уыимæ бирæнымæц проектты та  сарæзта  йæ зæрдæйы фæсидтмæ гæсгæ. Уымæн æмæ æцæг нывгæнæг хъуамæ фæлдиса æппынæдзухдæр. Фæнд кæны йæ национ орнаменттæ хицæн чиныгæй рауадзын, æмæ уый тыххæй та хъæуы Адæмон нывгæнæгмæ хъусдард аздахын æмæ йын баххуыс кæнын рауагъд бацæттæ кæныны хъуыддаджы.

Нывкæныны сусæгдзинæдтæ

 амоны рæзгæ фæлтæрæн

2008 азы йæ Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы раздæры директор (дзæнæттаг) Кæсойты Лавренти фæхуыдта лицеймæ ахуыргæнæгæй. Абон дæр сывæллæттæн амоны нывкæнын æмæ композицийы сусæгдзинæдтæ. Лицей уыд нывгæнджыты центр, æмæ Лавренти Павелы фырт та – йæ зæрдæ. Æппынæдзух сæм уазджытæ цыд Уæрæсе æмæ Европæйæ.  Лицейы сывæллæтты ‘хсæн бирæ курдиаттæ уыд æмæ ис абон дæр. Уыдон сæ ахуыр адарддæр кæнынц Мæскуы æмæ Петербургы, се ‘хсæн ис архитектортæ дæр.

«Абон актуалон у Цхинвалы зæронд объекттæ бахъахъхъæнын, цæмæй Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт йæ индивидуалондзинад ма фесафа. Зæронд хид пырх æрцыд. Фæлæ Театралон фæзуаты æмæ горæты уынгты зæронд назбæластæ куынæуал уой, уæд нæ уарзон Цхинвал йæхи хуызæн нал уыдзæн. Суыдзæн ног арæзтæдтимæ мингай æндæр горæтты хуызæн. Бирæ цымыдисон бынæттæ нæм ис, æмæ уыдонæй саразæн ис культурон объекттæ. Раздæры кинотеатр «Ирыстон»-ы бынатæн сарæзтон проект сывæллæтты сквер, къаннæг фонтантимæ, бирæ бæлæстимæ, цæмæй дзы аууон уа. Проект куы бахъæуа, уæд цæттæ у.

Цалдæр азы размæ расидтысты конкурс горæты æрбахизæны срæсугъд кæныны тыххæй. Æз бавдыстон мæ проект. Æрхъуыды йæ кодтон уартæ 80-æм азты, национ стилы, алайнаг барджытимæ дыууæ фарсырдыгæй дæр, фæлæ конкурс реализаци не ‘рцыд финансты аххосæй. Ис мæм Абайты Васойы скульптурæйы крок. Мæ фæнд у ахуыргонды хæдзар-музейы кæрты йæ сæвæрын, афтæ ма хорз уаид горæты скверæн дæр.  Мæ проектмæ гæсгæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн цыртытæ æвæрд æрцыдысты  Ленингор æмæ Знауыры поселокты центрты. Арæзт у алайнаг æмæ уырыссаг хæстонты фигурæты хуызы», – радзырдта Багайы фырт.

Федмар æмæ йæ цардæмбал Лейлæ схъомыл кодтой дыууæ хъæбулы. Сæ фырт Алыксандр равзæрста йæ фыды дæсныйад. Нывгæнæгæй кусы Дзæуджыхъæуы. Чызг Эльми та кусы «БТК-4»-йы инженер-программистæй. Федмарæн ис фондз хъæбулы хъæбулы æмæ сæ хурæй æфсæст уæд!

Нæ зæрдæ йын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ дарддæры сфæлдыстадон æнтыстытæ.

                                                                                                                                    ДЖИОТЫ Екатерина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.