Мыхуыры рацыд ӕмӕ йӕ кӕсджытӕм фӕхӕццӕ журнал «Ногдзау»-ы ацы азы фыццаг номыр. 90 азы сӕххӕст фыццаг ирон сылгоймаг-барӕг, цирчы артисткӕ, дрессировкӕгӕнӕг, Советон Цӕдисы адӕмон артисткӕ Тугъанты Дзерассӕйыл. Уый тыххӕй дзы ис йӕ архайды фӕдыл цыбыр зонӕнтӕ ӕмӕ йӕ къам. Рубрикӕ «Журналы уазӕг»-ы редакцийы фарстатӕн дзуаппытӕ дӕтты ӕвзонг поэт, литературон къорд «Суадон»-ы архайӕг, литературон преми «Булӕмӕргъ»-ы лауреат Бестауты Аланӕ. Дарддӕр «Бӕрӕгбӕттӕ»-йы дзырдӕуы Ног азы тыххӕй, ис ма дзы уац «Ног азы фынг» рубрикӕ «Ӕгъдӕуттӕ»-йы. «Ӕмдзӕвгӕтӕ», зӕгъгӕ, ахӕм рубрикӕйы бын мыхуыр ӕрцыдысты 11-ӕм къласы ахуырдзау Бестауты Аланӕйы ӕмдзӕвгӕ «Тӕху-ды» ӕмӕ Чиколайы фыццаг астӕуккаг скъолайы 4-ӕм къласы ахуырдзау Икъаты Дианӕйы ӕмдзӕвгӕ. Рубрикӕ “Зарӕг”-ы бын та мыхуыр ӕрцыд Цомайты Ростиславы ныхӕстыл зарӕг “Митгӕлӕбу” нотӕтимæ. Рубрикӕ “Ирон этикет”-ы мыхуыр ӕрцыд уац «Уырдыглӕууӕг, уырдыгыстӕг», «Таурӕгъ»-ы – Елхоты 2-ӕм астӕуккаг  скъолайы 7-ӕм къласы ахуырдзау Готани Ибрагимы «Дидинджытӕ» æмæ рубрикӕ «Аргъау»-ы та Чиколайы ӕртыккаг астӕуккаг  скъолайы 4-ӕм къласы ахуырдзау Дзираты Тамарӕйы  «Рувас ӕмӕ уызын».

Рубрикӕ «Иры намыс»-ы кӕсджытӕ базонгӕ уыдзысты ирон адӕмы хъӕбатыр Коцты Бегайы сгуыхтдзинадимӕ. «Ӕфсымӕрон адӕмты сфӕлдыстад»-ы мыхуыр ӕрцыд Республикӕ Дагъыстаны горӕт  Хъызлары 7 «а»  къласы ахуырдзау Эленӕ Амбарцумяны аргъау «Тырысайы хъару».

Ног азы цытӕн сабитӕн арфӕйы ныхӕстӕ зӕгъынц Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, Республикӕ Хуссар Ирыстоны ахуырад ӕмӕ зонады министр Гасситы Натали, Е. Б. Вахтанговы номыл уырыссаг академион театры разамонӕг Владимир Уваров ӕмӕ хуыйджыты ӕрмадз «Liza Gabarati»-йы сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Лизӕ. «Ногдзау»-ы ма цымыдисон ӕрмӕджытӕ бакӕсӕн ис ахӕм рубрикӕты бын, куыд «Аивад», «Радзырд», «Ирон хъӕутӕ», «Ирыстоны зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ», «Базон-базонтӕ», «Ахуыр кӕнӕм ирон ӕвзаг», «Ӕмбисӕндтӕ», «Ирон мыггӕгтӕ» (Мамсыратӕ), «Сканворд» ӕмӕ ӕндӕртӕ.

«Ногдзау» аивадон ӕгъдауӕй сфӕлгонц кодтой нывгӕнджытӕ Дзиуаты Земфирӕ, Айларты Владимир ӕмӕ Абайты Аркади.

Хуыбиаты Никъала   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.