БÆРÆГБОНОН КОНЦЕРТ

Театралон фæзуаты уагъд æрцыд ногазон концерт. Бæрæгбонон концерты сæ курдиатæй адæмы зæрдæтæ барухс кодтой зарæггæнджытæ Харебаты Вадим, Икъаты Миленæ, Гатыгкоты Нинæ, Хаситы Сослан, Лалыты Альберт, Харебаты Мартæ æмæ æндæртæ.

Æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта президент Гаглойты Алан.  «Ног азы  уæ хорз фæндтæ уæхи фæндиаг сæххæст уæд. Алкæйы дæр тыхсын кæны  нæ лæппуты хъысмæт, кæцытæ сты сæрмагонд æфсæддон операцийы. Хуыцау зæгъæд, цæмæй сæрæгасæй сæмбæлой сæ хæдзæрттыл æмæ махимæ иумæ аразой Хуссар Ирыстоны рухс фидæн», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Республикæйы цæрджытæн видео-бастдзинады фæрцы Ног азы сæраппонд раарфæ кодтой батальонтæ «Алани» æмæ «Сæрмæт»-ы хæстонтæ.

Концертон программæ адарддæр дискотекæйæ.

БАЦЫДЫСТЫ ГУЫРÆН ХÆДЗАРМÆ

РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Джыгкайты Томас æмæ Президенты цур сывæллоны барты фæдыл æххæстбарджын Джиоты Аэлитæ бацыдысты гуырæн хайадмæ, цыран 2024 азы 3-æм январы а-дунемæ фæзынд фыццаг саби. Тедеты бинонтæн уыд дывæр бæрæгбон. Ноггуырдыл сæвæрдтой Алан. Уый тыххæй хъусын кæны Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады пресс-службæ.

Дидинджытæ, лæвæрттæ æмæ материалон финансон æххуыс Президент Гаглойты Аланы номæй райста сабийы мад Тасойты Нино. Джиоты Аэлитæ бузныджы ныхæстæ загъта гуырæн хæдзары коллективæн. Уыдон вазыгджын хæстон азты дæр равдыстой стыр профессионалондзинад. Джыгкайты Томас раарфæ кодта ноггуырд лæппуйы ныййарджытæн æмæ сын радта лæвæрттæ. Афтæ ма арфæйы ныхæстæ загъта гуырæн хæдзары медицинон персоналæн, уымæн æмæ уыдон бæрндзинад хæссынц дыууæ кæнæ фылдæр царды тыххæй. Хицауады минæвæрттæ ма раарфæ кодтой ноджы дыууæ сабийы мæдтæн, кæцытæ хъæбулты хицау баисты 30-æм декабры.

 

НОГАЗОН АРФÆТÆ – ЛИГЪДÆТТÆН

Ногазон арфæтæ кæнынмæ Гаглойты Алан бацыд нæ горæты Донецк æмæ Луганскы Адæмон республикæтæй цы лигъдæттæ ис,  уыдонмæ дæр, лæвæрд сын æрцыд ногазон лæвæрттæ. «Арфæ уын кæнын бæрæгбоны цытæн. Хъыгагæн, сымах нырма уæ райгуырæн зæххыл, уæ хæдзæртты не ‘мбæлут Ног азыл. Фæлæ уый рæстæгмæ у. Тагъд знаг састы бынаты баззайдзæнис, сымах райдайдзыстут ног цард аразын æмæ уæ сывæллæттæ цæрдзысты сабыр арвы бын. Мах алы хатт дæр цæттæ уыдзыстæм сымах уазæгуаты райсынмæ. Ныр та уыл уыл уæ  Ног аз дзæбæхæй цæуæт», – загъта Гаглойты Алан.

Лигъдæттæй сæ иу Светлана Лагачева бузныг загъта Гаглойты Аланæн æмæ æппæт ирон адæмæн дæр. «Уæ хъарм ахаст, æнувыддзинадæн мах бæрзонд аргъ кæнæм. Куыд уазæгуарзон стут ирон адæм! Мах бæргæ фæндыд ног азыл нæхи хæдзæртты сæмбæлын, фæлæ ам Ирыстоны зæххыл дæр нæхи хорз æнкъарæм. Стыр бузныг уæ лæвæрттæй дæр».

 

«ÆГАС НÆМ ЦУ, НОГ АЗ»

Ленингоры поселочы культурæ æмæ улæфæн паркæй хъуыстысты сывæллæтты хъæлдзæг худт, бæрæгбонон зарджытæ. Районы назбæласы цур æрæмбырд сты сывæллæттæ æмæ хистæр кары адæм дæр.  Æрæмбырдуæвджытæн Ног азы сæраппонд раарфæ кодта районы сæргълæууæг Уалыты Муртаз. Ногазон бæрæбонон мадзал ацыд хъæлдзæг атмосферæйы. Поселочы иууыл чысылдæр цæрджытæ хъæлдзæг рæстæг арвыстой Митын Дада, Митын Чызг æмæ аргъæутты хъайтартимæ. Ногазон мадзал уыд Цъинагары хъæуы дæр. Уый тыххæй нын фехъусын кодтой Ленингоры районы администрацийы пресс-службæйы.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.