Ног азы размæ РХИ-йы Президент Гаглойты Алан фембæлд Сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг хæстонты бинонтимæ. Фембæлдмæ æрбацыдысты Зассеты Азæмæт, Бахъаты Андрей, Кортиаты Инал, Тедеты Алан, Козаты Генрих, Къадзты Ремик, Хъороты Георги æмæ Бестауты Азæмæты бинонтæ.

«Сымахæй алкæуыл дæр æрцыд стыр зиан. Зын у ссарын ахæм ныхæстæ, цæмæй уын чысыл фæрогдæр кæнон уæ зæрдæйы рыст. Уыцы лæппутæй алкæцы дæр хорз æмбæрста хæстмæ цæугæйæ гæнæн кæй ис æмæ сæрæгасæй мауал æрыздæха. Фæлæ уæддæр равзæрстой махæн æмæ сымахæн фидæны рæсугъд сомбон. Сæ хъайтардзинадæн æвдисæн сты, сæ фарсмæ чи хæцыд, уыдон æмæ сæ командиртæ.

Уыдонæй бирæтæн баззад æнахъом сидзæртæ. Æз уæ мæхимæ æрбахуыдтон, цæмæй уын раарфæ кæнон Ног азы цытæн. Уадз, нырæй фæстæмæ макуыуал фæриссæт уæ зæрдæтæ. Мах та зынгхуыст хæстонтæн алкæддæр кæндзыстæм кад», –  загъта Гаглойты  Алан.

СÆО-йы фæмардуæвæг хæстонты сывæллæтты Президент барæвдыдта ногазон лæвæрттæй.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.