Æхсызгон цау у, нæ республикæйы автопарк ног техникæйæ кæй баххæст ис, уый. Дзырд дæр ыл нæй, уымæй бирæ кæй фæхуыздæр уыдзысты цæрджыты царды уавæртæ. Уыдон лæвæрд æрцыдысты паспортон, хъæууон æмæ хъæды хæдзарадтæн, афтæ ма æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады къабазæн. Ацы техникæ урæд æрцыдысты нæ республикæйы автомобилон-транспортон управленийы кæрты.

Автопаркмæ æрбацыдысты æмæ ног техникæ сæхи цæстæй федтой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Бекъойты Геннади æмæ автомобилон-транспортон управленийы директор Дудайты Альберт.

Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй 2017 азы Инвестицион программæйы фæрæзтæй уыдон сэкономи кодтой 52 милуан сомы бæрц æмæ сæ спайда кодтой ацы техникæ балхæныны тыххæй.

«Уый уыдис нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийы фæндон. Цæмæй экономи æрцыдаиккой уыцы æхцайы фæрæзтæ æмæ сæ балхæдтаиккам æнæмæнгхъæуæг техникæ æндæр æмæ æндæр паддзахадон организацитæн», – загъта Пу-хаты Эрик.

Хицауады Сæрдар ма куыд загъта, афтæмæй дæрддаг хъæутæн цы машинæтæ балхæдтой, уыдон та сты «таблеткæтæ» кæй хонынц, ахæмтæ, цæудзысты Арцеу æмæ Синагуры хъæутæм, микроавтобустæ та кусдзысты Цхинвал-Дзæуджыхъæумæ.

Хъæды хæдзарады управленийæн цы техникæ балхæдтой,  уыдон сты хъæдласæнтæ æмæ бульдозер. Хъæууон хæдзарады министрадæн дæр æлхæд æрцыдис иу комбаин. Уый æрвыст æрцæудзæнис Ленингоры районмæ æмæ кæд тыхсой иннæ районтæ, уæд дзы спайда кæндзысты уыдон дæр.

Пухаты Эрик куыд загъта, афтæмæ автотранспортон парк, ноджыдæр фылдæр кæндзысты æндæр æмæ æндæр æнæмæнгхъæуæг техникæйæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.