Сабитæ нæ фидæн æмæ сомбон сты, уыдон æнæниздзинад æмæ социалон уавæртæм цас фылдæр хъусдард цæуа абон, уый бæрц нæ сомбон хуыздæр æмæ бæллиццагдæр уыдзæнис.

Паддзахадон структурæтæ æмæ бинонтæ æмгуыст куы кæной сабийы хæрзиуæгæн, уæд ын тас нæу, ныртæккæ бæстæйы æрыгæтты ‘хсæн тынг цы наркотикон æмæ психотропон буарадтæ апарахат, уыдонæй. Цалынмæ фыдбæллæх не ‘рцæуа, уæдмæ æнахъомты æмæ æрыгæтты ‘хсæн профилактикон куыстытæ уадзын хъæуы, фæсивæдæн аразын хъæуы уавæртæ, цæмæй сæ сæрибар рæстæг кæм æрвитой, уа сын уыцы бынæттæ. Фæсивæды ‘ргом здæхт куы уа физкультурæ æмæ спортмæ, уды сыгъдæгдзинад,  хæр-зæгъдаудзинадмæ, уæд уыдон никуы слæудзысты рæдыд фæндагыл.

Президент Тыбылты Леониды программæ «Спорт в шаговой доступности» дæр уыцы ныса-нæн æрцыд арæзт. Нæ горæты уынгтæй бирæты, стæй республикæйы районтæй дæр цалдæры арæзт цæуынц спортивон залтæ æмæ фæзуаттæ. Уыцы хъуыддаг  стыр æххуыс у, Президент йæ разы цы нысан сæвæрдта, уымæн, ома, наркотиктæ æмæ психоактивон буарадтæм фæсивæд се ‘ргом цæмæй ма здахой. Куыддæр арæзт фæуой спортивон фæзуаттæ æмæ тренажерон залтæ, афтæ алы мæй дæр районты фæсивæды минæвæртты иугонд командæты ‘хсæн уагъд цæудзысты физкультурон-спортивон ерыстæ. Хицауады æрдыгæй æмбæлон хъусдард  здæхт куы уа фæсивæдмæ, уæд сын сæрибар рæстæг къаддæр уыдзæн æмæ æнæуаг фæндæгтыл къаддæр цæудзысты. Царды зын уавæрты чи бахауд, хистæртæ сæ къух кæуыл ауыгътой, ахæм адæймæгтæн дæр æнæниз цардуагмæ фæндаг фенын кæнын хъæуы.

Æцæг афтæ зæгъæн нæй, ома, фæсивæд иууыл сæ хъус æвзæрдзинадмæ дарынц. Ис ахæмтæ, кæцытæ бæлвырдæй æмбарынц, спорт канд æнæниздзинад фидаргæнæн мадзал нæу, фæлæ ма у ирхæфсæн æмæ царды бæрзæндтæм хизыны къæпхæн дæр.

Цалдæр мæйы размæ Сатихъары фæсивæд Президенты номыл ныффыстой фыстæг, цыран дзырд цыд, Сатихъары хъæуы фæсивæд бирæ азты цы проблемæйыл тыхстысты, ууыл. Ома, сын уыд  капиталон футболон фæзуат, цыран хъазыдысты канд хъæуы фæсивæд нæ, фæлæ ацæргæ адæм дæр. Арæх-иу сæм уагъд цыд районы масштабыл ерыстæ дæр. Уавæр æндыгъд куы уыд, уæд стадион цы территорийыл уыд, уым хъуамæ сарæзтаиккой хъахъхъæнынады хайæн  бынат. О, фæлæ хъахъхъæнынадæн уым бынат арæзт нал æрцыд. Уæдæй нырмæ Сатихъары фæсивæд районы къухдариуæгадæй домдтой, цæмæй сын сæ стадион алæгъз кодтаиккой, раздæры уагмæ йæ æркодтаиккой. Фæлæ сын сæ проблемæмæ  хъусдарæг нæ уыд.

Куыддæр фыстæг Президентмæ бахæццæ, афтæ уый йæ уынаффæгæнæг Цоциты Барисы арвыста бынатмæ, цæмæй сахуыр кодтаид фарст. Уæд хъæуы администрацийы къухдариуæггæнæг куыд загъта, афтæмæй футболон фæзуатæн хицæн æрцыд æндæр бынат, кæцы уыд Цхинвал-Ленингоры трассæйы дæллаг фарс. Фæлæ фæсивæд нæ разы кодтой уыцы бынатыл, уымæн æмæ автотранспорты змæлд зиан хастаид, стадионмæ цы сабитæ цæуа, уыдон æнæниздзинадæн. Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Цоциты Барис байхъуыста дыууæ фарсмæ дæр, сарæзта хатдзæгтæ æмæ растыл банымадта фæсивæды хъуыды.

Цалдæр боны фæстæ раздæры стадионы бынатмæ æрвыст æрцыд техникæ æмæ ныр æрæвнæлдтой ног спортивон фæзуат аразынмæ. Уым уыдзæн канд спортивон фæзуат нæ, фæлæ ма волейболон æмæ баскетболон фæзуаттæ дæр. Ныридæгæн уыцы бынат лæгъз æрцыд сæрмагонд технологимæ гæсгæ, æрцыд æмбонд дæр. Хъæууон администрацийы агъуысты хицæн æрцыд хатæн, уым та уыдзæн спортивон зал, кæцы сифтонг кæндзысты алы-гъуызон тренажертæй. Ацы куыстытæ тагъд фæуыдзысты æмæ официалонæй эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты футболон фæзуат æмæ тренажерон зал дæр. Ам куыстытæ кæнынц Цхинвалы районы коммуналон хæдзарад æмæ хъæуы фæсивæд.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.