Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй Санахъоты Гришикы номыл Дзауы астæуккаг скъолайы кæрты сæрды райдианы Дунеон ахыгъдон банг æрæвнæлдта æхгæд спортивон залы арæзтадмæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы æхгæд спортивон залы арæзтад срæвдз кодта уæлдæр банысангонд банчы раздæры къухдариуæггæнæг, дзæнæттаг Вадим Шадян. Уый ацы хæрзиуæгон хъуыддаджы тыххæй фехъусын кодта, скъола-интернат фæстаг дзæнгæрæджы цытджын бон куы нысан кодтой, уæд æмæ йыл скъолайы педколлектив æмæ ахуыргæнинæгтæ тынг бацин кодтой.

Скъола-интернат зæххæнкъуысты фæстиуæгæн бирæ азты дæргъы вагæтты, мæгуырау уавæрты кæй куыста, ахуырдзау фæсивæдæн спортивон зал кæй нæ уыд, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, мæгуырауæрдæм æндæвта рæзгæ сывæллæттыл. Хæххон районы рагацау кæй фæуазæлттæ вæййы, уымæ гæсгæ-иу сывæллæттæ фæззæгæй суанг уалдзæджы æмбистæм се уæнгтæ кæм айтынг кодтаиккой, физкультурæйы уроктæ æххæстæй кæм рацыдаиккой, уый сын нæ уыд. Бæргæ йæ æмбæрстой ахуыргæнджытæ æмæ хицауад дæр, фæлæ уæд нæ республикæ цыбыркъух уыд æмæ абон цы ахсджиаг объекттыл схæцы нæ цæст, ахæмтыл уæд хъуыды дæр ничи кодта.

Æхгæд спортивон залы арæзтады кусджытæй сæ иу – Тыбылты Ефим нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ скъола-интернаты ацы спортивон объекты цалцæггæнæн æмæ арæзтадон куыстытæ ныр сты фæуынхъус æмæ рæхджы сывæллæттæн къæвда бонты æмæ зымæгон уазæлтты дæр сæ бон уыдзæн фидар кæнын се нæниздзинад. «Мах, æхсæзæй ацы спортивон объектыл кусæм сæрды райдиантæй. Уæхæдæг æй куыд федтат, афтæмæй арæзтадон объекты конструкцитæ æмбырдгонд фесты. Агъуысты бын ис æмæ ныр нæ куыстытæ æххæст кæнæм мидæгæй. Сæвæрдтам дзы хъармгæнæн системæ, ацы стыр зал куыд схъарм уа, уымæ гæсгæ. Бауагътам æм электроны рухс æмæ æрдзон газ дæр. Ацы спортивон зал арæзт цæуы нырыккон стандарттæм гæсгæ. Ис дзы тренерæн хатæн æмæ сывæллæттæн хинайæн хатæнтæ дæр. Кæронмæ саразын хъæуы пол æмæ ма мидæгæй æндæр лыстæг куыстытæ куы бакæнæм, уæд ма нын уый фæстæ баззайдзæнис спортивон залы алыварс схæрзарæзт кæнын. Уый дæр бирæ аразинаг нæу æмæ куыд план кæнæм, уымæ гæсгæ объект эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæнис октябры мæйы. Ацы æхгæд спортивон зал у стыр, канд скъола нæ, фæлæ æгас районы фаг дæр у. Цæмæй зал æмбæлонæй хæрзарæзт æрцыдаид, уый тыххæй ардæм æрхуыдтой дыууæ специалисты Уæрæсейæ æмæ нырма дæр сты сæ куысты уæлхъус. Арæзтадон æрмæджытæй нæ фæцух стæм æмæ нын нæ куыстмызд дæр бафидынц рæстæгыл. Фидынц сæ бонгай æмæ къуыригай дæр», – зæгъы Тыбылты фырт.

Кæд ног ахуыры азы райдианмæ скъоладзау фæсивæд сæ ног æхгæд спортивон залы цæттæйæ не рбаййæфтой, уæддæр ыл тынг фæцин кодтой. Ныр та уал физкультурæйы уроктæ уагъд цæуынц, цалдæр азы размæ скъолайæн цы спортивон фæзуæттæ сарæзтой, уым. Фæлæ скъоладзау фæсивæд æмæ педколлективæн се скаст у сæ ног æхгæд спортивон залмæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.