Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хайад райста Джусойты Нафийы номыл литературон премийы лауреатты схорзæхджын кæныны церемонийы.

Хорзæхджын кæныны церемонийы ма, кæцы уагъд æрцыд ХИПУ-йы, хайад райстой Хицауады Сæрдар ПУХАТЫ Эрик, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан, фонд «Амонд»-ы правленийы уæнгтæ, «Амонд»-ы компанийы къорды президент, Самарайы областон национ-культурон центры ирон диаспорæ «Алани»-йы сæрдар Хуыгаты Ростик, æхсæнадон архайæг, энциклопеди «Осетия и осетины»-йы саразæг Челехсаты Хъазбег, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим, ХИПУ-йы профессорон-педагогон сконд æмæ студенттæ.

Преми аразæг Хуыгаты Ростик æмæ литературон конкурсы æп-пæт хайадисджытæн бузныджы ныхæстæ зæгъгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта ауадзгæ мадзалы ахсджиагдзинад.

«Джусойты Нафи у æрмæст Джусойты мыггаджы хæзна нæ, фæлæ æппæт Ирыстоны. Йе сфæлдыстад, фыдыбæстæйон зонадмæ, филологимæ йæ хайбавæрд æмæ райгуырæн ирон зæхмæ егъау уарзондзинады фæрцы йæ ном æнустæм баззайдзæн республикæйы историйы, йæ адæмы зæрдæты. Нафийы преми сфидар кæнын стыр хайбавæрд хæссы ирон литературæйы рæзтмæ», – загъта Президент.

Фыццаг преми райсæг Дыгъуызты Тенгиз банысан кодта Джусойты Нафийы стыр хайбавæрд ирон литературæйы историмæ.

«Æз тынг сæрыстыр дæн, Джусойты Нафийы номыл преми кæй райстон, уымæй. Уый у мæ фыццаг æмæ тынг ахсджиаг преми» – загъта уый.

Афтæ ма дыууæ студентæн лæвæрд æрцыд ирон поэт, прозаик, тæлмацгæнæг Плиты Грисы но-мыл премитæ.

Банысан кæнын хъæуы, зынгæ ирон ахуыргонд, филологон зонæдты доктор, Ирыстоны адæмон поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат Джусойты Нафийы номыл национ литературон преми, Хуссар Ирыстоны сфидар кодта хæрзаудæн фонд «Амонд». Ацы идеяйы тыххæй фехъусын кодтой 2015 азы Джусойты Нафийы 90 азы юбилейы бонмæ.

Преми лæвæрд цæуы цыппæрæм хатт æмæ здæхт у ирон литературæйы ног нæмттæ байгом кæнынмæ. Фонды къухдариуæггæнджытæ сфидар кодтой æрвылазон æртæ премийы аивадон литературæйы фадыджы ирон æвзагыл фыст уацмыстæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.