Инвестицион программæйы фæлгæтты ацы аз нæ горæты сырæздзæн 12 уынджы. Уыдон сты Ленингоры, Сагкайы фырты, Хъорнисы, Кочысаты Розæйы, Шаумяны, Уанаты, Сиукъаты Таймуразы, Дзугаты Георгийы, Чернышевскийы, 26 Коммунары уынгтæ.

Дызæрдыггаг нæу ацы уынгтæ дæр та афоныл арæзт кæй æрцæудзысты. Уынгты хæрзарæзтадыл канд цæрджытæ нæ фæцин кæнынц, фæлæ ма æхсызгон вæййы æддагонтæн дæр, чи йыл фæцæуы, уыдонæн.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй ацы аз куыстытæ райдайдзысты, куыддæр уалдзæг йæ тæмæны бацæуа, афтæ. Куыд иннæ азты, афтæ та ныр дæр куыстытæ райдайдзæн «Водоканал». Зæххыбын куыстытæ кæнын алы уынджы дæр æнæмæнг хъуыддаг у, уымæн æмæ коммуникацион хæххытæ ивд никуы æрцыдысты сæ сырæзтæй       фæстæмæ,  базæронд сты æмæ дзуапп нæ дæттынц сæ домæнтæн. Уыцы иурæстæджы ивд цæудзысты куыд доны хæтææлтæ, афтæ канализацион хæххытæ дæр. Бирæ хатт доны хæххытæ раст баиугонд куынæ æрцæуынц, уæд иннæ уынг аразгæйæ сæвзæрынц проблемæтæ. Раздæр ахæм цаутæ арæх уыд æмæ-иу  асфальт бахъуыд ногæй скъахын. Ныр уыдæттæн бынат мауал хъуамæ уа.  «Водоканал» цы куыстытæ бакæны, уыдон гуырахстджын фæвазыгджындæр вæййынц, иуæй уынгты канализацион хæххытæ кæрæдзимæ иугонд кæй сты æмæ схемæ фехалын кæй не ‘мбæлы, уымæй. Аннæмæй та, бирæ азты дæргъы цæрджытæ, цæмæй уынг ма цъыф кодтаид, уый тыххæй-иу донылæууæн бынæтты сæхæдæг хуыр кæй калдтой, уый аххосæй.

Паддзахадон унитарон куыстуат «Комавтодор»-ы та куыд зæгъынц, афтæмæй уынгтæ аразыны рæстæджы цæрджыты аххосæй хатт фæзыны мæнæ ахæм проблемæтæ: уынджы цы бæлæстæ ис, уыдонæй кæцыдæртæ бахъæуы ралыг кæнын æмæ уый та цæрджыты зæрдæмæ нæ цæуы. Фæлæ хъуамæ цæрджытæ æмбарой, канализацион хæххытæ раст æвæрд куынæ æрцæуой бæлæсты уидæгты аххосæй, уæд та фидæны уый кæй расайдзæн ног проблемæтæ. Бирæ хатт доны хæтæл фæцæуы кæйдæр цæхæрадоныл æмæ хицауы та нæ фæфæнды, цæмæй йын йæ зæххы фадыгыл исты куыстытæ кæной. Цалынмæ æмбарынгæнæн куыстытæ уагъд фæцæуы ахæм æмбæстæгтимæ, уæдмæ дзæвгар рæстæг ацæуы, куыст бакъуылымпы вæййы. Уымæ гæсгæ фæндагаразджытæ курæг сты цæрджытæй, цæмæй æрбалæугæ азы ахæм проблемæтæ ма æвзæрын кæной.

Ацы аз ма горæты администрацийы тыххæй хæрзарæзт кæндзысты бирæуæладзыгон хæдзæртты алыварс территоритæ дæр. Уыдонæн та фæрæзтæ хицæн æрцæудзæн паддзахадон бюджетæй. Ивгъуыд аз ахæм куыстытæ арæзт æрцыд Нæузæххонты æмæ Вокзалгæрон уынгты бирæуæладзыгон хæдзæрттæм бацæуæнты. Ныр та ахæм куыстытæ бакæндзысты, Плиты Харитоны уынджы кæрон цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уым. Горæты администрацийы архитектурæйы хайады куыд зæгъынц, афтæмæй бирæуæладзыгон хæдзæрттæм хæстæг цы сæрибар зæххытæ ис, уыдон нымад цæуынц цæрджытæн иумæйагыл. Зæхх рахицæн кæныны тыххæй, гаражтæ саразыны нысанæн цæрджытæ хъуамæ куырдиат ныффыссой. Стæй сæм нысангонд æмгъуыдмæ ссæуынц архитектурæйы хайады кусджытæ, фæлæ цæрджытæ фæдзæхст æрцæуынц барлæвæрды размæ, цæмæй гараж арæзт æрцæуа уынджы иумæйаг хуыз бахъахъхъæнгæйæ. Уымæй дæр гараж хъуамæ сырæза æрмæстдæр блок дурæй. Рахицæнгонд зæххы фадыгыл закъонмæ гæсгæ куынæ æрцæуа арæзт, уæд бардзырд йæ тыхы нал вæййы. Цæрджытæй иуæй-иутæ бынат æрцахсынц, ныккалынц дзы арæзтадон æрмæджытæ, чи та дзы æфсæн гараж сæвæры æмæ сæ бахъæуы сисын. Уымæ гæсгæ горæты администраци рагацау сиды Плиты Харитоны уынджы цæрджытæм, цæмæй цалынмæ хæрзарæзтадон куыстытæ кæнын нæ райдыдтой, уæдмæ ссæрибар кæной хæдзæртты алыварс территоритæ æнæзакъонон мæнгагъуыстытæй.

УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.