Алы горæтæн дæр йæ рæсугъддзинадыл дзурæг сты аив арæзт бæстыхæйттæ, уынгтæ, фæзуæттæ æмæ сквертæ æмæ  уынгты сагъд бæлæстæ дæр. Сæ уындæй зæрдæ райы, уæлдæф та сыгъдæг кæны.

Нæ царды бирæ хъизæмæрттæн æвдисæн сты нæ горæты бæлæстæ – сæхæдæг дæр нæ аивæрзтысты 2008 азы августы хæстæй. Мæ цæстытыл абон дæр ауайынц уынгты ахизæнтæ куыд нал уыд фæлдæхт бæлæстæй, сармадзанты нæмгуытæй. Абон дæр нæ горæты бирæ ис хæсты нуæстæ  кæуыл баззад, ахæм бæлæстæ.

Алы уалдзæг дæр нæ цъæх хæлæрттæ домынц зилын. Чи сæ зæронд кæны æмæ йæ акалын хъæуы, кæй та – æхсæдын. Ныр цалдæр боны ацы куыст кæнынц нæ горæты хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ. Ныртæккæ у бæлæсты хус къалиутæ æхсæдынæн тынг хорз рæстæг. Уалдзæджы та суадздзысты ног таутæ æмæ иуæй сæ къалиутæ  февзонгдæр уыдзысты, иннæмæй та фæрæсугъддæр уыдзæн æмткæй бæлас», – зæгъынц кусджытæ.

Бæлæсты хус цæнгтæ ралыг кодтой Хъайтарты, Сталины æмæ Ленины уынгтыл.

Уый фæстæ та цадæггай  ахиздзысты æндæр уынгтæм. Æхсæст куы фæуой, уæд бæлæсты бынтæ ныххафдзысты, ссыгъдæг сæ кæндзысты, зымæджы ам сæхицæн ахстæттæ чи сарæзта, уыцы уырынгонтæй. Стæй сæ байсæрддзысты чъырæй æмæ бæлæстæ уалдзæджы сыфтæр куы ракалой, уæд сæ рæсугъддзинад æмæ сыгъдæг уæлдæфæй æхцондзинад хæсдзысты. Уæлдай ахъаз та уыдзысты æнтæф бонты сæ бынты, аууæтты цæугæйæ. «Цæрджытæй чидæртæ фæуайдзæф кæны, ома, æгæр цæмæн æхсæдут бæлæсты, мах сын бамбарын кæнæм, афтæ кæй æмбæлы, уый специалистты амынд кæй у. Фæлæ стæй уалдзæджы бæлæстæ куы рафтауынц, уæд та цæрджытæ цин фæкæнынц,», – зæгъы бæлæстæ æхсæдæг.

Горæты администрацийы хæрзарæзты цы цъæхвæлыстгæнæн хайад ис, уыдон та æрæвналдзысты фæндæгты газонтыл дидинджытæ садзынмæ: «Канд централон уынгты нæ, фæлæ фæсвæд цы сквертæ сырæзт, уым дæр сагъд æрцæудзæнис алыгъуызон дидинджытæ.

Мах цымыдис кодтам уыйбæрц  дидинджытæ Цхинвалы администраци кæм самал кæны, уымæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй сæ иу хай  райгуырæн бæстæйы нæхимæ ис. Цалдæр цхинвайлаг сылгоймаджы сарæзтой хъæрмуаттæ, уым ныссадзынц дидинджытæ æмæ сæ схъомыл кæнынц. Горæты администрациимæ æрвылаз   дæр саразынц бадзырдтæ æмæ сын схъомыл кæнынц фондз голландиаг хуыз дидинджытæ.

Горæты администрацийы хæрзарæзтады хайады ма нын куыд загътой, афтæмæй, нæхимæ хъомылгонд дидинджытæ  хуыздæр адаптаци кæнынц æмæ тагъддæр схæцынц. Фæлæ фаг кæй нæ вæййынц, уымæ гæсгæ дидинджыты æндæр æмæ æндæр хуызтæ æлхæд æрцæуы Цæгат Ирыстон, Кæсæг Балхъар æмæ æндæр сыхаг республикæты. Дидинджытæ ныссадзыны фæстæ дæр бирæ фæархайынц сæ хъомыл кæныныл, горæты хæрзарæзтады кусджытæ, фæлæ не ‘мбæстæгтæй иуæй-иутæ, искæй фыдæбон мурмæ дæр нæ даргæйæ, хатгай балæгæрдынц газонты æмæ скверты дидинджытыл. Курæг уæ стæм, аудут искæй фыдæбоныл æмæ горæты рæсугъддзинадыл дæр!

УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.