Запорожьейы област æмæ Донбассмæ фондз «Газель» машинæйы гуманитарон æххуыс аласта «Адæмон фронт. Алцыдæр уæлахизæн»-ы проекты фæлгæтты не ‘мбæстаг, УФ-йы иугонд командæйы раздæры тренер хъæбысхæстæй Тедеты Дзамболат. Квадракоптертæ, рацитæ, рухсгæнæнтæ, хъарм дзаумæттæ, медикаменттæ, хойраджы продукттæ, дæттæ, адджинæгтæ æмæ 300 ирон уæливых – ахæм уæзгæ хуынимæ ныццыд Тедеты Дзамболат нæ лæппутæй Украинæйы Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайад чи исы, уыдонмæ. Ацы хæрзиуæгон хъуыддаг уайтагъд æрыхъуыст Ирыстонмæ æмæ адæмæн уыдис тынг æхсызгон.

Фронтæй нæм фыссынц ирон лæппутæ афтæ: «Тедеты лæппу стыр æвæрæн хæссы, æрвылхатт дæр æрбалæууы нæ фарсмæ. Ам цы ирон лæппутæ ис, уыдон стыр аргъ кæнæм Дзамболатæн. Ивгъуыд азы 4-æм æфсæддон базæйы хæстонтæ Донецкмæ куы цыдысты, уæд Беслæнмæ нæ размæ баласта медикаменттæ хъарм дзаумæттæ, резинæ цырыхъхъытæ. Æххуыс нын кодта нæ хæстон машинæтæ поездыл фидар кæнынæн дæр. Азылд алкæуыл дæр сæрмагондæй, не ‘хсæн разынд ахæмтæ, кæцытæм ивæн дзаумæттæ нæ уыд. Ахæмтæн балхæдта дзаумæттæ æмæ нæ афæндараст кодта», – загътой хæстонтæ.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.