Ацы цалдæр дзырды сæ хæстон лæппутæм фыссын сахуыр сты ирон мадæлтæ. Сæ алы райсом дæр ныр иу азæй фылдæр райдайы социалон хызæгтæм æркастæй.

Иу азы размæ æртæ цхинвайлаг сылгоймаджы кæрæдзи рæстмæ зонгæ дæр нæ кодтой – кæд сæ афицер-хъæбултæ Уæрæсейы хотыхджын тыхты 58-æм армийы дæлхайæдты службæ кодтой Дагъыстаны горæт Буйнакскы, уæддæр. Диссагæй дзы ницы ис, уымæн æмæ æфсæддон хъысмæт равзæрстой сæ лæппутæ, æфсæддон професситыл сахуыр кодтой æмæ сæ куысты уыдысты. Æцæг, райгуырæн къæсæй дардгомау, фæлæ-иу лæппутæ цыфæнды фадатæй пайда кодтой сæ бинонты, се ‘ввахс адæмы фенынæн. Алкæмæн дзы йæ мад  æнцойзæрдæйæ царди, фидæнæн бындурæвæрæг æрвылбонон куыстытæ кодта. Мадæлтæй чи хистæр фырты бинонты амонд фенынмæ бæллыд, кæмæндæр та уыцы амонд йæ къæсæрыл бахызт æмæ та йæ  хæдзарæй сабиты худт ногæй райхъуыст.

Фæлæ фароны 24 февралæй æртæ мадæн сæ хъуыдытæ, сæ мæт æмæ катай баиу сты. Плиты Аминæт, Хæбæлаты Еленæ æмæ Гаглойты Миленæйæн  сæ фырттæ Тедеты Сослан, Котолиты Сослан æмæ Гаглойты Таймураз – уæрæсейы æфсады афицертæ – сæрмагонд хæстон операцийæн йæ фыццаг бонæй хайад  исынц.

«Исты мæм афысс, хъæбул, мæ зæрдæ ‘хсайы»

Мады катай æнцон бамбарæн у. Чи йæ не ‘мбары, уымæн додой йæ къона, уый адæймаджы ном хæссыны аккаг дæр нæу. Фæлæ æххæстæй хæстоны мады зæрдæмæ ныккæсæн нæй, цалынмæ дæхи фырт тугкалæн хæсты цæхæры ма бахауа, уæдмæ.  Æмæ махæн не ‘ппæты  хæс у – нæ адæймагон, не ‘мбæстагон хæс –  хæстон лæппуты мадæлты барæвдауын, уыцы мадæлты цур балæууын. Уымæн æмæ цы сылгоймæгты кой кæнын, уыдонæн  сæ лæппутæ Таймураз, Сослан æмæ Сослан махæй алкæй рæсугъд фидæны сæраппонд хъæбатырæй тох кæнынц, ирон лæджы кад æрхауын нæ уадзынц.

Капитан Котолиты Сослан – мотопехотæйы батальоны командир, ахуыр та кодта Омскы уæлдæр инженерон-автомобилон æфсæддон училищæйы. Сæрмагонд операцийы фæцæф, госпиталы йæ куы сдзæбæх кодтой, уæд фæстæмæ рыздæхт фронтмæ. Ам, Цхинвалы, цæрынц йæ цардæмбал Цыбырты Зитæ æмæ сæ дыууæ гыццыл фырты. Зитæйы цæстытæ доны разилынц, йæ хъæбулты фыды куы æрымысы, уæд. Йæ мад, Хæбæлаты Ленæ нын куыд загъта, афтæмæй Сослан нæ уарзы йæхи рекламæ кæнын, рамæсты вæййы, исчи йын йæ къам социалон хызæгтæм куы баппары, уæд дæр. Æцæг ирон лæджы уаг æвдисы уымæй Сослан, мæнмæ гæсгæ. Цалдæр майданæй хорзæхгонд у, сæ иу «За заслуги перед отечеством» II къæпхæны цирхъытимæ ордены майдан.  Ленæ алы уысмы дæр телефоны дзæнгæрæгмæ æмæ хæсты фæудмæ æнхъæлмæ кæсы…

«Исты мæм афысс, хъæбул, мæ зæрдæ ‘хсайы»

Капитан Тедеты Сослан йæ мад Плиты Аминæтæн йæ ас-тæуккаг фырт у. Хистæр Руслан æмæ кæстæр Ацæмæз, Сослан йæхæдæг – æртæйæ дæр сты профессионалон æфсæддонтæ. Руслан дæр Донбассы службæ кæны хисæрмагонд хъахъхъæ-нæн компанийы. Ацæмæз дæр æрæджы ацы компаниимæ контракт бафыста æмæ мартъийы хъуамæ уырдæм ацæуа. Тедеты Сослан Омскы уæлдæр инженерон-автомобилон æфсæддон училищæйы ахуыр кодта, йе ‘фсымæртæ дæр ахæм уагдонтæй рахызтызты афицер-тæй – сæ иу Тюмены, иннæ та Сосланау, Омскы. Мотопехотæ æфсады разæй фæцæуы кæддæриддæр – тæссаг æмæ ахсджиаг у сæ куыст тохы быдыры. Аминæты лæппутæн сæ фыд Илья Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады æмæ Уæлвæткон уавæрты министрадты фæкуыста. Руслан, Сослан æмæ Ацæмæзæн ис хо Маринæ. Ахуыр кæны нæхи университеты. Капитан Тедеты Сослан дæр хорзæхджын æрцыд цалдæр хæстон майданæй. Йæ мад Аминæт раздæрау кусы сывæллæтты рæвдауæндоны æмæ йæ бæллиц у, цæмæй хæст фæуа æмæ йæ хъæбултæ æнæнизæй æрыздæхой сæ хæдзармæ.

Хистæр лейтенант Гаглойты Таймураз – Миленæйы лæппу, Цхинвалы 2-аг скъолайы фæстæ бацыд Мæскуыйы æфсæддон университетмæ. Уым æй цæттæ кодтой замполиты куыстмæ, фæлæ сси артиллеристон афицер æмæ ныртæккæ командæ кæны ротæйæ. Миленæ сæрмагонд æфсæддон операцимæ йын йæ лæппуйы кæй акодтой, уый куы базыдта, уæд цалдæр боны æррайы хуызæн уыдис. «Æнæ мæ хъæбулæй мæ мæ царды иу бон дæр нæ хъæуы», зæгъгæ, дзы цалдæр хатты фехъуыстон. Мæ бон цы уыди, уымæй йын ныфсытæ æвæрдтон. Миленæйæн бирæ хорз æмбæлттæ ис æмæ нæ алчидæр архайдта æмæ архайы, ацы рæсугъд, уæздан æмæ тынг кусаг амалиуæггæнæг сылгоймаджы зæрдæ истæмæйты барухс кæныныл. Иууылдæр йемæ æнхъæлмæ кæсæм нæ уæлахиздзаумæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Миленæимæ æмрисс у йæ  мад Табуты Татьянæ, уымæн æмæ йæ «гыццыл лæппуйы» (афтæ хоны ныр дæр асæй дыууæ метрмæ æввахс Таймуразы йæ нана). Хъомыл дæр æй иумæ кодта Миленæимæ. Таймураз æхсарджын, зондджын, ахуыргонд, хæрзуаг лæппу у. Æртæ хорзæхы аккаг уал æй скодтой – Жуковы, Суворовы æмæ «За заслуги перед отечеством» II къæпхæны цирхъытимæ ордены майдантæй.

Азæй фылдæр рацыди операцийы райдианæй. Йæхиуыл хæцы Миленæ, æнхъæлмæ кæсы йæ фыртмæ. Таймураз цы бон нæ ныффыссы кæнæ аудиохъусинаг куы нæ рарвиты, уыцы бон йæ мады хуыз фæлидзы. Хуыцау хорз, ахæм бонтæ стæм хатт ралæууынц.

Ирон хæстон лæппуты мадæлтæ, нæ уарзон хотæ! Уырны мæ, ирон адæмæй алчидæр Хуыцаумæ кувы, цæмæй уæ хъæбултæ цыбыр рæстæгмæ æнæниз æмæ сæрыстырæй сæ хæдзæрттыл сæмбæлой. Нæ сæрæй ныллæг кувæм, ахæм цæхæрцæст, æхсарджын æмæ ныфсджын лæппутæ чи схъомыл кодта, уыдонæй алкæмæн дæр. Уæхи зæрдæты фæндиаг уæнт уæ хъæбултæ æмæ уæ Бæрæгбоны хорзæх уæд, Иры чызджытæ! Мады Майрæмы æмæ Лæгты дзуары фæдзæхст уæнт Ирыстоны хъæбултæ!

ДАМБЕГТИ Иринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.