Цалдæр хатты фехъуыстон: иу фæлтæр, дам, иу лæг ацыд хъæдмæ æмæ, дам, райсомæй изæрмæ æрцæттæ кодта бинонтæн зымæгваг суг. Фæскуыст, хæдзармæ куы здæхт, уæд загъта, зæгъгæ, афтидæй цæмæн хъуамæ ацæуон. Хъæдтæн се стырдæр систа, баппæрста йæ йе ‘ккой æмæ рафардæг. Хъæуы астæуты куы æрцæйцыд, уæд ыл тыхстæй, тагъд къахдзæф кæнгæйæ  амбæлдысты сыхаг сылгоймæгтæ.
– Уæ мæрдтыстæн, афтæ тыхст æмæ знæтæй кæдæм фæуайут?
– Куыцыккы лæппу, дам, бабын æмæ уырдæм, – сдзырдта йæм сæ иу.
Лæг йæ уæхсчытæй æрæппæрста хъæд æмæ уый дæр уæззаугай араст сæ фæдыл.
Куыцыккы бинонты тæригъæдмæ кæсынæй алкæй зæрдæ дæр кодта дур. Ныддур хъæддзауы зæрдæ дæр æмæ йæ цæссыгтæ сæрфгæ рацыд фæстæмæ. Бацыд, йе ‘ккой цы хъæд хаста, уымæ, хъуамæ йæ систаид, фæлæ йæ змæлын дæр нал фæкодта æмæ æнкъард, æрхæндæг хъуыдытимæ араст йæ фæндагыл.

Ацы хабар радзурын мæ бафæндыд,  цæмæй зæгъон, маст æмæ æнкъард зæрдæйыуаг, адæймаджы нæниздзинадæн йæ тых æмæ хъарутæн стыр зиан кæй кæны, уый. Аразын та хъæуы афтæ, цæмæй нæ зæрдæтæ ма уой æрхæндæг хъуыдытæ æмæ масты уацары.

Срастгæнæн кæмæн нал вæййы, ахæм хабар куы æрцæуы, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, стыр маст у, фæлæ уæддæр фылдæр хъуыды хъæуы сæрæгас адæймæгтыл, куыд æввахс, афтæ æддагæттыл дæр.

Афтæ мæм кæсы, æмæ мардæн Ирыстоны хуызæн стыр кад никуы кæнынц. Фæлæ уыцы кады хъуыддæгтæ арæх кæй фегæр вæййынц, уый дæр нæу дызæрдыккаг. Уыцы æнæхъуаджы митæй иуыл æз нымайын мардæн суадæттæ фæлдисын. Иуæй-иутæ суадæтты фарсмæ сæвæрынц цыртытæ. Скæнынц сыл марды нывтæ, ныфыссынц сыл чи сты, кæд райгуырдысты æмæ кæд фæхъуыдысты, уыцы бæрæггæнæнтæ. Ахæм бынæтты суадоны алыварс фæзыны уæлмæрды хуызæн æмæ адæймагæн кæд дойны вæййы, уæддæр йæ зæрдæйы фæндиаг нал баназы.

Ахæм цыртытæ кæнын суадæтты алыварс æмбæлы æви нæ? Куы афæрсон, уæд-иу стæмтæ рахæцыдысты цыртæвæрджыты фарс. Фæлæ уыдон сты цъус, кæй нæ фæнды, уыдон та – бирæ.

Ирыстоны æрдз алæмæттаг кæй у, уый не ‘ппæт дæр зонæм хорз, фæлæ йæ ахæм мæгуырау архайдтытæй цасдæрбæрцæй кæнæм æнæзæрдæмæдзæугæ. Ахæм æнæуаг «мысæн» бынæттæ фенæн ис нæ республикæйы алы рæтты, фылдæр –  Дзауы районы.

Суадæтты алыварс цыртытæ сæвæрынц зианджын бинонтæ, марды йæ удæгасæй хорз чи зыдта, уыцы зонгæтæ æмæ æмгæрттæ. Хъуамæ зониккой, цыртытæ ахъаз кæй ницæмæн сты, æппæрцагæй та бирæ цæуылдæрты кæй æндавынц, уый. Стæй, суадон кæмæндæр фæлдыст цæмæн хъуамæ æрцæуа, кæд æмæ уыцы адæймаг уыцы бынаты никуы уыдис, уæд? Суадон нæ сарæзта æмæ цы бынаты ис, уырдæм дæр æй уый нæ рауагъта. Чи зоны, суадоны алыварс цыртытæ чи сарæзта, уыдон афтæ хъуыды кæнынц, зæгъгæ, сæ зианæн кæнынц стыр кад, фæлæ уый афтæ нæу. Ахæм бынæтты дон баназын алкæй нæ фæфæнды, кæй бафæнды, уыдонæй дæр бирæтæ, дон нуазгæ-нуазын се ‘ргом азилынц æндæрæрдæм. Кæйдæр æнамонд кæй не ‘нкъарынц, уый тыххæй нæ. Нæ сæ фæфæнды искæй æдзард æмæ ‘намонд цæстытæм кæсын.

Фыдæлты æгъдауимæ цас баст у ахæм æгъдау, уый тыххæй мæ бафæндыд бафæрсын, фыдæлты æгъдæуттæ иуæй-иутæй хуыздæр чи хъуыды кæны, ахæм  æмбæстаг, Сыбайы комæй рацæугæг Беджызаты Асланы: «Æндæр кæмттимæ абаргæйæ, нæ ком хъæздыгдæр у алыгъуызон суадæттæй. Раст у, зианæн исты фæлдисын рагон ирон æгъдæуттæм хауы. Нæ комы суадæттæй дæр иуæй-иутæ сты фæлдыст. Иннæ суадæттæй ахæмтæ хицæн кодтой уымæй, æмæ сæ чи ныффæлдыста, уыдон сæм цыдысты арæхдæр, æфснайдтой сæ æмæ алыхатт дæр уыдысты сыгъдæг. Суадæтты-иу æмбæрзгæ дæр бакодтой. Сæ фарсмæ аууон бынаты арæзтой æмæ æвæрдтой, адæймаг кæм æрбада, чысыл кæм аулæфа, ахæм бандæттæ дæр. Уымæй дарддæр ма сæ иуæй-иуты фенæн уыдис сапон æмæ къухмæрзæнтæ. О, фæлæ раздæр ахæм бынæтты нывтимæ цыртытæ сæвæрын никæй хъуыдымæ цыд æмæ æвæргæ дæр ничи кодта. Суадæтты фарсмæ нывтимæ цыртытæ æвæрын райдыдтой, мæ хъуыдымæ гæсгæ, æрдæг æнусы размæ.  Раздæр ахæм цаутæ къаддæр уыдысты, фæлæ фæстаг цалдæр дæс азы та – арæхдæр. Уый никæй зæрдæмæ цæуы, чи сæ фæаразы, уыдон дæр сæ рæдыд фембарынц, фæлæ сыл арæх фæтых вæййынц сæ зыгъуыммæ хъуыдытæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ ацы фарст æрбæстон кæныны хъуыддагмæ ахæм æнæмæты æмæ уæлæнгай цæстæнгасæй ма хъуамæ кæсиккой районты администрацитæ.

Ахæм бынæтты, уæлдайдæр та хъарм рæстæджыты, махмæ та уыдон вæййынц аст мæйы бæрц, æрвылбон æрдзы хъæбысы сæ рæстæг фервитынц сæдæгай адæймæгтæ. Бирæты дзы цалдæргай хæттыты бафæнды зæрдæдзæбæхæн, уазал суадæтты дон баназын. Сæ фылдæр вæййынц, абон дæр ма сæ зæрдæтæ  мастæй йедзаг кæмæн сты, ахæм бынæттон адæм.

Дарддæр дæр ахæм «кады» хъуыддæгтæ аразынмæ куы нæ зивæг кæнæм, уæд, дызæрдыггаг нæу, æнæниздзинадыл хорзæрдæм не ‘ндавдзæн. Хъæдтæ хæссын нæ, фæлæ нæ къах айсын дæр нæ бон нал уыдзæн уæд…

                                                                                             ГÆЗЗАТЫ Иван 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.