Сывæллæттæ схъомыл кæнын хуымæтæг хъуыддаг нæу. Ныййарджытæ æмæ сывæллæтты ‘хсæн æнгом ахастытæ хъуамæ уа. Цы хъæуы саразын, цæмæй сабитæ раст фæндагæй ма иппæрд кæной? Кæцы кары хъæуы сабимæ хъусдард аздахын? Ацы æмæ нын æндæр хъомыладон фарстатыл дзуаппытæ радта сывæллæтты психолог Гаглойты Алана.

– Гыццылæй алцыдæр хорз у – саби, маргъ, хæдзарон цæрæгойтæ, суанг хъæддаг сырдтæ дæр. Фæлæ уæддæр адæймаджы зæрдæмæ иууыл æввахсдæр у йæхи хъæбул. Æмæ ныййарæгы алыхатт дæр фæфæнды, цæмæй йæ сывæллон адæмы рæгъы рацæуа, царды басгуыха, хорз адæймаг дзы рацæуа. О, фæлæ уыцы бæллицтæ царды сæххæст кæнынмæ алчи нæ фæцарæхсы, алчи сæ хъомыл кæныны фаг бæрндзинад нæ равдисы æмæ бирæ сабитæн сæ фидæны царды фæндæгтæ ныззылынтæ вæййынц. Афтæ уыд ивгъуыд заманты, афтæ у ныртæккæ дæр цард цивилизацимæ хæстæг кæд у, уæддæр.

1990 азты гуырдзиаг-ирон адæмы быцæу куы райдыдта æмæ цадæггай куы фехæлд цардыуаг, уæд уый тынг æвзæр бандæвта уæды сабитæ æмæ æвзонг фæлтæры хъысмæтыл. Уыцы азты царды æмвæзад зынгæ æрхауд. Сабитæм дæр нал уыд фаг хъусдард, куыд паддзахады, афтæ ныййарджыты ‘рдыгæй дæр æмæ дуг йемæ цы  æвзæрдзинæдтæ æрхаста, уыдоныл æнцонтæй цайдагъ кодтой нæ кæстæртæ.

Сабыр дуджы чи райгуырд æмæ рахъомыл, уыдон та бахъуыдис хæсты цæхæрыл рацæуын. Райгуырæн къуым сыгъд хæсты азарæй æмæ уыдон дæр сæ къухтæм райстой æхсæнгарз. Адæм æмбæхстысты сæ фатерты, ныккæндты, фæлæ уæддæр знаджы нæмыг цал æмæ цал æнæаххос адæймаджы цард ахаста. Уыцы дуджы цы сабитæ хъомыл кодтой, уыдоны психикæйыл тынг бандæвтой ацы цаутæ – хъæбæрзæрдæ кодтой адæймаджы.  Æцæг дзы уыд иу хорздзинад – бинонтæ кæрæдзимæ æнгомдæр уыдысты. Кæд мæгуыр уыдысты, уæддæр иумæ цардысты. Иу бинонты ‘хсæн уыд цалдæр фæлтæр сывæллæттæ. Хистæр сывæллæттæ кæстæртæм сæ хъус дардтой, нæ сæ уагътой æвзæр хъуыддæгтæ аразын. Æмæ уый хорзæрдæм æндæвта кæстæры хъомыладыл.

Фæлæ абон ацы цардыуаг фæивта. Ныййарджытæ фылдæр кæнынц кусгæ æмæ сæ арæх нал равдæлы сæ сывæллæттæм. Æмæ уæд сабитæн хæдзарæй уынг фæадджындæр вæййы, афтæмæй адзæгъæл вæййынц æхсæнады. Ныййарæг æмæ сывæллон цы фидар тæгтæй баст вæййынц, уый слæмæгъ вæййы. Фæлæ уæддæр алцы дуджы аххос нæу. Иуæй-иу æвзонг ныййарæг хъомылады фарстыты вæййы æвæлтæрд. Ахæмæн хъæуы бацамонын, фæлæ, хъыгагæн, ис ахæмтæ, кæцытæ искæй амындмæ нæ хъусынц, сæ сæрмæ нæ хæссынц куыры­хон хистæры бафæрсын. Ахæмтæн сæ ныхас вæййы «мæ сывæллон у, мæ бар ыл цæуы æмæ йæ мæхæдæг хуыздæр зонын, куыд æй хъæуы хъомыл кæнын». Мады ахæм хивæнд митæм кæсгæйæ саби ноджы къулбадæгдæр кæны.

Ныййарæг хъуамæ аргъ кæна рæвдауæндоны хъомылгæнæг æмæ скъолайы ахуыргæнæгæн. Зын у искæй бæрны бацæуын, хæрзæгъдау хъуыддæгтыл æй цайдагъ кæнын æппынæдзух ын амонын хидарыны фæткойтæ. Сывæллæттимæ кусын æнцон кæй нæу, уый ныййарджытæй бирæтæ æмбарынц æмæ æппæт амæлттæй дæр архайынц, цæмæй хæдзары дæр скъолайы методтæй пайда кæной.

Иуæй-иу хатт ахуыргæнæг дæр фæрæдийы, фæлæ ныййарæг уайдзæф зæгъынмæ куы хъава ахуыргæнæгæн, уæд ын æй хъуамæ зæгъа хибарæй, фæсвæд сывæллон йæ фарсмæ куыд нæ уа, афтæ. Хатт ныййарджытæ сæ сывæллæтты раз хæдзары райдайынц æфхæрын ахуыргæнæджы. Æмæ сывæллон дæр бынтон æндæр цæстæй ракæсы уыцы ахуыргæнæгмæ, нал æм фæкоммæ кæсы, йæ ныхас ын ницæмæ уал фæдары.

Æрвылбон дæр сывæллæттæн хъæуы хæссын цæвиттонæн зындгонд æмæ кады ак­каг адæймæгты. Лæмбынæг сын æрдзурын хъæуы номдзыд адæймæгты цардвæндагыл, цæмæй сæ чысылæй бамбарой, алы стыр сгуыхтдзинад дæр стыр фыдæбон æмæ быхсындзинады фæрцы кæй бафты къухты, уый.

Мах арæх фæазымджын кæнæм кæцыдæр сабийы йе ‘нæуаг миты тыххæй.

Афтæмæй та аххосджын, сæйраджыдæр, мах нæхæдæг, ома, хистæр фæлтæр вæййæм аххосджын. Мæнмæ гæсгæ, алыхатт сабийы ныййарджытæ, стæй скъолайы ахуыргæнджытæ йæм фаг хъусдард нæ аздахынц. Йæ ных ын нæ бакъуырынц, кæй цæстыты раз фæкæны ахæм митæ, уыдон дæр æмæ  йе нæуаг митæ уæд рахизынц фыдракæндтæм…

Ныртæккæ нæ иумæйаг ахуырадон скъолаты бирæ куыст цæуы нæ рæзгæ фæлтæры ‘хсæн ирон æгъдæуттæ æрбиноныг кæныныл. Фæлæ мæнмæ гæсгæ уый фаг нæу. Хæдзары фарн бирæ у. Сывæллон бинонты ‘хсæн хорзæй æмæ æвзæрæй дæр цы уыны, ууыл æнцонæй цайдагъ кæны. Лæппу бинонты ‘хсæн куы уына йæ нозтджын, æнæуаг дзыхæй дзургæ фыды, уæд ыл кæй зæгъын æй хъæуы, бандавдзæн æмæ йæ фæзмын райдайдзæн. Уымæ гæсгæ скъола æмæ ныййарджытæн сæ куыст хъуамæ уа иу. Æмæ нæ кæд фæнды, сомбон фæсмойнаг ма фæуын, уæд алы ныййарæг дæр хæсджын у, кæстæртæн алцæмæй дæр  фæзминаг хистæр уæвынæй.

ДУДАЙТЫ Авелиа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.