Ивгъуыд къуыри нæ республикæйы территорийыл цалдæр ахуырадон объекты æмæ сывæллæтты иу рæвдауæндоны конд æрцыд карантин. Уымæн æмæ грипп æмæ ОРВИ-йæ рынчынты нымæц фæстаг рæстæджы бæрæг фæфылдæр æмæ цæмæй низ дарддæр ма парахат кæна уый тыххæй ист æрцыд ахæм уынаффæ.

Уый тыххæй Æмбæстæгты фæрныгад æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фадыгмæ хъусдарды фæдыл комитет æрвылбон дæр аразы иртасæн куыстытæ респираторон – вирусон инфекци рабæрæг кæныны тыххæй.

Банысангонд комитеты бæрæггæнæнтæ хынцгæйæ ивгъуыд аз хынцыд æрцыд, рынчынты нымæц фæфылдæр кæнынæн дыууæ пикы кæй уыд. Уæд дæр æхгæд æрцыдысты скъолайы æмæ уый агъоммæ уагдæттæ. Карантины рæстæг æрхауд ногазон улæфт рæстæгмæ æмæ уый дæр хорзæрдæм бандæвта, цæмæй низы авналæнтæ къуындæг кæной.

Бæстæйы санитарон уагдон фылдæр иртасæн æмæ профилактикон куыстытæ кæны. Æнæмæнг у, цæмæй рынчын æмбæстæгтæ хос кæной хæдзарон уавæрты. Хъуамæ бадзурой сæ фадыгон дохтырмæ æмæ уый амындтытæм сæ хъус дарой. Фæлæ кæд рынчыны уавæр уæззау у, уæд æнæмæнгдæр хъæуы бахатын медицинон уагдонмæ.

Уæлдай стыр хæс ис ныййарджытыл, цæмæй сæ рынчын сывæллæтты ма æрвитой скъола, науæд рæвдауæндон-цæхæрадæттæм. Уымæн æмæ афтæмæй парахат кæны æнæниз сывæллæттыл дæр респираторон ифекцион низ.

Пайда кæнын хъæуы витаминтæй, профилактикон дозæты вирусы ныхмæ препараттæй, æнæниз цардуаг кæнын æмæ афтæ дарддæр. Уынгæй æрбацæугæйæ хæрзæхсад хъуамæ кæнай дæ къухтæ, æхсæнадон бынæттæм цæуынæй дæхи хизай. Уымæн æмæ хъахъхъæнын хъæуы æрмæст дæхи нæ, фæлæ дæ алфæмблай адæмы дæр.

Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр ацы хæцгæ низты ныхмæ вакцинæ аразын ахсджиаг хъуыддаг у. Уый нæ, фæлæ дунейы мидæг хæцгæ низы ныхмæ уымæй ахсджиагдæр медицинæ нæма ницы æрæмысыд. Уый, фыццаджыдæр, фадат дæтты, цæмæй низы фæстиуæгæн ма фæуæззаудæр уа адæймаджы уавæр. Æмæ сæйраг у уый. Статистикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ инфекцион низы ныхмæ вакцинæ арæзт цы адæймагæн уыд, уый æнцонтæй хæссы низ. Фæлæ цалынмæ вакцинæ сараза бæрæг адæймаг, уæдмæ хъуамæ æрцæуа лæмбынæг медицинон басгæрст.

Куыд ма загътам, афтæмæй хъæуы æнæниз цардыуаг кæнын, æхсæнадон бынæттæм нæ хъæуы цæуын æмæ зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ нæ кæй нал хъæуы изоляцион мадзæлттæ æххæст кæнын.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.