«Ацы сæрд цады дон æдас уыдзæн хи найынæн», – зæгъы горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Зозиаты Эдуард. Найыны фæстæ сывæллæттæ змисыл кæм æрхуыссой, сæ дарæс кæм раивой, стæй сывæллæттæн хиирхæфсæн æмæ спортæй архайæн фæз – уыдонмæ, дам, хъусдард здæхт æрцæудзæн. Стæй ма, дам, цадмæ донцæуæн сараздзыстæм Леуахийы донæй, цæмæй цадæггай сыгъдæг цæуа. Фæлæ нæ горæты цæрджытæ ууыл разы не сты.

«Цады алфæмблай бирæ хуыздæр фадæттæ ис саразæн. Цæмæннæ ис гæнæн æмæ горæты администраци Инвестпрограммæмæ цы мадзæлттæ бацæттæ кæны, уыдон нымæцы цады арæзтад дæр бахæсса. Февралы мæйы уыдзæн Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæнхицауадон рабадт, цыран дзырд цæудзæн дарддæры рæзты тыххæй. Цад махæн у нæ ирвæзынгæнæг сæрды тæвд бонты. Алкæмæн йæ фадæттæ нæ амонынц республикæйæн æддæмæ улæфынмæ ацæуынæн. Афæдзы алы афон дæр абадæм йæ былыл сатæг уæлдæфмæ», – зæгъы  цадмæ хæстæг бирæуæладзыгон хæдзары цæрæг ацæргæ нæлгоймаг.

«Ныры дуджы ахæм улæфæн бынæттæм стыр хъусдард хъуамæ цæуид. Ам арæзт куы æрцæ-уид аттракционтæ, кæцытæ дзуапп дæдтой æдасдзинады нормæтæн, уæд уымæй хуыздæр цы у. Цады алфæмблай ныссадзын хъæуы бæлæстæ æмæ цъæхдарæнтæ, цæмæй хур боны адæймаг йæхи уым бааууон кæна. Цады дон хъуамæ кæддæриддæр бæзза хинайынæн. Хъуамæ доны гъæды фæдыл иугæндзонæй  исой анализтæ, цæмæй найынмæ чи бахизы, уыдон æдасдзинад хъахъхъæд уа. Цады былы æнæмæнг арæзт хъуамæ уа чысыл кафе адджинæгтæ, сæлдæг, ми-нералон донимæ», – ахæм у сæ хъуыды иннæ æмбæстæгтæн дæр.

Раздæр азты-иу цад райстой арендатортæ, фæлæ сæ бон не ссис цады былыл æцæг улæфæн зонæ сорганизаци кæнын æмæ-иу горæты администраци семæ бадзырд фехæлдта. Цалдæр азы размæ не ‘мбæстаг дыууæ æрыгон лæппуйы Чилæхсаты Гарик æмæ Козаты Сергей архайдтой уавæр фæхуыздæр кæныныл. Цад басур кодтой, йæ бын ын ныссыгъдæг кодтой алыгъуызон бырæттæй. Æркарстой-иу цады былыл чи зад, æрмæст уыцы кæрдæг нæ, фæлæ цадмæ хæстæг территори дæр æмæ-иу зынгæ йæ хуыз фæивта. Цады алфæмблай æрæвæрдтой фæсхбандæттæ, тезгъогæнæн фæндагыл та ныккалдтой сырх хуыр. Сæхгæдтой цадмæ машинæты фæндаг, цæмæй-иу уым цы шофыртæ æхсадтой сæ машинæтæ уыдон сæ уым мауал æхсой. Фæлæ уæддæр уы-цы арендатортæн сæ бон не ссис æмбæлон улæфæнзонæ саразын.

Цады былыл уавæртæ æмæ йæ æдасдзинадыл архайдтой горæты администраци дæр. Æрæхгæдтой цадмæ æфтæг канализацийы дон. Æхсæвыгон рухс-иу раздæр сыгъд æрмæстдæр Цæрæн массивы ‘рдыгæй. Ныр ын сарæзтой йæ алыварс дæр. Фæзынд дзы чысыл бассейн дæр.

Фæлæ уæддæр цад фылдæр хатт нæ фæбæззы хи найынæн, дзуапп нæ дæтты санитарон нор-мæтæн. Сусæггаг нæу цады найгæйæ æрвыл аз дæр трагикон цаутæ кæй æрцæуы.

Уый хынцгæйæ алы сæрд дæр ам æвæрæд æрцæуы ирвæзынгæнджыты пост. Ивгъуыд аз дæр дзы фæцæйхуыдыг кодта иу æнахъом саби. Фервæзын æй кодта йæ фарсмæ цы æрыгон чызг фæцис, уый. Саби саби у, æмæ йæ кæдфæнды дæр фæфæнды найын. Ныййарджытæ йæ бафæдзæхсынц, фæлæ йæ кæнон кæны. Æрвыл аз дæр санэпидемстанцы кусджытæ фæфæдзæхсынц цæрджыты, цады дон бынтон æдас кæй нæу. Зынæн рæтты бакæнынц фæдзæхсæн табличкæтæ дæр. Фæлæ бирæтæ ахæм фæдзæхстытæ ницæмæ æрдарынц. Уый фæдыл æрцæуы бæллæхтæ дæр. Ивгъуыд азы та социалон хызæгты фæзынд зондамонджытæ, ома, дам, сыджытæй байдзаг кæнын хъæуы цад æмæ, дам, дзы саразын хъæуы бирæуæладзыгон хæдзар. Ацы хабарæн фарсхæцджытæ уыд, фæлæ фылдæр адæм  разы не сты.

Адæмы хъуыды у – цад хъуамæ уа, йæ алфæмблай та уа хæрзарæзт, цæмæй афæдзы алы афон дæр суа адæмы уарзон æмæ æдас бынат.

                   УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.