Æрвылаз дæр ирон æвзаджы бæрæгбон фæнысан кæнæм 15 майы, уымæн æмæ уæд 1899 азы Къостайы æнæмæлгæ чиныг «Ирон фæндыр».

Анахарсисы номыл национ библиотекæйы кусджытæ бацæттæ кодтой цымыдисон литературон-музыкалон изæр «Ирон æвзаг – нæ фидар гæнах», зæгъгæ, ахæм номимæ.  Фæхуыдтой йæм Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты ирон литературæйы историйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацыры, журнал «Фидиуæджы» редактор Годжыцаты Неллийы, поэт Хуыджеты Азæйы, республикон библиотекæты кусджыт, скъолаты ахуыргæнджытæ.

«Бæрæгбонæн стыр нысаниуæг ис ирон адæмы царды, уый нын дæтты фадат æмæ стыр авналæнтæ, цæмæй нæ чысыл Ирыстоны алчи дæр дзура йæ мадæлон æвзагыл, æмæ йæ ма бауадза цудын. Ирон литературæ йæ фæзындæй абоны онг æххæст кæны Къостайы фæдзæхстытæ, æнгом бæтты нæ республикæйы адæмты. Бæрæгбон иу бон нæ вæййы, ирон æвзаджы бæрæгбон алы ирон адæймагæн дæр хъуамæ уа æрвылбонон. Ирон æвзаджы хъысмæт у не ‘ппæтæй аразгæ. Махæй алчидæр хъуамæ тырна нæ ирон æвзагыл йæ хъуыдытæ æмæ зæрдæйы фæндтæ дзурынмæ, уæд зондзыстæм не ‘взаг, уæд нæ бон уыдзæн не ‘взаджы бæрзонд сисын æмæ йын æгъдау кæнын» – ахæм ныхасæй Плиты Гацыр банысан кодта Ирон æвзаджы Боны стыр нысаниуæг æмæ загъта… Наци йе ‘взаг æмæ æгъдæуттæй наци у æмæ уый хъуамæ ма рох кæнæм. Студент куы уыдтæн, никуы никæмæй фехъуыстон, зæгъгæ не ‘взаг мæлы. Абон æй арæх фехъусæн ис. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы уавæрæн ис иу стыр аххосаг æмæ уый дæр дуг, рæстæгыл баст у. Нæ хæххон хъæутæ федзæрæг сты æд скъолатæ. Æвзаджы ратæдзæнтæ уырдыгæй уыдысты æмæ уый тынг фæзынд абон цы ахсджиаг фарстыл дзурæм, ууыл. Фæлæ стыр бузныг не скъолаты ахуыргæнджытæн, уыдон æппæт тыхтæй архайынц, цæмæй нæ Ирыстонæн хъомыл кæной аккаг кæстæрты. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын мадзалы организатортæн дæр, ирондзинад кæй нæ рох кæнынц æмæ йæ кæддæриддæр фыццаг бынаты кæй æвæрынц, уый тыххæй», – банысан кодта Плиты Гацыр.

Ирон æвзаг кæд йæ историйы фæндагыл стыр зындзинæдтæ бавзæрста,  уæддæр нæ фыдæлтæй махмæ æрхæццæ хъæздыг æмæ рæсугъдæй. Ирон æвзаг у, нæ фыдæлтæ се ‘рвылбонон царды цы æвзагыл дзырдтой, ныййарæг мад-иу йæ хъæбулæн  авдæнмæ зарæг цы æвзагыл зарыд, ирон фынджы уæлхъус, ирон хистæр дзуапп цы æвзагыл лæвæрдта, ахæм æндон æвзаг.

Журнал «Фидиуæджы» редактор Годжыцаты Неллийы хъуыдымæ гæсгæ кæд ирон æвзаг зын фæндæгтыл рацыд, уæддæр уымæн мæлæн нæй, уымæн æмæ ирон æвзаджы авналæнтæ абоны хуызæн уæрæх никуы уыдысты. «Компьютерон технологиимæ цыдæриддæр баст æмбарынæдтæ ис, уыдон дæр тæлмацгонд æрцыдысты иронау æмæ сæ интернет хызæджы ныридæгæн пайда кæнынц. Æмæ уый ууыл дзурæг у æмæ ацы хъуыддаджы дæр ирон æвзаг къуылымпы нæ кæны. Æгæрыстæмæй, нæ паддзахады Конституци дæр тæлмац æрцыдис ирон æвзагмæ, йæ терминтæ тæлмац куы æрцыдысты, уæд барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ загътой, зæгъгæ, йыл мах хъуыды дæр никуы акодтаиккам æмæ ахæм зын терминтæ ирон æвзагмæ раивæн уыдис», – загъта Годжыцаты Нелли.

Ирон æвзагыл фыстой, фыссынц æмæ фысдзысты сæ зæрдæты æнкъарæнтæ нæ фысджытæ. Уыдон мадæлон æвзаг барынц ныййарæг мадимæ, уалдзæгимæ. Ирон æвзаджы тыххæй æмдзæвгæтæ аив бакастысты бибиотекæйы кусджытæ. Ирон æвзагмæ уарзондзинад равдыстой 2-æм æмæ 6-æм скъолаты ахуыргæнинæгтæ дæр æмæ бакастысты зынгæ ирон фысджыты æмдзæвгæтæ.

Музыкалон изæры хайад райстой хореографион скъола-студийы кафæггæнджытæ, сæ аивадон къухдариуæггæнæг Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы сгуыхт артист Майя Четион æмæ Хуыцъейы культурæйы хæдзары вокалон къорд «Нартæ», сæ аивадон къухдариуæггæнæг Хуыгаты Геннадийы сæргълæудæй.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.