Нæ мадæлон æвзаг у нæ царды бындур. Фыдæлтæй фæстæмæ ирон адæмæн сæ цардвæндаг æнцон никуы уыд. Бирæ-иу сæ нал хъуыд бынсæфт фæуынмæ. Фæлæ нæ фыдæлтæ бахъахъхъæдтой се ‘взаг, фæлтæрæй-фæлтæрмæ йæ фæхастой æмæ йæ æрхæццæ кодтой абоны онг сæ диссаджы æгъдæуттимæ. Не ‘взаг махæн канд дзурынæн нæу, уый махæн у нæ удварны ахсджиагдæр хæзна, кæ культурæ, нæ фарн.

Мадæлон æвзагæн ис йæхи хъысмæт, уый нæм æрхæццæ скъифтæ, сæрмæттæ, аланты дугæй. Нæ адæмау уый дæр фæцыдис йæ историйы вазыгджын фæндæгтыл, фæлæ уæддæр мæлын нæ бакуымдта, уымæн æмæ историйы фыдæвзарæнтæн сæттын нæ бакуымдтой, чи йыл дзырдтой, уыцы адæм – нæ фыдæлтæ.

Адæмæн кæд раздæр сæхи æвзаг фаг уыдис, цæмæй сæхицæн цардаиккой,  уæд ныры – глобализацийы дуджы уый фаг нал у, адæм кæрæдзийы ‘хсæн змæлынц, æмæ хъæуы æндæр, тыхджындæр æвзæгтæ зонын. Афтæмæй ныртæккæ чысылдæр æвзæгты хъысмæт бæллиццаг нæу. Ууыл дзурæг у, ЮНЕСКО  кæй ныммыхуыр кодта уыцы номхыгъд, кæцымæ хаст æрцыд фесæфынæй тас кæмæн у, уыцы æвзæгтæ. Хъыгагæн, се ‘хсæн ис ирон æвзаг дæр. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ мах хъæуы æппæт фæрæзтæ æмæ фадæттæй спайда кæнын, цæмæй нæ царды мадæлон æв-загæн уа аккаг бынат. Ахæм рæстæг у, æмæ æмдыхæй, æмзондæй хъуамæ фидар хæцæм кæрæдзийыл, не ‘взагыл, не ‘гъдæуттыл.

Нæ паддзахады ‘рдыгæй скъолаты æмæ рæвдауæндæтты ирон æвзагмæ  фылдæр хъусдард здæхт цæуы йæ амонынмæ. Уагъд цæуынц  ахуыргæнæн æмæ методикон чингуытæ. Уæлдайдæр та уый зыны хъомылгæнджытæ, ахуыргæнджытæн сæ куысты фæстиуæгыл. Рæвдауæндæтты сабитæ  иронау  сыгъдæг фæдзурынц æмæ уый  арфæйаг хъуыддаг у. Фæлæ, хъыгагæн, бирæ бинонтæ ацы хъуыддагмæ кæсынц уæлæнгай цæстæй. Цæуылнæ  хъуамæ дзура алы ныййарæг дæр йæ хъæбулмæ йæ мадæлон æвзагыл?

Ирон бинонты ‘хсæн бирæтæ нæ пайда кæнынц мадæлон æвзагæй, сæ сывæл-лæттæм дзурынц уырыссаг æвзагыл, сæ сæрмæ нæ хæссынц сæ ирон æвзаг.  Ахæм ныййарджытæ ис æмæ уырыссаг æвзаг сæхæдæг рæстмæ зонгæ дæр нæ кæнынц, афтæмæй цъæррæмыхстытæгæнгæ сæ сывæллæттимæ фæдзурынц. Уый адыл сывæллон нæдæр йæ мадæлон æвзагыл фæдзуры æдæрсгæйæ, нæдæр уырыссагау, æмæ сæ сывæллæтты фыдæбонæй марынц. Сывæллон чысылæй фæстæмæ куы нæ ахуыр кæна ирон æвзаг уæд сафы ирон æгъдау, ирондзинад, ирон культурæ.

Йе ‘взаг чи нæ зоны æмæ уарзы уымæн йæ адæмы ‘хсæн зын цæрæн у, æцæгæлон сын у. Уымæн æмæ йæ нæ хъæуы йе ‘взаг, йе ‘гъдæуттыл былысчъилтæ. Не ‘взаг куы амæла, уæд æнæ фесæфгæ нæй нæ адæмæн дæр. Уый алчидæр зоны, фæлæ алчи нæ аразы, уымæй цы кæнгæ у, уый – дзурыныл кæй хъæуы, уарзын æй кæй хъæуы.

Уый у махæй алкæй хæс дæр æмæ йæ хъæуы æрмæстдæр æххæст кæнын. Уымæ гæсгæ хистæрæй-кæстæрæй, нæлгоймагæй-сылгоймагæй бахъахъхъæнæм нæ ирон æвзаг бинонты, хъæубæсты, сыхбæсты. Уымæн æмæ æнæ мадæлон æвзаг уæвæн нæй нæ кадæн, нæ фарнæн, нæ цардаразæг æгъдæуттæн.

                                                                              ÆЛБОРТЫ Агуындæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.