12-13-æм октябры Ставрополы крайы уагъд æрцыд чемпионат каратэйæ. Уым хайад истой спорты мастертæм кандидаттæ Дудайты Донна æмæ Гаглойты Дианæ. Афтæ ма дзы Хуссар Ирыстонæй архайдта Тадтаты Софья дæр.

Спортсменты тренер Созайты Владимир куыд фехъусын кодта, афтæмæй уыцы ерыстæй сыгъзæрин майдантимæ æрыздæхтысты Дудайты Донна æмæ Тадтаты Софья. Гаглойты Дианæ та ссис æвзист призер. Уый ма загъта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæй ерысты хъуамæ хайад райстаиккой аст спортсмены, фæлæ транспорт кæй нæ уыд, уый аххосæй иннæ спортсментæн фадат нæ фæцис ерыстæм бахауын.

«Ерыстæ уыдысты Уæрæсейы чемпионатмæ цæттæгæнæн этап, кæцы уагъд цæудзæнис 25-æм октябры Ульяновскы. Ставрополы ерысты рæстæджы Хуссар Ирыстоны каратистты командæйыл сæмбæлдысты бынæттон ирон æхсæнады минæвæрттæ. Ставрополы ерыстæ арæх вæййы æмæ æрвылхатт дæр не ‘мирон адæм – Сæрмагонд нысаниуæджы къорд «Альфа»-йы ветеранты æхсæнадæмон ассоциацийы  президент Гайты Георги æмæ Ставрополы  æмхæццæ  тохы клубы директор Бабаты Тамерлан цытджын æгъдауæй фембæлынц спортсментыл. Ныр дæр та уыдон командæйы уæнгтæй дæсæн балæвар кодтой 2020 азы сæрды Сочийы спортивон комплексы иу мæйы æм-гъуыдмæ улæфынмæ балцæгтæ», – зæгъы Созайты Владимир.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.