22-23 октябры та радон хатт Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзæнгтæ æмæ сывæллæтты спортивон скъолайы каратэйы кекусин-каны хуызы тренер Созайты Владимиры хъомылгæнинæгтæ хайад райстой Ставрополы уагъдцæуæг ерысты. Ерысты ма хайад райстой Цæгат Кавказы республикæтæ, Цæцæны æмæ Красноярскы командæтæ. Ставрополы командæтæ – 145 спортсменæй. Хуссар Ирыстоны командæйæ ам хайад райстой 7 спортсмены. Уыдонæй 6 сты кæстæр кары хъомылгæнинæджы æмæ иу та хистæр кары  хъомылгæнинаг. Коцты Рудольф кæд æртæ азы нæ тренировкæ кодта, уæддæр уый иу къуырийы æмгъуыдмæ бацæттæ кодта æмæ равдыста тынг хорз æнтыст. Созайты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй Рудольф йæ ныхмæлæуджытыл кæд нæ фæуæлахиз ис, уæддæр равдыста хорз спортивон цæттæдзинад. Дарддæр дæр уый хорз бакусдзæн йæхиуыл æмæ йæ бон суыдзæн хуыздæр æнтыстытæ равдисын. Хуссарирыстойнаг командæйы иннæ спортсментæ дæр равдыстой хорз цæттæдзинад, фæлæ уыдонæй призон бынат ничи рамбылдта. Тренеры ныхæстæм гæсгæ Гаглойты Дианæ кæд фæуæлахиз йæ ныхмæлæуджытыл, уæддæр тæрхонгæнджытæ раст кæй не стæрхон кодтой,  уый фæстиуæгæн нæ райста æмбæлон бынат. Уый хыгъд нæ командæйæн бронзæ майдан рамбылдта æвзонг каратисткæ Дудайты Доннæ. Доннæ архайдта 12-13 азы кары къорды 40-50 кг. уæзы категорийы. Уый цыппар ныхмæлæууæгæй фембылд æрмæстдæр сæ иуæн æмæ ссис æртыккаг бынаты призер. Доннæйы уæлахиз нымад æрцыд, куыд сыгъдæг уæлахиз, уымæн æмæ йæ ныхмæлæууæджы рамбылдта фыццаг 10 секундмæ. Доннæ рамбылдта бронзæ майдан æмæ ма йæ йæ сыгъдæг уæлахизы тыххæй тæрхонгæнджытæ схорзæхджын кодтой «Иппон»-грамотæйæ (фыццаг секундты сыгъдæг уæлахизы грамотæ). Ацы ерысты хатдзæгты фæстиуджытæм гæсгæ Дудайты Доннæйæн лæвæрд æрцæудзæн каратэйы кекусин-каны хуызы фыццаг спортивон къæпхæн.

Созайты Владимир куыд загъта, афтæмæй æрыгон спортсментæ цæттæ кæнынц 19 ноябры Краснодары крайы станицæ Отраднаяйы уагъдцæуæг ерысты фыццагадмæ.

«Махæн тынг арæх вæййы финансон проблемæтæ ерыстæм цæугæйæ æмæ уый тыххæй арæх бахатæм республикæйы алыгъуызон организацитæм, цæмæй нын бакæной спонсорон æххуыс. Мах бузныг зæгъæм фæндагон-цалцæггæнæн æмæ арæзтадон фирмæ «Дорэкспострой»-ы сæргълæууæг Лалыты Муратæн, ацы ерыстæм цæугæйæ нын финансон æххуыс кæй бакодта, уый тыххæй. Дарддæр дæр спортсментæ архайдзысты, цæмæй сын уа æнтыстытæ  æмæ спонсортæ дæр æххуыс бакæнынмæ ма зивæг кæной», – загъта Созайты фырт.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.