Хуссар Ирыстоны зынаргъ æмбæстæгтæ!

20 майы ирон адæм нысан кæнынц нæ историйы трагикондæр бонтæй сæ иу – Зары трагеди. Хæсты хъизæмæрттæй цы адæм лыгъдысты, уыдоныл туджы зæй рауадзын, æнæаххос сывæллæтты, хистæр кары адæймæгты, сылгоймæгты амарын у уæззау фыдракæнд, кæцыйы нæ адæмæн нæй бар æмæ йæ ферох кæной, ныббарой йæ, кæцы æнустæм адæмы зæрдæты баззайдзæн, байгасгæнæн кæмæн нæй, ахæм хъæдгомæй. Мах нæ зæрдыл дардзыстæм æмæ мысдзыстæм æнæаххосджын фæмардуæвджыты рухс нæмттæ. Адæймаджы хуызы тугдзых сырдтæм нæ фыдæхдзинад уыдзæн æнустæм, кæцытæ сарæзтой ахæм сау фыдракæнд.

Фæлæ æгъатыр знаг куыд æнхъæлдта, афтæ нæ рауад, ацы фыдбылыз нæ адæмы тырнындзинад æмæ удварны нæ басаста, уый нæ тынгдæр æрбангом кодта æмæ нын радта рæстдзинадыл, хи тыхтыл кæй уыдзæн, хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады сæрыл тохы ныфс.

Не знæгты æппæт æртхъирæнтæм нæ кæсгæйæ, мах хъуамæ размæ цæуæм фидарæй, динамиконæй рæзын кæнæм нæ паддзахаддзинад, йæ хæдбардзинад ын фидар кæнæм, кусæм æмæ аразæм царды æппæтдæр, республикæйы дидинæфтыды сæраппонд.

Мах æппæтдæр араздзыстæм, цæмæй ахæм фыдракæнд макуыуал æрцæуа, нæ сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, хистæр кары адæм цæрой сабырæй æмæ амондджынæй.

Мæ зæрдæ уын зæгъы сабырад, хорздзинад æмæ дидинæфтыд.

                        Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар ÆЛБОРТЫ Алан

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.