29 сентябры Сухумы фембæлдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Республикæ Абхазы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Инал Ардзинба.
Джиоты Æхсар бузныг загъта фысымтæн, зæрдиагæй сæ кæй райстой, уый тыххæй æмæ Абхазы адæмæн раарфæ кодта Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы боны цытæн, загъта сын сæрибардзинад, дидинæфтыд æмæ дарддæры уæлахизты фæндиæгтæ.
Йæ рады Инал Ардзинба банысан кодта абхазаг адæмæн нысаниуæгджын боны цытджын мадзæлтты æфсымæрон Хуссар Ирыстоны делегацийы хайадисты ахсджиагдзинад.
Фембæлды рæстæджы министртæ уынаффæ кодтой Фæскавказы æдасдзинады уавæрыл, Женевæйаг дискусситæ куыд цæуынц, ууыл æмæ дыууæварсон ахастыты æндæр аспекттыл. Банысан кодтой Фæскавказы вазыгджын геополитикон уавæрты дыууæварсон диалоджы активизацийы ахсджиагдзинад.
РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад