Уагъд æрцыдысты хуссарирыстойнаг æнæпрофессионалон футболон къорды 6-æм туры хъæзтытæ. Турнир стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кодта мини-футбол уарзджытæм. Хайад дзы исы 10 командæйы. Хъæзтытæ уагъд цæуынц æрвылхуыцаубоны Республикон комплексон спортивон скъолайы.

6-æм туры сæйраг хъазты фембæлдысты турниры лидертæ «Массив» æмæ «Дыргвис»-ы командæтæ. Хуыздæр цæттæ разындысты «Массив»-ы хъазджытæ æмæ фæуæлахиз сты. Командæ дарддæр дæр никæмæн хъавы фыццаг бынат радтын.

Æнæпрофессионалон футболон къорды чемпионат райдыдта декабры райдианы. Социалон хызæг телеграмм-каналы йын арæзт æрцыд йæхи фарс. Уым æвæрд æрцæуынц хъæзтыты къæлиндар, хъæзтыты фæстиуджытæ, бакъуырд голты видеокадртæ, уагъд æрцæуынц бафарстытæ.

Турниры ма бæрæг æрцæудзæн хуыздæр бомбардир дæр. Ныртæккæ уал иууыл фылдæр голтæ бакъуырдта «Дыргуис»-ы командæйы хъазæг Хъодалаты Иосиф. Уый æхсæз хъазты дæргъы расгуыхт 26 хатты.

 

ГРЕКЪАГ-РОМАГ ХЪÆБЫСХÆСТ

Хъæбæлоты Витали ссис грекаг-ромаг хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзау. Уый 55 кг уæзы категорийы финалы фæуæлахиз Краснодары крайы минæвар Амаяк Осиповыл. Афтæмæй Витали ссис Уæрæсейы 5-хатты чемпион.

 

РОГ АТЛЕТИКÆ

Хуссарирыстойнаг спортсментæ æртæ майданы рамбылдтой рог атлетикæйæ Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Стъавраполы. Хистæр кары спортсменты ‘хсæн барьертимæ 60 метры дæрццæгмæ лидзынæй дыккаг бынат бацахста Уалыты Сослан. Ацы дисциплинæйы 16-аздзыд спортсменты ‘хсæн æвзист майдан рамбылдта Джиоты Марат. 200 метрмæ лидзынæй та бацахста æртыккаг бынат.

18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн ядро æппарынæй æртыккаг бынат бацахста Наниты Давид.

Хуриты Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.