Уагъд æрцыдысты мини-футболæй Æнæпрофессионалон футболон  къорды  чемпионаты  7-æм туры хъæзтытæ. Туры сæйраг хъазты фембæлдысты командæ «Массив», кæцы 18 очкоимæ цыд фыццаг бынатыл, æмæ Хъахъхъæнынады министрады командæ, кæцы æрæмбырд кодта æртæ очкойы къаддæр æмæ цыд дыккаг бынатыл. Ацы фембæлдæй скъуыддзаг цыд чемпионаты уæлахиздзауы хъысмæт. Хъазт райдыдта «Массив»-ы хъазджыты активон атакæтæй æмæ сын уыд хорз фæстиуæг. 4-æм минутыл «Массив»-ы лидер Джиоты Аланæн бантыст хыгъд байгом кæнын. Уый ма дæс минуты фæстæдæр сарæзта дубль. Хъазты фыццаг æмбисы кæрон Хъахъхъæнынады министрадæн бантыст иу дзуаппон пурти бакъуырын. Уыцы хъуыддаг сын сæ командæйы хъазджыты сразæнгард кодта стыр тыхтæй размæ абырсынмæ. Райдыдтой хуыздæр хъазын. Спортуарзджытæм афæт каст, ома,  хыгъд дæр сæмхуызон кæндызсты, фæлæ цалдæр минутмæ «Массив»-ы дыууæ фæстиуæгджын контратакæйы рæстæджы бауагътой дыууæ голы. Нырма расгуыхт Плиты Георги, стæй та Кокойты Эдуард. Уыцы хъуыддагæн Хъахъхъæнынады министрад сдзуапп кодта иварон цæф – Бекъойты Олегы бакъуырд пуртийæ. Фæлæ та иу минут дæр нæ рацыд, афтæмæй та ногæй хыгъды хицæндзинад ссис æртæ пуртийы. Фæстиуæгджын та рауад Джиоты Аланы архайд. Йæ пасæй пурти ныхмæлæууæг командæйы къулдуары бакъуырдта Плиты Георги. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Джиоты Алан нымад кæй æрцыд ацы фембæлды хуыздæр хъазæгыл.

Хъазт фæцис 5:2 хыгъдæй «Массив»-ы пайдайæн, æмæ чемпионаты кæронмæ дыууæ туры раздæр ссис турниры уæлахиздзау.

«Массив»-ы уæлахизы фæстæ сæйраг тох ныр цæудзæн дыккаг бынат бацахсыныл, кæцы фадат дæтты Ирыстоны Супер Кубокыл тох кæнынæн. Уым архайдзысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны Æнæпрофессионалон футболон къордты чемпионатты фыццаг дыууæ бынат бацахсæг командæтæ.

Ныр æвзист призер суæвыны сæйраг претенденттæ сты Хъахъхъæнынады министрады æмæ  «Дыргвис»-ы командæтæ,  кæцы 7-æм туры 8:3 хыгъдæй фæуæлахиз «Дменис»-ыл. Чемпионаты кæронмæ ма баззад дыууæ туры. Тох цæудзæн хуыздæр бомбардиры номыл дæр. Фыццаг бынатыл дарддæр дæр цæуы «Дыргвис»-ы размæбырсæг Хъодалаты Иосиф. Уый ныхмæлæууæг командæты къулдары бакъуырдта 29 пуртийы. Уымæй дыууæ пурти къаддæр бакъуырдта «REARS»-ы размæбырсæг Гуыбаты Хетæг. Хорз шанстæ ма ис «БАРС»-ы командæйы хъазæг Цхуырбаты Русланæн, кæцы расгуыхт 21 хатты.

 

ДЗЮДО

Ирон дзюдоист Тасойты Инал фæуæлахиз Португалийы Гран-прийы этапы. +100 кг уæзы категорийы архайгæйæ, Инал финалы фæуæлахиз хуссаркорейаг спортсмен Ким Мин Чоныл, кæцыйæн фæхæрд 2022 азы декабры мæйы «Большой шлем»-ы турниры. Афтæмæй ирон богалæн бантыст реванш райсын. Финалмæ цæугæйæ, Инал рамбылдта Германы минæвар Абрамовы, корейаг Юны, узбекистайнаг Бахтиоровы æмæ Уæрæсейы æмбырдгонды иннæ спортсмен Тамерлан Башаевы.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Красноярскы кæронмæ бахæццæ уæгъдибар хъæбысхæстæй дунеон турнир – Иван Ярыгины Кубок. 86 кг уæзы категорийы ерысты уæлахиздзау ссис Найфонты Артур. Уый финалы 3:1 хыгъдæй рамбылдта иннæ ирон богал Багаты Арсланы. 74 кг уæзы категорийы та дыккаг бынат бацахста Байты Давид.

Сылгоймæгты ‘хсæн та 65 кг уæзы категорийы дыккаг бынат бацахста Танделаты Аминæ.

Фæстаг рæстæджы ирон богалты бæрæггæнæнтæ катайы æппарынц ирон спортуарзджыты. Ноджы мæгуыраудæр бæрæггæнæнтæ æвдисынц æвзонг хъæбысæйхæцджытæ.

Зæгъæм, ивгъуыд аз Красноярскы ирон богалтæн бантыст æртæ сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ авд бронзæ майданы рамбулын. 2022 азы та – æртæ сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ цыппар бронзæ майданы.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.