ЦЫ У ХОЛОКОСТ?

Холокост у Дыккаг дунеон хæсты рæстæджы дзуттæгты дзыллон геноцид. Геноциды амæттæгты иумиаг нымæц у 6 милуан адæймаджы, ома, Европæйы дзуттаг цæрджыты дыууæ æртыккаг хай. Кæд æмæ 1939 азы дунейы уыд 17 милуан дзуттаджы, уæд ма уыдонæй 1945 азмæ баззад 11 милуан адæймаджы. Ныртæккæ дунейы цæры 16,5 милуан дзуттаджы. Куынæг цыдысты æрмæст дзуттæгтæ нæ, фæлæ æххæст адæймæгтыл кæй нæ нымадтой, ахæм нацитæ дæр. Куыд, зæгъæм, цыгайнæгтæ, еништæ æмæ æндæртæ. Амардтой милуанæй фылдæр цыгайнаджы, психикон рынчынтæ æмæ инвалидты нымæц та раст нымад нæу.

12 азы дæргъы Германы нацисттæ æмæ алы бæстæтæй се ‘мцæдисонтæ фæлвæрдтой æнæхъæн наци – дзуттæгты – æххæстæй скуынæг кæнынмæ. Гитлер дзуттæгты цæмæннæ уарзта, уый тыххæй историктæ быцæу кæнынц  абоны онг дæр. Хицауадмæ æрцæугæйæ, фюрер йæ разы æрæвæрдта дзуттæгты кæронмæ скуынæг кæныны хæс. 1933 азæй 1944 азмæ нацисттæ куынæг кодтой полякты, цыгайнæгты, азийæгты, африкæйæгты, Германы цæрæг негрты, советон æфсæддон уацайрæгты æмæ афтæ дарддæр.

 

КÆД РАЙДЫДТА

ХОЛОКОСТ?

Алцыдæр райдыдта 1938 азы 9-æм ноябры. Уыцы æхсæв историмæ бацыд куыд «Хрустальная ночь» кæнæ та «Ночь разбитого стекла». Æппæт Германы æмæ Австрийы нацисттæ бырстой дзуттаг  æхсæнадтæм. Уыдон ныппырх кодтой æмæ басыгътой иу мин синагогы æмæ 7 мин дзуттаг куыстуаты, афтæ ма ныппырх кодтой дзуттаг рынчындæтты, скъолаты, уæлмæрдты, хæдзæртты. Амардтой 96 мин дзуттаджы æмæ 30 мины та æрцахстой. Фæстæдæр финансты министрад сконфискаци кодта æп-пæт дзуттæгты хисæрмагонд исбоны.

 

КОНЦЕНТРАЦИОН ЛАГЕРТÆ

Лагертæ уыдысты цалдæр хуызы: куысты æмæ тыхбыны куысты лагертæ, транзитон æмæ æфсæддон уацайрæгты лагертæ. Уыдонæй иу уыд æрмæстдæр концентрацион лагерь. 1941 азæй фашисттæ аразын райдыдтой мæлæты лагертæ, «мæлæты фабрикæтæ», кæцыты иунæг нысан уыд европæйаг дзуттæгты марын. Уый тыххæй уыдон ифтонг цыдысты газы камерæтæ æмæ крематоритæй. Лагертæ уыдысты Скæсæн Европæйы территорийыл, сæйраджыдæр та Польшæйы. Уыдонæй иууыл зындгонддæр у Освенцим, кæцыйы комплексы амардтой иу милуан адæймагæй фылдæр. Комплексы уыд æртæ егъау лагеры: Освенцим, Биркенау æмæ Моновиц.

Кæд æмæ-иу цахæмдæр аххосæгтæм гæсгæ дзуттæгтæ уайтагъд куынæг не ‘рцыдысты, уæд-иу сæ бакодтой зындгонд геттотæм, цыран уыдон мардысты æххормагæй æмæ алы низтæй. Ахæмтæн сæ егъаудæрыл нымад цыд Варшавæйы гетто. Уым 3,3 квадратон километры территорийыл дардтой 445 мин адæймаджы. Уыцы рæстæджы, 1941 азы сентябры, иууыл фылдæр дзуттæгты амардтой Киевы горæтгæрон. Бабий Яры дыууæ бонмæ немыцæгтæ æмæ украинæйаг коллаборационисттæ фехстой 33700 адæймаджы.

1942 азы 20 январы уыд Ванзейскаг конференци, цыран нацистон лидертæ кæронмæ аскъуыддзаг кодтой дзуттæгты фарст. Конференцийы ист æрцыд программæ æппæт Европæйы дзуттаг цæрджыты геноциды тыххæй. Æхсгæ сæ нал кодтаиккой, фæлæ хуыздæрыл банымадтой газы камерæтæ. Холокосты амæттæгтæн сæ фылдæр уыдысты сылгоймæгтæ. Фыццаг рады газы камерæтæм æрвыстой мæдты сæ чысыл сабитимæ. Иууыл диссаг та уый уыд æмæ немыцаг фермертæ хъацæнты хуызы кæй пайда кодтой, уацайрæгты концлагерты пецты кæй басыгътой, уыдоны фæныкæй. Æгæрыстæмæй, фæмардуæвджыты сæрыхъуынтæй дæр пайда кодтой нацисттæ, арæзтой сæ науты,  бæндæнтæ, нымæттæ. Æрмæст Одессæйы областы (Ук-раинæ) 3 азмæ скуынæг кодтой 350 мин дзуттаджы. Дзуттæгты геттоты ликвидацийы рæстæджы  уыд 100 растадæй фылдæр. Сæ иууыл стырдæр уыд 1943 азы майы Варша-вæйы. Уый ссис фæстаг тох мингай адæймæгтæн. Уым удæгасæй чи аирвæзт, уыдоны раластой концлагертæм, цыран сæ фылдæр амардысты. Холокосты амæттæгты ‘хсæн уыдысты зынгæ адæймæгтæ дæр.

Фыццаг егъау концлагерь, кæцыйы ссæрибар кодтой советон æфсæдтæ, ссис Майданек, кæцы ис польшæйаг горæт Люблинмæ хæстæг. Уацайрæгтæй бирæтæ сæрæгасæй нæ баззадысты се ссæрибар кæныны фæстæ дæр. Нал-иу скуыста сæ хæлцтайынгæнæн системæ æмæ афтæмæй мардысты. Абоны онг дæр Холокосты амæттæгтæй 1 милуан адæймаджы нымад цæуынц æбæрæгæй сæфтытыл, уымæн æмæ хæсты кæрон немыцæгтæ куынæг кодтой дзуттæгты æппæт документтæ. Зын бауырнæн у, фæлæ, æгæрыстæмæй, уыцы рæстæджы уæвынад кодтой ахæм европæйаг бæстæтæ, цыран дзуттæгты нæ бахъыгдæрдтой. Зæгъæм, Данийы организацигонд æрцыд дзуттæгты дзыллон рацыд нейтралон Швецимæ. Польшæйы дыууæ дохтыры мæлæтæй аирвæзын кодтой 8 мин дзуттаджы. Уыдон фехъусын кодтой, зæгъгæ, горæты стыхджын тифы эпидеми æмæ уымæй амардысты. Сæхи цардæн тæссаг уавæрты дзуттæгты чи ирвæзын кодта, уыцы хъайтартæн се ‘ппæтæн дæр Хъаймæт æмæ хъайтардзинады Израилы институты фæндонмæ гæсгæ лæвæрд æрцыдысты «Праведники народов мира»-йы кадджын нæмттæ. 2016 азы райдианмæ ацы кадджын ном лæвæрд æрцыд 51 бæстæйы 26119 адæймагæн.

27 январь нымад цæуы Холокосты амæттæгты дунеон боныл. Уыцы бон 1945 азы Сырх æфсады дæлхæйттæ ссæрибар кодтой нацистон концлагертæй иууыл тæссагдæр Освенцимы лагерь. Холокосты рæстæджы фæмардуæвджыты мысынады нысанæн Израилы арæзт æрцыд масштабон мемориал Яд ва-Шем, кæцы ис Иерусалимы Мысæн Хохы. Яд ва-Шем у, дунейы иууыл фылдæр адæм кæдæм цæуынц, ахæм музейтæй сæ иу. Холокосты рæстæджы фыдракæндтæ саразыны тыххæй мæлæты тæрхон рахастæуыд 5 мин нацистæн, ноджы ма 10 мин нацистæн та рахастой ахæстоны фæбадыны тæрхон.

1942 азы Европæ зыдта Холокосты тыххæй, фæлæ ницы дзырдта æмæ арæзта. Венгрийы æппæт территорийæ дзуттæгты ластой Дунайы донбылгæрæттæм. Уырдыгæй сæ æрвыстой концлагертæм сæ дзабыртæ-иу сын раласын кодтой, афтæмæй. Арæх-иу бæгъæмвад адæймæгты æхстой æмæ сæ æппæрстой Дунаймæ. 2005 азы Дунайы дон-былгæрон арæзт æрцыд «Самый пронзительный памятник мира», зæгъгæ.

Советон салдаттæ 1944 азы 23 июлы ссæрибар кодтой Майденак. Дунейы бæстæты нæ уырныдта, уым цы диссæгтæ ссардтой, уый. Ахæм лагерты уыд конвейертæ, кæцытæ-иу фæнык фестын кодта цалдæр мин адæймаджы иу суткæмæ. Холокосты 12 азы дæргъы крематориты басыгъдæуыд, фехстæуыд æмæ газы камерæты фæхуыдуг кодтой 11 милуан адæймаджы, уыдонæй, куыд загътам, афтæмæй 6 милуан уыдысты дзуттæгтæ. Холокосты амæттæгтæ систы 1,1 милуан сывæллоны.

Ис ахæм цалдæр цауы дæр, Холокосты рæстæджы хиуæттæ куы фесæфтой кæрæдзийы, фæлæ  фембæлдысты цалдæр дæс азы фæстæ.

Æрмæгыл бакуыста

ДЗЕБЫСАТЫ Гуло

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.