31 январæй 7 февралмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыд цыппар фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис æртæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудта иу адæймаг.

Алыгъуызон бархалыны фӕ-дыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдис иу æмбæстаг.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 411 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 3 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

31 январы сихорафон милицимæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, Цхинвалы районы Хъуыриайы хъæуы ссыгъд клуб. Бынатмæ æвæстиуатæй ацыдысты зынгхуыссынгæнæн службæйы кусджытæ, фæлæ се ссыдмæ бæс-тыхай басыгъд.

2 февралы горæт Санкт-Петербурджы барадхъахъхъæнæг органтæ æрцахстой 43-аздзыд хуссарирыстойнаг æмбæстаджы, кæцыйы агуырдтой Уголовон кодексы 162 статьямæ гæсгæ æмæ 18 азы дæргъы æмбæхст Уæрæсейы территорийыл. Ацы фыдгæнæг 2004 азы Цхинвалы цалдæр æмбалимæ бабырста кафемæ æмæ æхсæнгæрзтæй спайда кæнгæйæ, байстой дыууæ автомашинæйы æмæ бирæ æхцайы фæрæзтæ. Фыдгæнджытæ кæй фехстой æхсæнгарзæй, уыдонæй иуы бахъуыд уæззау операци саразын, кæцыйы фæстиуæгæн ын ралыг кодтой йæ къах. Ныр милицийы Иумæйаг информацион-координацион центр йæ уæрæсейаг коллегæтимæ æмархайд кæй кæнынц, уымæ гæсгæ сбæлвырд кодтой ацы фыдгæнæджы æмæ йæ æрцахстой. Æввахс рæстæджы скъуыддзаг æрцæудзæнис экстрадицийы фарст дæр æмæ ахст адæймаджы æрласдзысты Хуссар Ирыстонмæ закъоны раз сдзуапп кæнынмæ.

Арæнхъахъхъæнæн службæйы кусджытæ Знауыры районы Ногхъæуы æдзæрæг хæдзары ссардтой рæмудзæн æрмæджытæ. Бынатмæ бацыдысты сапертæ æмæ сбæлвырд кодтой, тæссаг предметтæ кæй сты 3 килограммы аммонал, цалдæр метры бæрц сæрмагонд шнур рæмудзæн куыстытæ уадзынæн, гранатæ «Ф-1» æмæ ма 120 та – 7,62 калибры нæмгуытæ.

Горæт Цхинвалы милицийы фæдагуырды кусджытæ баурæдтой 18-аздзыд бынæттон цæрæджы, кæцы спайда кодта марихуанайæ. Уымæй уæлдай ма милицийы наркотикты ӕрзылды контроль кӕныны управленийы кусджытӕ та баурæдтой горæттаг 36-аздзыд цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайда кæнынæй, фæлæ фæткхалæг нæ бакуымдта медицинон басгæрстмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.