Ногазон улæфтыты рæстæджы 30-ӕм декабрӕй 13-æм январмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  ӕрцыдис дыууæ фыдракæнды ӕмӕ  дыууæ дæр раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци дыууæ къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 419 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 10 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны фӕстиуӕгӕн бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 7 адӕймаджы.

5 январы рынчындонмæ бахаудта 23-аздзыд горæттаг цæрæг, кæцыйæн йæ уæраг уыд цæф. Милицийы кусджытæ куыд рабæрæг кодтой, афтæмæй Сталины уынгæй Мамсыраты уынгмæ азилæны æрыгон лæппуты ‘хсæн æрцыдис хъаугъа, кæцыйы рæстæджы Цхинвалы 43-аздзыд цæрæг систа пистолет æмæ дзы фехста зæхмæ. Уый фæстиуæгæн зæххæй фесхъиудта асфальты скъуыддзаг æмæ иннæ лæппуйы уæрагыл сæмбæлд. Фæткхалæгæн байстой йе  ‘хсæнгарз æмæ йæ сбадын кодтой рæстæгмæдарæн изоляторы.

Цхинвалы районы милицийы управленийы фæдагуырды кусджытæ æрцахстой 21-аздзыд горæттаг цæрæджы, кæцы 2018 азы адавта цалдæр электронадæттæн цæджындзы æмæ сæ ауæй кодта згъæрисæн пунктмæ. Йæ æнæзакъонон архайдæй ацы æмбæстаг хицауадæн зиан æрхаста 85 мин сомы.

12 январы горæты рынчындонмæ бахаудтой дыууæ адæймаджы, кӕцытӕ фӕхъӕстӕ сты туагхъӕстӕ газӕй. Дохтыртæ сын медицинон æххуыс бакодтой æмæ сæ цардæн тæссаг ницæмæйуал у.

11 январы Тъбеты хъæуы æрцыд фæндагон-транспортон цау. 40-аздзыд уæрæсейаг æфсæддон нæ сарæхст йæ автомашинæ скъæрын, ахаудта фæндаджы фæсвæд æмæ афæлдæхт. Аварийы фæстиуæгæн шофыр æмæ дыууæ бæлццоны алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.