Ирыстоны библиотекæтæ сæххæст кодтой онлайн-проект «Ирыстоны чингуыты дуне». Нымæцон хуызмæ рахастой ирон фысджыты сфæлдыстадон бынтæ. Чиныгкæсджытæ бакæсдзысты Хетæгкаты Къостайы, Малиты Георгийы, Гуырдзыбегты Блашкайы, Калоты Хазбийы, Кочысаты Мухарбеджы æмæ Кочысаты Розæйы уацмыстæ, афтæ ма алыгъуызон уацтæ, фыстæджытæ. Уымæй уæлдай библиотекæ кусы проект «Литературная карта Осетии»-йыл дæр. Бæрæг дзы кæнынц Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны литературæ ивгъуыд æмæ ныры дуджы. Æвдыст дзы цæуынц уырыссаг æмæ фæсарæйнаг фысджытæй йæ фæндаг Ирыстоныл кæмæн уыд, ирон фысджыты фæсномыгтæ, литературон премиты лауреаттæ, журналтæ æмæ рауагъдæтты иугæндтæ, стæй литературон цаутæ. Чиныгкæсджыты зонгæ кæны литературон цыртдзæвæнтимæ æмæ зæрдылдарæн бынæттимæ, цавæр уынг кæцы фыссæджы кæй ном хæссы, ссарæн дзы ис музейты æмæ библиотекæты тыххæй хъусынгæнинæгтæ.

Чиныджы нысан алкæддæр æгæрон уыд. Чиныг кæсгæйæ адæймаджы дунеæмбарынад рæзгæ кæны, зонындзинæдты суадон у. Фæлæ сæвзæры дызæрдыггаг фарста: цавæр чиныг хуыздæр кæсын у – электронон æви гæххæттыл фыстæй? Интернетæй сæ алкæй бон у бакæсын. Фæстаг рæстæджы адæм чиныгдонмæ арæх нал цæуынц. Бирæтæ фылдæр литературæ электронон хуызы кæсынц. Уый зонгæйæ, национ библиотекæйы кусджытæ архайынц чингутытæ æндæр хуызы рауадзын. Зæгъæн ис æмæ сын дæттынц 2-аг цард сканеры руаджы.  Куысты зындзинæдтæ куыннæ вæййы. Бирæ хатт сканеры сыф æнæхъæнæй нæ разыны. Уый та уымæн æмæ бирæ чингуытæ бæзджын сты, вæййы дзы бирæ сыфтæ.

Чингуытæ электронон хуызы рауагътой закъоны домæнтæм гæсгæ. Ныр хъæугæ æрмæг ссарæн æмæ бакæсæн ис интернеты. Æхсызгон ма уый у, æмæ сæрмагонгд цæстдард ирон фысджыты уацмыстæм кæй цæуы.   Уый тыххæй арæзт æрцыд электрон проект «Ирон чингуыты дуне: 100 хуыздæр чиныджы бакæс».

Хаст æрцыдысты Хетæгкаты Къоста, Кочысаты Розæ, Малиты Георги, Калоты Хазби, Джыккайты Шамил æмæ ма бирæ æндæр фысджыты уацмыстæ – литературæйы къæбицмæ стыр æвæрæн чи бахаста æмæ йæ уацмыстæ бирæ фæлтæртæн уарзон кæмæн систы, уыдон.

Ирон литературæ, йæ мадæлон æвзагыл кæсын чи уарзы, уыдоны зæрдæмæ электронон проект фæцæудзæн. Уымæй уæлдай ма сканеры рауагътой æмæ интернеты равæрдтой цымыдисаг бæстæзонæн литературæ дæр. Чингуыты дуне йæхицæн чи раргом кодта, уыдонæн æрхæсдзæн цин æмæ йæ базонгæ кæндзæн ног хабæрттимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.